РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик кæмæн сæрдариуæг кодта, Хицауады уыцы æнæрадон рабадты боны фæткмæ хаст æрцыд æрмæстдæр иу фарст – «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмбæстагон службæйы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны законы проектæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады хатдзæджы тыххæй».

Фарсты фæдыл раныхас кодта РХИ-йы Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг Гаглойты Олег.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауадмæ бавдыст «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон службæйы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проектæн арæзт æрцыд лæмбынæг анализ. Закъоны проектмæ ницы фиппаинæгтæ æмæ фæндиæгтæтæ ис. Хицауад нымайы хъæуæгыл закъоны проекты æвварс рахæцын, цахæмæй бавдыстæуыд, ахæмæй», – загъта Гаглойты Олег.

Пухаты Эрик банысан кодта закъоны проект райсыны ахсджиагдзинад æмæ æнæмæнг-хъæуындзинад.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ ацы закъон уыдзæн ахсджиагдæр закъæттæй сæ иу. Ацы фарст феггуырст йæ бынатæй æмæ мæ ныфс ис, куыстмыздтæ æмæ пенситæ кæй уыдзысты æмбæлон æмвæзадыл. Уымæ гæсгæ мæ бузныг зæгъын фæнды Президент Бибылты Анатолийæн, кæцы ацы фарстыл уынаффæ кодта Уæрæсейы Президент Владимир Путинимæ сæ фембæлды рæстæджы. Æрæджы ацы фарсты æвварс рахæцыдысты Уæрæсейы экономикон рæзты министрады», – банысан кодта Пухаты Эрик. Уый ма ба-нысан кодта, зæгъгæ, ацы фарсты фæдыл æппæтхъæуæг дæлзакъонон акттæ ист æрцыдысты ивгъуыд азы, фæлæ финанс кæнынæн нæ уыдис хъæуæг хатдзæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.