Кæронмæ бахæццæ сты милицийы фадыгон инспекторты фембæлдтытæ бынæттон цæрджытимæ. Ахæм фембæлдтытæ уагъд æрцыдысты Ленингоры æмæ Дзауы районты, стæй ма горæт Цхинвалы дæр, рабæрæг сты адæмы цардуагон проблемæтæ, бирæтæ дзы бынаты скъуыддзаг дæр æрцыдысты.

Ленингоры район бирæ азты дæргъы Гуырдзыстоны юрисдикцийы дæлбар кæй уыдис, уымæ гæсгæ ам сæ проблемæтæ дæр сты спецификон. Бынæттон цæрджыты фылдæр хайы фæнды, цæмæй сын Гуырдзыстонимæ уа раздæрау æнæкъуылымпы бастдзинад, æдæрсгæ ацæуын æмæ æрбацæуыны уавæртæ. Фæлæ ныры дуджы, кæй зæгъын æй хъæуы, уымæн саразæн нæй, уæлдайдæр та карантинон режимы рæстæджы. Кæцыдæртæ дзы ацы сывзæргæ уавæр кæронмæ не ‘мбарынц æмæ æдзух хъаст кæнынц алы инстанцитæм, зæгъгæ, нын мæ бартæ халынц.

Уымæй уæлдай ма ацы районы цæрджытæ зындзинæдтæ æвзарынц арæнхъахъхъæнджытимæ, сæ хуымтæм ацæугæйæ, кæнæ сæ фосы фæдыл акæсгæйæ сæ æрдомынц гæххæттытæ. Ӕмæ ацы проблемæ дæр фыццаджыдæр баст у цæрджытæн сæхиимæ. Уымæн æмæ ацы районы цæрджытæ бирæ хæттыты фехалынц паддзахадон арæнтæ æмæ сæм æмбæлон службæтæ дæр уæлдай хъусдард здахынц. Азы дæргъы ахæм фæткхалджыты нымæц схызт сæдæмæ. Ахæм проблемæтимæ ма æмбæлынц Дзауы районы Синагур æмæ Карзманы хъæуты цæрджытæ дæр, фæлæ ам цæрджытæ къаддæр ис æмæ дзы фæткхалджытæ уыйбæрц нæй.

Дæрддзæф хъæуты ма цæрджытæн стыр зиан хæссынц тугдзых сырдтæ, – куынæг сын кæнынц сæ хæдзарон фос. Бирæты дзы фæнды цуанон мигæнæн балхæнын æмæ ацы фарстайы фæдыл бахатыдысты милицийы кусджытæм. Мидхъуыддæгты министрад алыварсонæй дæр æмбары ацы проблемæ æмæ фадыгон инспекторæн бахæс кодтой, цæмæй бары гæххæттытæ саразынмæ фæкæсой, æхсæнгарз кæй хъæуы, ахæм æмбæстæгтæм.

Цхинвалы æмбырдтæм æрбацыд иууыл къаддæр адæм, кæд æмæ нæ республикæйы цæрджыты фылдæр хай ацы горæты цæрынц, уæддæр.

Иумийагæй сисгæйæ проблемæтæ алыран дæр иухуызон сты. Бирæ цæрджытæ тыхсынц æгуыстæй, уæлдайдæр  районты æмæ дæрддзæф хъæуты. Цы фæсивæд ма дзы баззадис, уыдон дæр азæй-азмæ къаддæр кæнынц, уымæн æмæ цæуынц хуыздæр цардагур æндæр рæттæм. Кæцыдæртæ дзы ныххæцыдысты карз нозт кæныныл дæр.

Фадыгон инспектортæ азы дæргъы сæ службæйон хæстæ æххæст кæныны æддейæ æдзух æххуыс кодтой æндæр службæтæн карантинон режимы рæстæджы. Ахуыргæнæн уагдæттæ кæй нæ куыстой, уый фæстиуæгæн æдзух сæ хъус дардтой æнахъомтæм, профилактикон куыст кодтой семæ. Бæрæг ма кодтой æвæрæз бинонты, фæкæсæг кæмæ нæй, ахæм æмбæстæгты æмæ сын сæ цардуагон уавæртæ хæццæ кодтой æмбæлон службæтæм.

Уæлдай хъусдард ма здæхтой, профилактикон хыгъды чи лæууы, ахæм æмбæстæгтæм. Раздæр фыдракæнд чи сарæзта, ахæмтимæ æдзух кодтой профилактикон куыст, цæмæй сæ дарддæры царды ныллæууой раст фæндагыл. Фадыгон инспекторæн йæ хæс у, цæмæй алкæцы æмбæстаджы дæр бахиза фыдбылызæй, бамбарын ын кæна æнæраст къахдзæфтæ саразыны фæстиуджытæ. Ахæм куыст кæнын фылдæр рæстæг æмæ тых домы, уымæн æмæ бафхæрын у иууыл æнцондæр фæндаг.

Алы æмбырды дæр бынæттон цæрджытæ райгонд уыдысты сæ фадыгон инспекторты куыстæй. Бирæтæ дзы дзырдтой арфæйы ныхæстæ милицийы кусджытæн, сæ проблемон фарстатæ скъуыддзаг кæныны рæстæджы сæ фарсмæ кæй балæууыдысты, уый тыххæй.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.