Президент Бибылты Анатоли фембæлд Цхинвалы районы Дменисы хъæуы цæрджытимæ.

Фембæлд райдыдта Дменисы хъæууон администрацийы ног бæстыхай байгом кæныны цытджын церемонийæ.

Мадзалы хайад райстой Культурæйы министр Зассеты Жаннæ æмæ Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Вахтанг.

Мамытаты Вахтанг бузныджы ныхæстæ загъта паддзахады сæргълæу-уæгæн ацы проект сæххæст кæныны тыххæй.

«Æртæ азы мах архайдтам клубы арæзтадыл, Анатоли Ильяйы фырт алыхатт дæр уыцы фæрæзтæ лæвæрдта, цæмæй абон мах хайад исæм ахæм хорз бæстыхай гом кæныны церемонийы, стыр бузныг ын уый тыххæй», – загъта уый.

Йæ фарсæрдыгæй, Президент раарфæ кодта Дменисы хъæуы цæрджытæн бæстыхай байгом кæныны тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы рæзтæн нырма бирæ хъæуы саразын, фæлæ æппæт разылæууæг нысæнттæ фæд-фæдылонæй скъуыддзаг æрцæудзысты.

Уый фæстæ æруынаффæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон здæхты æмæ мидполитикон уавæры фарстытыл.

Паддзахады сæргълæууæг радзырдта ивындзинæдтыл, кæцытæ реализаци æрцыдысты социалон фадыджы. Уый банысан кодта, зæгъгæ, «адæмон программæйы» фæлгæтты стыр куыст æххæст æрцыд Хуссар Ирыстоны адæмы фæрныгад фæхуыздæр кæныны фæдыл, афтæ ма банысан кодта, зæгъгæ, программæ реализаци кæй æрцыд 95 проценты.

«Мах активонæй архайæм нæ бæстæйы æмбæстæгты царды гъæд фæхуыздæр кæныныл. Уыцы нысанæн цæрджытимæ иумæ арæзт æрцыд ацы программæ. Ахсджиаг у зонын, адæм цы хъуагдзинад æййафынц, алы цæрæн пункты дæр цы нæ фаг кæны», – загъта уый.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, нын хыгъдон рæстæджы   бантыст куыстмыздтæ, инвалидтæн сывæллæттæн æххуыстæ æмæ алыгъуызон æндæр бафыстытæ фæфылдæр кæнын, рухс æмæ ком-муникациимæ проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын. Афтæ ма егъау куыст уагъд æрцыд, кæцы здæхт у цæрæнуæттæ æмæ фатертæ цалцæг кæнын æмæ аразынмæ, кæцытæ бахъыгдард сты 2008 азы августы. Капиталонæй цалцæг æрцыдысты Хуссар Ирыстоны столицæйы 34 фатеры æмæ 30 хисæрмагонд хæдзары, арæзт æрцыд 120 хисæрмагонд хæдзары, ивд æрцыд 350 хæдзары æмбæрзтытæ, афтæ ма фæхуыздæр ис фæндагон инфраструктурæ, республикæйы районты хъæутæм уагъд цæуы нуазыны дон.

«Абон мæнæн мæ бон у цæсгомджынæй адæмы раз лæууын. Æппæт сæйраг æмæ приоритетон хæстæ скъуыддзаг æрцыдысты. Арæзт цæуы ног «адæмон программæ», уымæ гæсгæ æз уадзын фембæлдтытæ хицæн хъæуты цæрджытимæ, цыран алкæмæн дæр йæ бон у программæ баххæст кæнын», – загъта уый.

Уымæй уæлдай, Президент радзырдта Украинæйы специалон хæстон операцийы алыварс цы уавæр сæвзæрд, уый тыххæй.

«Украинæйы цы цаутæ цæуы, уыдон æппæт дунейæн сты трагикон. Махæн нæ бон нæу иу ран бадын æмæ сæм кæсын. Æз афтæ нымайын æмæ Уæрæсейы Федерацийы уынаффæ уыд раст. Æнæмæнгхъæуæг у фашизм æмæ национализмæн кæрон скæнын», – загъта уый.

Ныхас цыд æрæджы Уæрæсейы Федерацийы скондмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны бацæуыны тыххæй хъусынгæнинагыл дæр.

«Уыцы нысан у, кæцы æз æрæвæрдтон мæ разы цалынмæ 2017 азы Президенты бынатмæ нæ бахызтæн, уæдмæ. Абоны бон махæн ис хорз уавæртæ ацы фарстыл æруынаффæ кæнын æмæ йæм æркæсын. Уый æз хонын фадæтты рудзынг. Уæрæсейы скондмæ бацæуын у иунæг раст фæндаг, уый æз алыхатт дæр дзырдтон. Кæй зæгъын æй хæуы, мах хъуамæ нæхæдæг дæр рæзæм, фæлæ Уæрæсейы сконды уый уыдзæн æнцондæр æмæ масштабондæр. Абон махæн ис фадат, æмæ махæн уый бар нæй цæмæй дзы ма спайда кæнæм. Уый у хъысмæтскъуыддзаггæнæн уынаффæ хуссарирыстойнаг адæмæн», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Фембæлды кæрон паддзахады сæргълæууæг фембæлды хайадис-джытимæ къухтæ æрфыстой «адæмон программæйыл» Дменисы хъæуы царды æмвæзад фæхуыздæр кæныны æппæт домæнтæ хынцгæйæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.