РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Цхинвалы районы Дменисы хъæуы цæрджытимæ. Йемæ ма уыдысты Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Вахтанг æмæ йæ хæдивæг Бибылты Валери. Фембæлды хайад райстой районы хъæууон администрациты сæргълæуджытæ дæр.

Дменисы хъæуы Культурæйы хæдзармæ æрбацыдысты хъæубæсты адæм. Æрæмбырдуæвджыты Президент базонгæ кодта, фæстаг рæстæджы республикæйы æмткæй, æмæ сæрмагондæй та, Цхинвалы районы цы позитивон ивындзинæдтæ æрцыд, уыдонимæ. «Акæсæм ма, куыд рæзы цадæггай нæ республикæ. Фæндæгтæ, административон агъуыстытæ, скъолатæ, сабидæттæм кæсгæйæ, зæрдæ рухс кæны. Уыцы хæрзиуджытæй æнæхай нæу Цхинвалы район дæр. Ацы аз, канд махæн нæ, фæлæ æгас Дунейæн дæр уыд уæззау аз. Фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ уæддæр бирæ бантыст саразын. Хъæууон цæрæгæн иууыл вазыгджындæр сты фæндаджы уавæр, дон æмæ электроэнергийæ ифтонгад. Уавæртæ куы уа цæрынæн, уæд кусдзæн æмæ дардзæн йæ бинонты», – дзырдта Бибылты Анатоли.

Æргом ныхас хъæуы цæрджытимæ

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй бæстæйы цы пандеми апарахат, уый аххосæй бирæ хъуыддæгтæ бакъуылымпы сты.  Фæлæ уæддæр бирæ хъæутæм арæзт æрцыдысты фæндæгтæ, донæй дæр ифтонг æрцыдысты цалдæр хъæуы. Иуæй-иу хъæуты базæронд сты электрохæххыты цæджындзтæ æмæ уыдон раивын дæр бафтыд нæ къухы. Ивд æрцыдысты бирæ хæдзæртты æмбæрзтытæ дæр, кæцытæ уыдысты бынтон æдзæллаг уавæры. Паддзахады сæргълæууæг Дменисы цæрджытæн ныфс бавæрдта, Уанаты донуадзæн хæтæл куы сырæза, уæд  донæй ифтонг кæй æрцæудзысты Дменисы хъæуы  цæрджыты фылдæр хай дæр.

Дарддæр Бибылты Анатоли æрдзырдта, республикæйы ныртæккæ цы приоритетон фарстытæ скъуыддзаг цæуынц, уыдоныл. «Ацы аз мах райстам, хъæууон хæдзарадæн йæ уавæр фæхуыздæр кæныны нысанæн 4 техникæйы 4 иуæджы. 2021-æм азы та нæ зæрды ис 50 милуанæй балхæнын комбайнтæ æмæ æндæр хъæуæг хъæууонхæдзарадон техникæ. Уыдон иууылдæр уыдзысты, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæмтæ. Хъуамæ æрбалæугæ азы уæлдай хуыздæр хъусдард æрцæуа хъæууон хæдзарадмæ».

Президент ныфс куыд бавæрдта, афтæмæй дарддæр дæр кусдзысты, районы сæргълæууæг Мамытаты Вахтангимæ, цæмæй Цхинвалы районы хъæутæ иууылдæр ифтонг æрцæуой канд нуазыны донæй нæ, фæлæ  донхæры донæй дæр. Уымæй дарддæр хъусдард здæхт цæудзæнис ноджы æндæр ахсджиаг фарстатæм дæр.

Хъæуы цæрджытæй бирæты цымыдис кодта, зæгъгæ, 2018 æмæ 2019 азты районы бирæ хæдзæрттæ сырæзт, фæлæ 2020 азы уыцы куыст цæмæдæр гæсгæ бакъуылымпы. Уый фæдыл та Президент загъта, зæгъгæ тæссаг низ коронавирусы аххосæй фæндаг æхгæд æрцыд, арæзтадон æрмæджытæ ласын дæр фæзындæр. Фæлæ ног азы уыцы куыст адарддæр кæндзæнис Хицауад æмæ арæзт æрцæудзысты, 2008 азы хæсты фæстиуæгæн цы хæдзæрттæ басыгъдысты æмæ ныппырх сты, уыдон. Паддзахады сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта ацы хъæуæй депутат Къуезерты Арсенæн, ацы фарст æмæ ма ноджы æндæр хъуыддæгты дæр принципиалондзинад кæй равдисы æмæ кæй архайы, цы адæм æй сæвзæрстой, уыдонæн лæггад кæныныл .

Дменисы хъæуы цæрджытæй сæ иу Бибылты Анатолимæ ахæм фарст радта, ома мах сæйраджыдæр кæнæм дыргъгуыст. Фæлæ, зæгъгæ, нын проблемæ у сæ реализаци кæнын. Арæныл хизгæйæ, таможнæйы сæвзæры проблемæтæ. Ацы фарстыл цыд бæрæг куыст Хицауады æрдыгæй, фæлæ уæддæр кæронмæ скъуыддзаг нæма æрцыд. Уыцы фарстайæн Бибылты Анатоли сдзуапп кодта, зæгъгæ, абоны бонмæ уыцы фарстайыл æмбæлон куыст æрцыд. Кæд ма, зæгъгæ, исты зындзинæдтæ æвзæра, уæд уын се скъуыддзаг кæнынæн æххуыс кæндзæн республикæйы Сæйраг таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурат.

Президентмæ лæвæрд цыд ноджы бирæ æндæр фарстатæ дæр, кæцытæ тыхсын кæнынц хъæуы цæрджыты. Сæ иу – хъæуы трансформатор кæй базæронд æмæ арæх кæй фехæлы, уый. Уый тыххæй Бибылты Анатоли банысан кодта, ацы проблемæ актуалон кæй у æгас республикæйæн æмæ 2021 азы æлхæд кæй æрцæудзысты ног трасформатортæ.

Фембæлды рæстæджы Бибылты Анатоли æрдзырдта, ныртæккæ не ‘хсæнады цы политикон цаутæ цæуы, уыдоныл дæр. «Ныртæккæ цы негативон цаутæ цæуы нæ республикæйы Дзабиты Иналы амæлæты тыххæй, уый иуæй-иу депутаттæн радта политикон дивиденттæ. Ацы бинонты трагедийæ пайда кæнынц æмæ дзы аразынц политикæ. Депутатты зыгъуыммæ архайдтыты тых-хæй, нæма райстой 2021 азы бюджет, ивындзинæдтæ хаст не ‘рцыд ацы азы бюджетмæ дæр, кæцы-тæм гæсгæ хъуамæ фыст æрцыдаид фиддонтæ «Сырх зонæйы» медперсоналæн. Парламент хъуамæ æркастаид æмæ рахицæн кодтаид чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн кредиттæ раттыны тыххæй законмæ дæр».

Президент цæрджытæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй хи-цæн депутатты хъуыды, ома, Хи-цауад архайы «æнæзакъонæй» æмæ йын бар нæй хъуыддагон гæххæттыл къухæрфыссынæн, у провокаци.

«Мах хъахъхъæнæм Конституцийы æппæт уагæвæрдтæ. Парламентмæ бавдыстам Хицауады Сæрдары бынатмæ кандидатурæ. Фæлæ уыдон уыцы фарстмæ не ‘ркастысты æмæ нын уавæр нæ дæттынц нæ куыст адарддæр кæнынæн».

Президент радон хатт æрсидт, Парламенты депутаттæй куыст чи къуылымпы кæны, уыдонмæ цæмæй æрæвналой сæ комкоммæ хæстæ æххæст кæнынмæ.

Фембæлды рæстæджы Цхинвалы районы цæрджытæ Президентмæ лæвæрдтой бирæ цардуагон фарстатæ æмæ сын райстой æмбæлон дзуаппытæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.