15-æм февралы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры уагъд æрцыд пресс-конференци зынгæ зарæггæнæг æмæ гитарист Хъуылымбегты Сосланæн, цыран уый дзуаппытæ лæвæрдта журналистты фарстытæн.

– Cослан, кæм ахуыр кодтай æмæ дæм цы музыкалон ахуырдзинад ис, куыд райдыдта де сфæлдыстадон фæндаг?

– Æз дæн гитарист, уый размæ та архайдтон хъæбысхæстæй, фæлæ травмæ куы райстон, уый фæстæ цæгъдын райдыдтон гитарæйыл. Уыцы рæстæджы музыкалон ахуыргæнæдоны уыд гитарæйы кълас, æмæ бацыдтæн уырдæм ахуыр кæнынмæ. Фæлæ дыууæ мæйы фæстæ цыдæр аххосæгтæм гæсгæ гитарæйы кълас æхгæд æрцыд. Уый фæстæ мæ ахуыр адарддæр кодтон Дзæуджыхъæуы музыкалон ахуыргæнæндоны эстрадон джазон хайады. Уым фæцахуыр кодтон цыппæрæм курсы онг æмæ уый фæстæ ацыдтæн Мæскуымæ ахуыр кæнынмæ. 1997 азы мах сарæзтам къорд «Acoustic Magic». Ацы аз сентябры нæ къорды сырæзтыл æххæст кæны 20 азы. Гитарæмæ мæ фыццаг уарзт райхæлд Джыгкайты Æхсары зарджытæ куы фехъуыстон, уæд. Уый фæстæ мæхæдæг дæр райдыдтон фыссын зарджытæ.

– Сослан солон альбом дын ис?

– Ныридæгæн мæ альбом цæттæ у, ныртæккæ йын кусæм йæ цъарыл, уым уыдзæн 15 зарæджы. Бахастон æм Джыгкайты Æхсары зарджытæй æртæйы. Ис дзы Галуанты Людмилæйы æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ. Альбомы сты мæ авторон зарджытæ.

– Арæх вæййыс гастролты?

– Гастролты рæстæджы нæ репертуары фылдæр вæййынц латинаг зарджытæ. Сæйраджыдæр нын гастролтæ вæййы Уæрæсейы, уыдыстæм Тайланды, фæхуыдтой нæ Францмæ, Сыбырмæ, Санкт-Петербургмæ, Испанмæ. Афтæ ма арæх хайад райсæм хæрзаудæн концерты.

– Куыд бахаудтæ музыкалон проект «Голос»-мæ?

– Проектмæ хъæуы компьютерыл смс-фыстæг арвитын, байхъусдзысты дæм æмæ æмбæлон куы уай, уæд дæм фæдзурдзысты. Хъуыд дыууæ зарæджы арвитын, фæлæ æз арвыстон иу зарæг уырыссаг æвзагыл. Дыууæ къуырийы фæстæ мæм фæдзырдта фыццаг каналы редактор æмæ мын загъта, зæгъгæ, дæ хонæм проектмæ. Æз азарыдтæн авторон зарæг, иууылдæр мын загътой, мæ тембр сæ зæрдæмæ кæй фæцыд. Бар мын нæ радтой мæ музыкантты бакæнынæн. Фæндыд мæ ирон зарæг азарын, фæлæ мын уый бар дæр нæ радтой. Уым дæр ис дывæр стандарттæ.

– Де стиль куыд бæрæг кæныс? Ис дын индивидуалон стиль?

– Æз фыссын авторон музыкæ. Мæ стиль у бардон музыкæйы хуызæн. Уымæн бындурæвæрæг у Джыгкайты Æхсар. Æнæуый, мæнæн цахæмдæр сæрмагонд стиль ис. Латинаг Америкæйы музыкæйы ис тынг бирæ стилтæ, æгæрыстæмæй Кубæйы дæр ис бирæ стилтæ. Æз тырнын æппæт уыдон сахуыр кæнынмæ. Цыдæртæ райсын индиаг музыкæйæ дæр.

– Кæцы ирон поэтты сфæдыстадæй спайда кæныс?

– Мæ зæрдæмæ иууыл тынгдæр цæуы Галуанты Людмилæйы сфæлдыстад. Йе ‘мдзæвгæтыл уайтагъд ныфыссын музыкæ. Æндæр поэты сфæлдыстад дæр кæсын æмæ уарзын.

– Де ‘взонгад арвыстай Цхинвалы, ныртæккæ цæрыс Мæскуыйы. Нæ мысыс дæ райгуырæн горæты?

– Кæй зæгъын æй хъæуы, арæх æрымысын Цхинвалы, фæлæ мæнæн хорз у уым, цыран ис хорз музыкæ æмæ коллектив, цыран мæ бон у репетицитæ кæнын, рæзын.

– Алы профессийæн дæр ис йæхи цахæмдæр материалон символтæ. Куыд музыкант, афтæ дæ цы фæнды райсын?

– Мæн фæнды мæхи музыкалон студи райсын, уый у мæнæн мæ сæйраг инструмент.

– Дæ ныййарджытæ дын хорзыл банымадтой дæ равзæрст професси?

– О, æвæрццаг ахаст равдыстой мæ профессимæ.

– Ис дын цахæмдæр ориентир кæнæ эталон, кæцыйы дæ фæнды бафæзмын?

– Ис ахæм гитарист – Крис Кафри. Мæнмæ æрхаудта йемæ ныхас кæныны амонд. Уый у гениалон музыкант æмæ мын афтæ загъта: «Æз æрвылбон дæр кусын, æмæ дæуæн дæр уынаффæ кæнын, цæмæй æрвылбон дæр кусай.

– Æрвылаз дæр æрцæуыс дæ Райгуы-рæн бæстæмæ, позитивон ивындзинæдтæ уыныс нæ горæты, адæмы царды?

– Æрвылаз дæр æрцæуын мæ уарзон горæтмæ, æмæ алыхатт дæр рахатын, цард хуыздæрæй хуыздæр кæй кæны, уый. Мæ зæрдæмæ тынг цæуы ацы позитивон процесс. Дарддæр дæр афтæ куы уа, уæд алцыдæр уыдзæн хорз. Мæ хæлæрттæ дæр рахатыдтой ацы позитивон ивындзинæдтæ.

– Куы нын радзурис де сфæлдыстадон плæнтты тыххæй?

– Тынг бирæ плæнттæ мæм ис. Фæнды мæ ныффыссын альбом уырыссаг æвзагыл, уымæн æмæ мын ис ирон æвзагыл альбом.

– Тагъд рæстæджы уыдзысты президентон æвзæрстытæ, дæ фæндиæгтæ адæмæн?

– Фыццаджыдæр, адæймагдзинад æмæ кæрæдзийы не ‘фхæрын. Алы адæймагæн дæр ис хъæлæс кæныны бар. Хуыцау зæгъæд æмæ Ирыстон размæ цы цæуа.

 

* * *

Бон раздæр та уарзæтты боны цытæн киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд къорд «Acoustic Magic»-ы – концерт. Йæ лидер у не ‘мзæххон Хъуылымбегты Сослан. Ацы къорд у латинагамерикæйаг мотивтæ чи æххæст кæны, Уæрæсейы уыцы хуыздæр коллективтæй сæ иу. Хъуылымбегты Сосланы репертуар уыд хъæз-дыг æмæ алыгъуызон. Не ‘мбæстаг уæрæхæй зындгонд сси УФ-йы фыццаг каналы музыкалон проект «Голос»-ы æнтыстджынæй куы ралæууыд, уый фæстæ.

Популярон къорды концерты тыххæй уайтагъд базыдтой хуссарирыстойнаг цæр-джытæ æмæ сценæмкæсджытæ æрбамбырд сты киноконцертон зал «Чермен»-мæ. Адæмæй йедзаг зал тыхджын къухæмдзæгъдимæ сæмбæлд къорды хайадисджытыл. Музыканттæ зæрдæйæ æнкъардтой залы бадджыты æмæ афтæмæй æххæст кодтой сæ номыртæ. Йæ фæлмæн хъæлæс, уникалон тембр, рог романтикондзинады ‘руаджы сценæмæкæсджытæ банкъардтой латиноамерикæйаг музыкæйы алыгъуызон жанрты стиль. Дунеон хиттæ æххæст кæнын стыр зын у зарæггæнæгæн, уымæн æмæ сæ сæххæст кæнын хъæуы тынг хорз. Кубæйаг сальстæ «Bamboleo», «LaMamba», «Volare» виртуозонæй сæх-хæст кæнгæйæ, уайтагъд фæндаг ссардта сценæмæкæсджыты зæрдæтæм. Ацы хиттæ залы сæвзæрын кодтой тынг хорз атмосферæ. Сценмæкæсджытæй бирæтæ сæхи нал баурæдтой æмæ райдыдтой кафын.

Латиноамерикæйаг зарджыты æмрæнхъ цхинвайлаг сценæмæкæсæг стыр цинимæ сæмбæлд ирон зарджытыл. Музыкæ сын ныффыста Сослан йæхæдæг. Залы хъуыстысты зындгонд зарджытæ «Уалдзыгон дидинæг», «Æз æмæ ды», «Судзут мæ цæстытæ, судзут» æмæ æндæртæ. Ацы зарджытæ бацыдысты ирон альбоммæ ахæм номимæ «Æз æмæ ды», зæгъгæ. Æнцонтæй рахатæн уыд, Хъуылымбегты Сосланæй кæй цыд æнахуыр хъармдзинад æмæ адæймагдзинад. Йæ музыкæ у зæрдæмæхъаргæ.

Сослан куыд радзырдта, уымæ гæсгæ 15 азы дæргъы уый нæ ныффыста иу зарæг дæр, фæлæ йæ къухмæ Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты чиныг куы райста, уæд æй бафæндыд æмдзæвгæтæн музыкæ ныффыссын. Загъта ма, зæгъгæ, йæ рагæй фæндыд йæ историон Райгуырæн бæстæйы ног программæимæ сценæйыл ралæууын, æмæ йын йæ фæнд сæххæст кæнынæн баххуыс кодта Президент Тыбылты Леонид. «Мах æрцыдыстæм Хуссар Ирыстоны фæсивæдæн Уарзæтты боны раарфæ кæнынмæ. Стыр бузныг зæгъын Тыбылты Леонидæн, кæй нын баххуыс кодта, уый тыххæй.  План ма кæнын ноджы иу концерт радтын, фæлæ уый уыдзæн мæ ирон альбомы презентацийы фæстæ. Презентаци уыдзæн тагъд, мæ альбом ныридæгæн цæттæ у, кæцымæ бацыдысты 15 зарæджы», – загъта Хъуылымбегты Сослан.

Концерты фæстæ сценæмæкæсджытæ кæрæдзийæн дзырдтой сæ тæлмæнтæ. Цхинвайлаг сценæмкæсджытæ стыр æхцондзинад райстой се ‘мзæххоны концер-тæй, уымæн æмæ сценæйыл йæ алы ралæуд дæр уыд æцæг сюрпризы хуызæн.

Чертхъоты Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.