16-æм сентябры бынæттон телеуынынады комкоммæ эфиры уыд Президент Бибылты Анатолийы пресс-конференци.

Пресс-конференцийы размæ Бибылты Анатоли журналисттæм æрсидт, цæмæй йæм радтой цыфæнды фарстатæ дæр. Банысан кодта, æхсæнады цы проблемæтæ тыхсын кæны, уыдонмæ ахасты йын цæмæй йæ позици бамбарой, уый тыххæй дзурдзæн æргом

Банысан ма кодта ацы пресс-конференци æнæмæнг ауадзын кæй хъæуы, уымæн æмæ фæстаг рæстæджы æрцæугæ цаутæ æппæрццагæй æндавынц республикæйы æхсæнадон-политикон уавæрыл æмæ адæмы æмбарынадыл. Бахахх кодта, политикон уавæр фæцудын кæныны бар кæй никæмæн ратдзæн, уый дæр.

Дзабиты Иналы амæлæт та Президент банымадта трагеди æмæ фыдракæндыл. Загъта ма, зæгъгæ, йæ амæлæты аххосджынтæ æмбæлон æфхæрд баййафдзысты.

«Дзабиты Иналы ныхмæ æнæзакъонон мадзæлттæ ист кæй цыд, уый алкæмæн дæр зындгонд у. Уыцы мадзæлтты аххосæй фесæфтам адæймаджы. Мæнæн фыдгæнджытæ нæ дих кæнынц хуымæтæг æмбæстæгтæ æмæ пагонджынтыл. Пагæттæ чи хæссы уыдоныл фылдæр бæрндзинад ис æмæ æмбæлон æфхæрд баййафдзысты», – банысан кодта Президент.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Дзабиты Иналы амæлæт, Хъуылымбегты лæппу æмæ Цхуырбаты лæппуйы фæнады фæдыл фæдагурæн мадзæлттæ сты йе ‘рвылбонон хъусдарды бын.

«Æрвылбон дæр æз прокуратурæйæ райсын информаци, фæдысгарæн куыст куыд цæуы, цыран æвдыст цæуынц, дызæрдыггаг адæймæгты æмæ зианджынты æвдисæндзырдтæ дæр. Цæмæй дам-думтæ иуварс æрцæуой, уый тыххæй бадзырдтам Казаны экспертон службæимæ, цæмæй ауадзой æппæтхъæуæг лабораторон иртасæнтæ æмæ экспертизæтæ. Мæн фарстой, зæгъгæ, «Дзабиты Иналы æмæ иннæ зæрдæхсайгæ адæй-мæгты куы æрцахстой, уæд куыд контроль кодтай фæдысгæрстон мадзæлттыл?» Зæгъдзынæн уын уый, æмæ уæд дæр мæ контролы бын уыд  фæдысгарæн куыст, прокуратурæйæ истон информаци æмæ сыл афтæ контроль кодтон. Президент камерæйы нæ баддзæн æмæ афтæмæй нæ контроль кæндзæн, фарста куыд цæуы, ууыл. Уый гæнæн нæй. Зæрдæхсайгæ адæймæгтæ цы  зонæнтæ лæвæрдтой, уыдоны тыххæй истон информаци. Фæлæ афтæ кæй дзурынц, ома сæ куыд надтой, куыд сæ æфхæрдтой, уый тыххæй Президентæн дзырдтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон мæнг ныхæстæ сты», – загъта Президент.

Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæджы йæ бынатæй ссæрибар кæныны тыххæй депутатты иу къорды домæны сæраппонд та Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, уымæн ницы юридикон тых ис.

Президент  куыд бамбарын кодта, афтæмæй Дзабиты Иналы амæлæты хъуыддаджы  фæдыл фæдысгарæн мадзæлтты Дзæгъиаты Уырызмæг хъуамæ равдиса йæ куысты фæстиуæг.

Уыимæ ма загъта, зæгъгæ, хицауиуæгады иу къабаз иннæ къабазæн ультиматум ма хъуамæ æвæра. Президент хæсджын нæу æххæст кæна ахæм домæнттæ. «Иу сæвзæрст Парламент дæр ультиматумы хуызы никуы æрурæдта йæ куыст. Йе ‘взарджытæм ахасты уый фыдракæнд у. Адæм депутатты уый тыххæй не ‘взарынц цæмæй Парламенты куыст æруромой», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Генералон прокурор цалынмæ йæ бынатæй сæрибар æрцæуа, уæдмæ депутатты иу къорд йæ куыст кæй æрурæдта, уый та Президент банымадта антиконституционыл.

«Хуссар Ирыстоны Парламент  Генералон прокуроры йæ бынаты снысан кæны æмæ йæ йæ бынатæй сæрибар кæны Президенты бавдисгæ куырдиатмæ гæсгæ. Генералон прокурор та йæ бынатæй ист цæуы, уголовон хъуыддаг ыл куы бакондæуа, æрмæстдæр уæд. Зæгъæм, Дзæгъиаты Уырызмæг йæ бынатæй сæр-ибар æрцыд, уæд æвзæры фарст «Цæй тыххæй?», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Стихион митингты хайадисджытæ Президенты отставкæ кæй домдтой, уый тыххæй та загъта, зæгъгæ, йæ 500 адæймаджы нæ равзæрстой. Президент йæ бынаты кусдзæн радон æвзæрстыты онг, ома 2022 азы онг.

Депутаттæм ахасты та банысан кодта, зæгъгæ, «мах нырма кусын хъæуы. Цас эффективондæр уа нæ иумиаг куыст, уыйас хуыздæр уыдзæн нæ адæмæн дæр».

Оппозицимæ ахасты та банысан кодта, зæгъгæ, «2004 азы цы æртæ адæймаджы амардæуыд, уый тыххæй цæмæннæ домдтой фыдракæнд раргом кæнын. Уыдон адæймæгтæ нæ уыдысты? Кæнæ раздæр цы фыдракæндтæ арæзтæуыд, уыдоны тыххæй цæмæннæ хъæр кодтой æмæ цæмæннæ цыдысты ахæм лозунгтимæ: «Ма нæмут!», цæмæннæ домдтой лæгмарты æмбæлон æгъдауæй бафхæрын?»

Журналистты цымыдис кодта, Мидхъуыддæгты раздæры министр Наниты Игормæ ахасты цы арæзт цæуы. Уыцы фарсты тыххæй та Президент фехъусын кодта, зæгъгæ, «кæд Наниты Игоры аххосаг сбæрæг уа, уæд æфхæрд баййафдзæн. Ууыл мачи хъуамæ дызæрдыг кæна. Аххосджыны та сбæлвырд кæнын хъæуы. Кæд Дзабиты Иналы амæлæты тыххæй кæуыл дызæрдыг кæнынц, уыдон зæгъой, бардзырд сын чи радта, уый ном, уæд уый тыххæй ницы проблемæ уыдзæн. Кæд искæцы къухдариуæггæнæджы аххосаг сбæлвырд уа, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, æфхæрд баййафдзæн».

Фæстаг цауты рæстæджы экс-президент Кокойты Эдуарды хъусынгæнинæгты тыххæй Президент банысан кодта, зæгъгæ, кæцыфæнды экс-президент дæр хъуамæ архайа, цæмæй бæстæйы уа сабырдзинад, цæмæй митингтæ æмæ революцитæ æхсæнады фæстæмæ ма æппарой, фæлæ архайой йæ размæцыдыл. Кокойты Эдуардмæ та æрсидт, цæмæй ма пайда кæна уавæрæй, уæлдай хатт йæхи равдисыны охыл.

Журналистты цымыдис кодта Транскамы фæндаджы фарст дæр.

Президент ныфс бавæрдта, зæгъгæ, 20 сентябры фæстæ дæр фæндаг æхгæд не ‘рцæудзæн.

«20 сентябры фæстæ дæр фæндаг уыдзæн гом. Фæндаг кæй æрæхгæдтам, уый æз абон дæр растыл нымайын, уымæн æмæ уыцы мадзалы ‘руаджы низæй бахъахъхъæдтам бирæ адæймæгты цард. Уымæй дарддæр мах базыдтам, коронавирусы низ нæм куы фæзына, уæд куыд хос кæнын хъæуы рынчынтæн», – загъта Президент.

Хуссарирыстойнаг амалиуæггæнджытæ уæрæсейаг таможнæйы цы проблемæтыл æмбæлынц, уый тыххæй та республикæйы сæргълæууæг фехъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны хицауиуæгад сæ уæрæсейаг коллегæтимæ кусынц республикæмæ товартæ ласыны проблемæтæ фæкъаддæр кæныныл. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, ацы проблемæйы фæдыл абоны бон æнгом куыст цæуы УФ-йы федералон таможнæйон службæимæ, УФ-йы Президенты администрациимæ, УФ-йы Экономикон рæзты министрадимæ.

Президент банысан кодта уый дæр, æмæ сæ документтæ раст арæзт цы амалиуæггæнджытæн вæййынц, уыдон таможнæйыл кæй рахизынц æнæ проблемæйæ.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.