2018 азы нæ республикæйы фæзынд кабелон интернет «Юг-телеком». Уый лæггæдтæй ныридæгæн пайда кæнынц горæты цæрджытæй бирæтæ.

Нырмæ уал Хуссар Ирыстоны цæрджытæ интернетмæ хызтысты æрмæстдæр смартфонтæ æмæ модемты руаджы, иунæг провайдер «Мегафон»-ы руаджы.

Цæрæн хæдзæрттæм кабелон Интернет бауадзынмæ рагæй бæллыдысты нæ горæты цæрджытæ æмæ интернет-провайдер «Юг-Телеком» æнæлимитон интернет ифтонг кæныны куыстытæ куы райдтыта, уæд цыбыр рæстæгмæ фæзынд абоненттæ: «Мах ныридæгæн айтынг кодтам æнæлимитон кабелон интернет æгас горæты дæр. Уымæй дарддæр ма нæ инженер-специалисттæ сифтонг кодтой – Уæллаг æмæ Дæллаг Гудзабары хъæуты дæр. Кæд æмæ нæ боныгъæд нæ бахъыгдара, уæд фæнд кæнæм ацы азы кæронмæ Къостайыхъæу, Тъбет æмæ Дзауы район дæр сифтонг кæнын. 2019 азы сентябры мæймæ та æмткæй республикæ уыдзæн ифтонг бирæхаххон æнæлимитон интернетæй», – зæгъы «Юг-Телеком»-ы генералон директор Коцты Григори.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй канд республикæйы районтæ нæ, фæлæ ма дæрддзæф хъæутæ дæр цух ма хъуамæ уой интернет лæггæдтæй. Интернеты тарифтæ сты дыууæ хуызы – 800-900 сомы аргъ. Бирæуæладзыгон хæдзæртты чи цæры, уыдон интернет хахх бауадзыны тыххæй фидынц 1500 сомы. Сæрмагонд хæдзæрттæм бауадзыны куыстытæ фылдæр кæй сты, уымæ гæсгæ сæ хицæутты бафидын бахъæуы 4000 сомы бæрц.

«Юг-Телеком»-ы къухдариуæггæнæг нын куыд загъта, афтæмæй проекты куыстытæ æххæст цæ-уынц сæрмагонд инвесторы фæрцы. Уымæй дарддæр ма йын РХИ-йы Хицауады ‘рдыгæй дæр цæуы административон ресурсон æххуыс.

«Юг-Телеком»-ы компани цалынмæ Хуссар Ирыстонмæ не ‘рцыд хуынд, уæдмæ уал æнгæс лæггæдтæ бакодта Хъырым, Цæгат Ирыстон æмæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы цалдæр регионы. Компани кæд æвзонгдæр у «Мегафон»-ы операторæй, уæддæр ныридæгæн йæхи равдыста æууæнкджынæй интернет лæггæдты къабазы. Ныртæккæ компани кусы ног проектыл дæр. Иу хызæджы фæлгæтты абоненттæн фадат уыдзæн IP-телефонæй æмæ интернет телеуынынадæй пайда кæнын.

Ног кабелон операторы фæзы-ндæн ма йæ хорздзинад уый мидæг ис, æмæ бинонтæ се ‘ппæт дæр сæрибарæй пайда кæнынц ацы бастдзинадæй, кæд мæйы мидæг 900 сомы бафидынц, уæддæр сæ бон у æнæкъуылымпытæй кæсой кинонывтæм, сабитæ та – мульт-фильмтæм. Хатт исты къуылым-пыдзинад куы сæвзæры, уæд сæрибарæй бадзурынц оператормæ æмæ уадид аиуварс кæнынц згъуыдтæ. Ныры онг адæм цы бастдзинадæй пайда кодтой, уымæй бирæтæ райгонд нæ уыдысты, фæлæ сын хуыздæр уавæр нæ уыд, фæрæзтой алы къуылымпыдзинадæн дæр.

Коцты Григори ма нын куыд загъта, афтæмæй абоненты хæрзиуæгæн горæты нырмæ кæд стырдæр супермаркеты æвæрд æрцыд 9 терминалы, уæд ныр та уыдон баисты 16.

Терминалты фæрцы не ‘мбæстæгтæн фадат фæзынд, кæм цæрынц, уырдæм хæстæг бацæуой æмæ сæ интернет хыгъдмæ ахынцой æхцайы фæрæзтæ. Раздæр уый тыххæй абоненты бацæуын хъуыд «Юг-Телеком»-ы офисмæ. Терминалты фæрцы ма цæрджытæн сæ бон у сæ телефоны хыгъд баххæст кæнын, спутникон антеннæйы лæггæдтæн хæрдзтæ бафидын, кредитон картæйæ спайда кæнын, QIWI, «Яндекс деньги», æмæ электронон кошелектæй спайда кæнын. Магазинты цы терминалтæ ис, уыдонæй æрмæст-дæр куысты рæстæджы кæй ис спайдагæнæн, уый бахынцгæйæ, «Юг-Телеком» ахæм аппараттæ сæвæрдзæн гом арвы бын дæр, горæты централон уынгты. Нырма уал æвæрд æрцæудзæн 5 терминалы. Фæйнæ иу терминал ацы бонты æвæрд æрцæудзæнис Дзауы поселок, Къуайсайы горæт æмæ Ленингоры районы.

«Юг-Телеком» уыцы лæггæдтæ аразы республикæйы разамынады уынаффæмæ гæсгæ, цæмæй дæрддзæф районты цæрæг адæмы ацы зындзинæдтæ иуварс æрцæуой.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.