6-æм июлæй 13-æм июлмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  æрцыдис аст фыдракæнды æмæ раргом сты. Наркотикон буарадтæй æнæзакъонæй спайда кæныны тыххæй урæд æрцыдысты цалдæр æмбæстаджы. Уымæй уæлдай ма республикæйы фæндæгтыл æрцыд æртæ фæндагон-транспортон цауы. Аварийы фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой цыппар æмбæстаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 141 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 13 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

9-æм июлы Фæндагон змæлды æдас-дзинады инспектортæ баурæдтой 46-аздзыд горæттаг цæрæджы, кæцы нозтджы-нæй скъæрдта йæ автомашинæ «ВАЗ-2109». Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы фæткхалæг раздæр дæр конд æрцыд бæрндзинадмæ нозтджынæй машинæ скъæрыны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.