Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады хъæппæрисæй Киноконцертон зал «Чермен»-ы байгом кодта Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнæн ахуыргæнæндоны ахуыргæнинæгты дипломон куыстыты равдыст. Равдысты æдæппæт ис ссæдз нывы бæрц. Уыдонæн кæд сæ тематикæ алыварсон у, уæддæр иууылдæр æвдисæг сты нæ адæмы цардуагон миниуджытæ. Хуыздæр нывты нымæцмæ хауынц æвзонг нывгæнджыты куыстытæ: Коцты А. «Бæрæгбоны размæ», Тыджыты М. «Куысты фæстæ», Хъæцмæзты К. «Бæхты фæлындзыд», Бæззаты С. «Куырой» æмæ æндæртæ.

Равдыстмæ æрбацæуджытæ райгондæй баззадысты суинаг нывгæнджыты сфæлдыстадæй.

Бузныджы ныхæстæ загътой Культурæйы министрады адресыл, æрыгон нывгæнджытæн се сфæлдыстадимæ адæмы базонгæ кæныны фадат кæй радтой, уый тыххæй. Равдысты хайадисджытæн та сæ цæст бауарзта дарддæры æнтыстыты фæндиæгтæ.

Гæззаты Иван

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.