«Юг-Телеком»-ы коммерцион директор Джиоты Эрна куыд радзырдта, афтæмæй сæ компани ацы бонты горæтæн æддейæ интернет бастдзинад саразыны охыл куыстытæм бавнæлдта Дзауы районы хъæутæй сæ иу – Хуыцъемæ.

«Интернет лæггæдты тыгъдад бонæй-бон кæны фылдæр. Цæрджытæй нæм куырдиæттæ бирæ цыд, фæлæ уый тыххæй бацæттæ кæнын хъуыд базæйон станцы ног объекттæ. Бастдзинад æмæ интернеты куыст æппынæдзух домынц ногдзинæдтæ. Куыд æндæр куыстуæтты, афтæ махмæ дæр фæзыны зындзинæдтæ. Ацы куыстытæ мах ивгъуыд аз хъуамæ бакодтаиккам, ацы аз та нын нывæзты уыд Цхинвалы районы Дменисы хъæумæ бастдзинад бауадзын. Уыцы хъæуы цæрджытæ дæр рагæй домынц, цæмæй сæм бауадзæм интернет. Нырмæ ацы районты цæрджытæ интернетæй архайдтой «Мегафон»-ы модемты руаджы. Цхинвалы районы Чысыл Леуахийы æрдыгæй цы хъæутæ ис, уыдон та, сæйраджыдæр, Гуырдзыстоны бастдзинад «Магти»-йæ пайда кæнынц. Ленингоры район дæр æмткæй ацы бастдзинадæй архайынц. Ныртæккæ та «Юг-Телеком» Хуссар Ирыстоны территорийыл цы архайд кæны, уымæн æрмæст экономикон бындур нæй. Мах фæнды æмткæй республикæйы цæрджыты цард фæхуыздæр кæнын. Ма-хæн, компанийæн, паддзахады æрдыгæй цæуы административон-ресурсон æххуыс æмæ  уый тыххæй бузныг стæм Хицауадæй», – зæгъы Джиоты Ерна.

«Юг-Телеком»-ы офисы ма радзырдтой, ныртæккæ цы тарифон плантимæ кусынц, уый тыххæй дæр «Тарифтæ уæй цæуынц 800, 900, 1200, 1500 сомы æргътæм. Уыцы-иу рæстæджы «Юг-Телеком» кусы ног проектыл дæр. Иу хызæджы фæлгæтты абонентæн фадат ис IP телефонæй æмæ интернет-телеуынынадæй пайда кæнынæн дæр».

Бастдзинады операторæн горæты æмæ районты центрты ис сæхи терминалтæ. Абонентон лæггæдты æргътæ бафидынæн нал хъæуы горæтмæ цæуын æмæ уый дæр бирæбæрцæй у абонентæн æххуыс.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.