1941 азы июны мæйы айхъуыст фæдисы дзæнгæрæджы хъæр – Советон Цæдисмæ æрбафсӕрстой немыцаг фашисттæ. Уыцы æвирхъау цау ныннæрыд Ирыстоны кæмтты дæр. Растадысты Иры фæсивæд дæр æмæ цыдысты сæ райгуырæн зæхх хъахъхъæнынмæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ цалдæр фæлтæры рахъомыл.  Хъыгагæн, алы аз дæр къаддæрæй-къаддæр кæны уыцы хæсты архайджыты нымæц, фæлæ сæ иуы ном дæр рох хъуамæ макуы уа махæй, нæ абоны æмæ фидæны фæлтæртæй. Хæсты быдыры чи баззадысты, уыдон æнустæм баззайдзысты æрыгæттæй. Сæрæгасæй чи æрыздæхти йæ хæдзармæ, æмæ абон не ‘хсæн чи сты, уыдоныл та азтæ сæ уæз æруагътой æмæ, хъыгагæн, къаддæрæй къаддæр кæнынц. Ирыстон уыцы хæстмæ арвыста дæсгай минтæй сæ фыртты. Мæ ныхас у уыдонæй  æртæ хæстоны тыххæй.

Бирæ уæззау фæндæгтыл фæцыдысты, бирæ хатт лæууыдысты мæлæты къæсæрыл дæр, фæлæ куыд фæзæгъынц, æнæ бон æмгъуыд мæлæт нæй. Иннæ æртæ – рухс дзæнæттаг уæнт!

Дзауы комы, хæхты ‘хсæн æрбынат кодта чысыл Мугуты хъæу. Сæрд – дзæнæтыбадæн, зымæг – цæрынæн зынвадат. Цæрæг дæр дзы бирæ нæ уыд, æдыппæтæй   авд хæдзары. Ӕнæлæгдых дзы зын цæрæн уыд, æмæ фыдæбæттæ кодтой.

Ӕрбалæууыд Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Иры алы кæмттæй цыдысты хæстмæ  цыппарæй дзы æбæрæг сæфт фæкодтой. Фæстæ нæ фæлæууыдысты Чысыл Мугуты Челæхсаты фæсивæд дæр. Уыдонæй цыппар хæдзарæй акодтой дæс лæджы.  Сæ иу уыд Челæхсаты Захар (Зака) æмæ Бетеоны хæдзар. Зака фарныл хæст лæг уыдис. Йæ алы уæнджы дæр æгъдау æвæрд кæмæн æрцæуы, ахæм адæймаг. Уæнгтæй дæр бæрзонд æмæ фидæрттæ лæг уыд. Хъæдæй-иу суг уæрдоныл куы ласта, уæд иу галтæ кæм нæ фæрзтой уым-иу сын Зака йæ тыхы руаджы æххуыс кодта. Канд тыхæй æххæст нæ уыд, фæлæ ма адæмон хосгæнæг дæр уыд. Дзауы комы алы къуымтæй йæм цыдысты хос кæнынмæ æмæ йæ бон куыд уыд афтæ сын лæггад кодта.

Хуыцау сæ сывæллæттæй амондцух нæ ныууагъта – рацыд сын æртæ лæппу æмæ дыууæ чызджы. Сæ цæнгты тыхæй, сæ куыствæллойæ сæ бон куыд уыд, афтæ  хъомыл кодтой сæ байзæттаджы. Сабитæ рахъомыл сты, æххуысхъом фесты. Сæ уæззау куысты сын сæ къух рог кодтой. Хистæр Петр (Петка) уыд,  уыдис ын йæхи бинонтæ – æртæ сывæллоны фыд уыд, йæ кæстæр æфсымæртæ Датика æмæ Зарбегæн бинонтæ нæма уыдис. Семæ ма цард Закайæн йе ‘фсымæры лæппу Сибистор (Сиби). Сибисторæн йæ ныййарджытæ Къахеты цардысты.

Ахæм уавæры æрæййæфта Челæхсаты бинонты хæст æмæ æфсымæртæ цыппар  дæр фæраст сты хæстмæ. Фыццаг акодтой Петкайы, йæ фæстæ ацыдысты  Датика æмæ Сибистор, кæстæр – Зарбеджы та акодтой 1942 азы – дæсæм кълассæй. Ирон мад æмæ фыдæй райгуырæг лæппу йæ сæрмæ никуы хаста йæ фыдæлты кад æн-дæр адæмты ‘хсæн дæлæмæ кæнын. Ахæм уагыл хъомыл кодтой Челæхсаты лæппутæ  Петка, Датика æмæ Зарбег. Петкамæ ахуырдзинад ницы уыд, æрмæст уæды рæстæджы цы ликбезтæ бакодтой уым ма йын бантыст дыууæ къуыри ацахуыр кæнын, цы дамгъæтæ базыдта фыссын, уы-дон ын ницы ахъаз фесты,  цæмæй хæсты быдырæй йæ ныййарджытæм æмæ йæ сывæллæттæм фыстæг рарвита. Йæхæдæг куыд дзырдта, уымæ гæсгæ-иу йе ‘мбæлттæн лæгъстæ кодта, цæмæй йын ныффыстаикой фыстæг.

Гъе, æмæ уæдæ кæд кæсын – фыссын нæ зыдта, уæддæр цыппар азы дæргъы  уæззау тохты фæндæгтыл уый Ирыстоны зæххæй ныххæццæ суанг Берлинмæ. «Хæстæй куы рыздæхт, уæд мах чысылтæ уыдыстæм, – дзуры мæ мад Галинæ – æмæ дзы мæ зæрдыл баззад, æхсæв-иу йæ тарфынæйæ куыд фæгæпп кодта æмæ-иу хъæууынгты æд хæцæнгарз “Вперед, Вперед!” хъæргæнгæ куыд лыгъд, йæ бинонтæ та-иу йæ фæстæ лыгъдысты. Нæ акомком-мæ цы хъæутæ уыд, уырдæм дæр-иу хъуыст йæ хъæр.

Петка нын ахæм цау радзырдта, зæгъгæ, нын уыд сусæг хæслæвæрд. Цæуын хъуыд цалдæр боны. Цыдыстæм æхсæвæй-бонæй, къæвда уа æви хур, цъыфдзастыты, æххормæгтæй, иудзырдæй тынг уæззау уыд нæ фæндаг, фæлæ уæддæр нæ хæс сæххæст кодтам, зæгъгæ.

Иннæ ахæм та Берлин сисыныл тохтæ цыдысты. Йæ ныхæстæй бахъуыды кодтон, ныккæндты куыд æмбæхстысты сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæ, уыдонмæ, не ‘внæлдтам нæ хæринæгтæй дæр, дам, иу сын авæрдтам. Уый ма куыд радзырдта, афтæмæй-иу сыл куы æрцахуыр  сты, уæд-иу нын нæ сæртæ асгæрстой, зæгъгæ уыл сыкъатæ зайы, ахæм агитаци уагътой, зæгъгæ, уырысы адæмыл сыкъатæ зайы.

Дауит дæр Ирыстоны зæххæй Герман-мæ тохгæнгæ фæцыд. Йæ хæствæндаг абон бæрæг нал у, æхсæз мæйы бæрц дзы фæистой фыстæджытæ, уый фæстæ дзы æртæ азы дæргъы бæрæг ницыуал уыд. Бинонты ныфс нал уыд, Дауит ма искуы сæрæгасæй йæ хæдзарыл сымбæлдзæн, уымæй. Уый та Германы зæххыл уацары бахауд, бирæ фыдæбæтты фæстæ уымæн бантыст концлагерæй ралидзын. Стыр фыдæвзарæнты фæстæ æрбафтыд Советтон Цæдисмæ. Кæй зæгъынæй хъæуы, уыцы уæззау бонтæ сæ фæд ныууагътой Дауиты æнæниздзинадыл, тынг фæрынчын æмæ афтæмæй æрыздæхт йæ райгуырæн уæзæгмæ. Сæ цинæн кæрон дæр нæ уыд, афтæмæй йыл сæмбæлдысты йæ бинонтæ, йæ хъæубæстæ.

Дауитæн йе ‘нæниздзинад ноджы æвзæрæй æвзæрдæр кодта, æмæ йын загътай, зæгъгæ дæ хъæуы денджызы былмæ, снаторимæ ацæуын. Кæй зæгъынæй хъæуы, йæ гæххæттытæ æмбырд кæнын райдыдта. “Бахъуыд мæ Дзаумæ бацæуын дæр, – дзырдта Дауит.

– Ӕрхæццæ дæн райкомы хæдзары цур-мæ, лæдзæджы æнцой фæцæуын уынджы æмæ уæртæ уынын, бирæ рæстæджы мæ хъуыдыты кæй агуырдтон æмæ фенын æнхъæл кæмæн нал удтæн, уыцы лæджы.  Ацы фашист та ам цы аразы, мæхинымæр дзургæйæ, йæ  фæстæ атагъд кодтон. Мæ гæххæттытæ дæр нал райстон, баййæфтон æй æмæ айтæ-уйтæ нал фæкалдтон, фæлæ йыл уым лæдзæгæй ралæууыдтæн. Адæм æрбатымбыл сты, æмæ нæ баиргъæвтой.” Уый фæстæ сын Дауит радзырдта ацы лæг немыцаг концлагеры кæй куыста æмæ уацары чи уыд, уыцы  адæмы  туг кæй нуæзта…

Ӕртыккаг æфсымæр, Зарбег хæстæй здæхгæ дæр нал æркодта. Ахæм хъысмæт баййæфта йæ фыдыфсымæр Кима æмæ йæ лæппу 10-æм кълассы ахуыргæнинаг Герсаны дæр. Ирыстонæй, афтæ Стыр Уæрæсейы зæххæй фæцыдысты мингæйттæй фæцыдысты ма ‘рцуйы фæндагыл. Абон дæр бæлвырд бæрæг нæу, кæцы ран фæмард сты, кæм сæ  баныгæдтой уыдæттæ. Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау æрхастой сæ цард нывондæн.

Никуы ничи бафсæст цардæй, фæлæ хъыгаг у, цардбæллондæр чи вæййы, уыдоны зæрдæты цæхæр куы ахуыссы хæсты азарæй. Фæлæ адæмы фарн бирæ у. Нæ ферох уыдзысты ирон адæмæй  сæ рухс нæмттæ.

ÆЛБОРТЫ Агуындæ 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.