Бæрæг куыд у, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Парламенты уынаффæмæ гæсгæ РХИ-йы президентон æвзæрстытæ ауагъд æрцæудзысты 2017 азы 9 апрелы. Уый фæстиуæгæн 19 январы Информаци æмæ мыхуыры падзахадон комитеты пресс-центры уыд пресс-конференци Централон æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Беллæйæн.

Пресс-конференцийы райдиан газет «Республика»-йы сæйраг редактор Хъоцыты Андрей дины бæрæгбон — Донæскъæфæнты боны цытæн Плиты Беллæйæн балæвар кодта суадоны аргъуыд дон ахæм ныхæстимæ: «Ныфс мæ ис æвзæрстытæ уыдзысты ацы донау сыгъдæг æмæ æргом».

Уый фæстæ Плиты Беллæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй президентон æвзæрстыты боны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты уынаффæ официалон информацион фæрæзты мыхуыр куы æрцыд, уый фæстæ йæ куыст райдыдта Централон æвзарæн къамис.

Плиты Беллæ информацион фæрæзты минæвæртты базонгæ кодта Централон æвзарæн къамисы куысты графикимæ æмæ уыимæ иумæ банысан кодта, зæгъгæ, президентон æвзæрстыты боны тыххæй хъусинаджы фæстæ ис раразмæ гæнæн кæнын президенты бынатмæ кандидатты.

«Кандидатты раразмæ гæнæн ис политикон партитæй, æвзарджыты къордтæй. Мах цæттæ стæм президенты бынатмæ кандидаттæ раразмæ кæныны фæдыл алкæимæ кусынмæ дæр», — загъта уый.

Плиты Беллæ æрæмбырдуæвджытæн бамбарын кодта, зæгъгæ, бюджет райст кæй не ’рцыд, уый Централон æвзарæн къамисы куыстыл æмæ æвзæрстытæ ауадзыныл нæ бандавдзæн. «Уымæн æмæ сæйраг гарантиты тыххæй закъоны ис статья 45, цыран дырысæй фыст ис, ома, бюджет фидар куынæ æрцæуа (Централон æвзарæн къамис финанстæй ифтонг цæуы бюджетæй 10 боны æмгъуыдмæ), уæд Централон æвзарæн къамисæн уый бар ис, цæмæй бангæй æрдома кредит. Кредит ма хъуамæ ахиза, ивгъуыд президентон æвзæрстыты рæстæджы, ома, 2012 азы цы æхцайы фæрæзтæй спайда кодтам, уыцы фæрæзты бæрцы фæлгæттæй. Банг нын хъуамæ радта ацы кредит. Гарант та нын уыдзæн Хицауад. Бюджетæй не ’хцайы фæрæзтæ куы райсæм, уæд кредит фыст æрцæудзæн проценттимæ. Уый фæстиуæгæн зæгъæн ис, Централон æвзарæн къамисæн ницы ныхдуртæ уыдзæн президентон æвзæрстытæм бацæттæ кæнын æмæ сæ ауадзынæн», — банысан кодта уый.

2016 азы июлы закъонмæ цы ивындзинæдтæ хаст æрцыд, уыдон Плиты Беллæйы хъуыдымæ гæсгæ, æдзухæй Хуссар Ирыстоны территорийыл цæрыны цензы нæ карздæр кæнынц, фæлæ йæ кæнынц хуымæтæгдæр.

«Æз афтæ нæ нымайын, æмæ уыцы барасткæнинæгтæ исты хуызы фæкарздæр кæндзысты æдзухæй Хуссар Ирыстоны территорийыл цæрыны цензы тыххæй раздæры закъон, ома, регистарцийы боны онг республикæйы 10 азы æдзухæй цæрын. Раздæр-иу Централон æвзарæн къамис арæх бахатыд Парламентмæ ацы статья бамбарын кæныны тыххæй. Парламенты-иу нын загътой, зæгъгæ, æртæ мæйы Хуссар Ирыстоны территорийыл æнæ уæвгæ ис, уымæй фылдæр куынæ цæра республикæйы, уæд „ценз“ нымад нæ цæуы. Ныр та 93 кусгæ боны гæнæн ис кандидат уа республикæйæн æддейæ. Уыцы 93 бонæй дарддæр ма йын ацæуæн ис командировкæты, хос кæнынмæ, ахуырмæ. О, фæлæ йæ хъуамæ арвитой паддзахадон органтæ. Уый та, мæ хъуыдымæ гæсгæ, закъон фæкарздæр кæнын нæу, фæлæ у фæхуымæтæгдæр кæнын», — загъта Централон æвзарæн къамисы сæрдар æмæ ма уыимæ иумæ банысан кодта, зæгъгæ, президенты бынатмæ кандидатыл ма хъуамæ цæуа 35 азæй къаддæр.

Плиты Беллæйы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы территорийыл æдзух цæрыны цензы фæдыл Централон æвзарæн къамис кусдзæн карзæй — закъонмæ гæсгæ.

Централон æвзарæн къамисы сæрдар куыд бахахх кодта, афтæмæй закъоны раз кандидаттæ иууылдæр æмбар сты. «Закъон та иу у алкæмæн дæр — Кокойты Эдуардæн дæр, Тыбылты Леонидæн дæр, Бибылты Анатолийæн дæр æмæ иннæ кандидаттæн дæр».

Уый ноджыдæр банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Парламент цы баххæстгæнинæгтæ райста, уыдон дырысæй æмбарын кæнынц президенты бынатмæ кандидатты «цензы» фарст.

Плиты Беллæ куыд радзырдта, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг республикæйы æддейæ кæмфæнды ма цæра, уæддæр ын ис хъæлæс радтыны бар РХИ-йы президентон æвзæрстыты рæстæджы.

«Республикæйæн æддейæ Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы æндæр регионты æвзарæн фадгуытæ баконд æрцæудзысты æви нæ, уый тыххæй ныхас кæндзыстæм нæ закъондæттынадмæ гæсгæ нæ рабадтытæй иуы, цыран аскъуыддзаг кæндзыстæм ацы фарст», — банысан кодта уый.

Дарддæр Беллæ куыд загъта, афтæмæй сæ куыст абон кæй райдыдтой, уый тыххæй бæрæг нæма сты президенты бынатмæ кандидаттæ.

«Куырдиат нæм æрбалæвæрдтой парти „Иугонд Ирыстон“-ы минæвæрттæ. Закъон куыд домы, афтæ нын фондз боны раздæр фехъусын кодтой, кæй ауадздзысты съезд, цыран раразмæ кæндзысты Бибылты Анатолийы. Съезд ауадздзысты 25 январы», — загъта уый.

Республикæйы ис лингвистикон къамис. Президенты бынатмæ кандидатты регистраци кæныны рæстæджы уый кусдзæн Централон æвзарæн къамисимæ. «Ивгъуыд æвзæрстыты рæстæджы кандидат фыста диктант дыууæ паддзахадон æвзагыл — уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл, афтæ ма дыууæ æвзагыл хъуамæ радзырдтаид чысыл текст. Ацы æвзæрстыты рæстæджы куыд уыдзæн, уый нырма бæрæг нæу, банхъæлмæ кæсын хъæуы лингвискон къамисы уынаффæмæ», — йæ ныхасы кæрон банысан кодта Плиты Беллæ.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.