«Во внутреннем мире человека доброта – это солнце» (В.Гюго)
Хъыгагæн, ныртæккæйы æгъатыр æмæ тæссаг дуджы æнкъардæуы бирæ моралон æргъадты цухдзинад. Афтæ куы зæгъæм, зæгъгæ, уымæн йæ бындур у адæмы цардуагон уавæрты ныллæг æмвæзад, уæд уый раст нæ уыдзæн. Цæмæй адæймагыл дæ негативон эмоцитæ ма калай, кæцыйæн æнæуый дæр ис йæхи фаг проблемæтæ, уый тыххæй бирæ тыхтæ бахардз кæнын нæ хъæуы. Хъæуы хуымæтæджы хиуылхæцындзинад цыфæнды уавæрты дæр. Райсомæй куыстмæ æрбацæугæйæ, алчидæр хæсджын у, цæмæй йæ коллегæтæм равдиса аудгæ ахаст æмæ сын зæрдæрайæ салам зæгъа. Раст у, тыхæй никæйы бауарздзынæ, никæмæн дæр дæхи бауарзын кæндзынæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæсджын не стæм, цæмæй кæрæдзи уарзæм, кæрæдзийæн кад кæнын дæр алкæмæн йæхи бар у, фæлæ кæрæдзийы ахасты корректон уæвын махæй алкæйы хæс дæр у. Никæмæн ис уый бар æмæ дæлдзиныг кæна адæймаджы. Ничи ма аивта тæмæссаг ныхæстæ «табуафси», «дæ хорзæхæй» æмæ сæ хъæуы арæхдæр пайда кæнын.
Ныртæккæ арæх фехъусæн ис, зæгъгæ, раздæр адæм кæрæдзийæн тынгдæр аргъ кодтой, кæрæдзи тынгдæр уарзтой кæд æмæ уыцы рæстæджы адæм мæгуырдæр цард кодтой, уæддæр. Фарстæуы, уæдæ цы у йæ аххосаг? Мæнмæ гæсгæ, мах ферох кодтам сæйраг цардуагон адæймагады тезисы тыххæй: Хæларзæрдæдзинад у царды нормæ, фыдæхдзинад та у бумеранг. Искæимæ быцæуы рæстæджы мах, æгæрыстæмæй, ферох кæнæм элементарон культурæйы тыххæй, æмæ кæрæдзийæн гуымир ныхæстæ фæдзурæм, кæцыйæн вæййы мæгуырау фæстиуджытæ. Æрвылаз дæр чырыстон диныл хæст адæм банысан кæнынц хатыркурæн хуыцаубон. Ацы аз уыд 14-æм марты. Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ-иу мæм раздæр, ома, цалдæр азы размæ дæр мæ зонгæтæ мæ телефонмæ æрбарвыстой интернетæй сисгæ цæттæ тексттæ ахæм мидисимæ, зæгъгæ, дæ кæд искуы истæуыл фæхъыг кодтон, уæд мын æй ныххатыр кæн. Фæлæ азæй-азмæ уыцы адæймæгты нымæц кæны къаддæрæй-къаддæр, ома ацы аз 14-æм марты мæ телефонмæ ахæм тексттæ æрбарвыстой æрмæстдæр дыууæ адæймаджы. Æргомæй зæгъдзынæн уый дæр, æмæ мæхæдæг дæр кæй никæмæ арвыстон хатыркурæн ныхæстæ, кæд ма уый фæстæ фæфæсмон кодтон, уæддæр.
Иу сылгоймаг та мын афтæ радзырдта, зæгъгæ, дам, иу куыстуаты кусгæйæ хæ-ларæй цардтæн мæ коллегæимæ, фæлæ, зæгъ, иу дыууæ азы размæ кæрæдзимæ фæхæрам стæм бынтон ницæйы тыххæй. Фылдæр, зæгъ, уыд мæ коллегæйы аххос, фæлæ уый йæ рæдыд нæ бамбæрста æмæ мæм хатыркурæн хуыцаубоны мæ телефонмæ не ‘рбарвыста хатыркурæн ныхæстæ кæд æм тынг æнхъæлмæ кастæн, уæддæр. Куыд фæзæгъынц, зæгъгæ, дыууæ хылгæнгæгæй, дам, иу дæр раст нæ вæййы. Зæгъдзынæн, дам, уый дæр æмæ мæхæдæг дæр кæй фæрæдыдтæн, хъуамæ мæхиуыл фæхæцыдаин æмæ йæм мацы сдзырдтаин æнæхъуаджы мæ куы смæсты кодта, уæд, фæлæ ацы уæззау царды нуæрттæ никæуыл уал ис. Хыл, зæгъ, уый ракъахта æмæ фыццаг хатыр дæр хъуамæ уый ракуырдтаит, фæлæ… Мæхицæй, зæгъ, не ‘ппæлын, фæлæ, дам куы фæрæдийын æмæ æнæхъуаджы искæйы куы смæсты кæнын, уæд хатыр ракурын, æгæрыстæмæй мæхицæй бирæ кæстæр чи вæййы, ахæм адæймагæй дæр. Афтæ, зæгъ, куы саразын, уæд, дам, мæ удæн бирæ фенцондæр вæййы, раст цыма стыр дур мæ зæрдæйæ аппарын афтæ фæвæййын. Хорз уаид, алчидæр-иу йæ рæдыд куы бамбарит æмæ-иу хатыр куы ракурит, уæд цард бирæ хуыздæр æмæ рæсугъддæр уаид.
Махæй алчидæр хъуамæ йæ зæрдæйæ аппара æппæрццаг эмоцитæ æмæ æндæр цæстæй акæса алфæмбылай дунемæ. Иууыл фыццаг адæймаг хъуамæ кад кæна йæхицæн æмæ уый фæстæ та йæ алыварс уæвæг адæмæн. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм уартæ 1990 азты æхстыты бын æмæ æххæст блокадæйы куы уыдыстæм, уыцы рæстæджытæ. Уæд адæм кæрæдзи тынгдæр æмбæрстой, иу тымбыл къухау æрбангом стæм æмæ уый фæрцы фæтых стæм æгъатыр знагыл. Абон уыцы æнгомдзинадæн йæ кой дæр нал ис.
Райсомæй адæймаг йæ хæдзарæй куы рахизы æмæ йын йæ сыхаг адджын салам куы зæгъы, кæнæ дыл куыстмæ æрбацæугæйæ дæ коллегæтæ хъуынтъызæрфыгæй нæ, фæлæ зæрдæрайæ куы амбæлой, хорз салам дын куы радтой, уæд куыд тынг æхсызгон вæййы адæймагæн. Æнæхъæн бон адæймаджы зæрæдæйыравг вæййы хорз æмæ уымæн та ис стыр нысаниуæг. Куыд æхсызгон вæййы зæрдæйæн иу уынгæй иннæ уынгмæ хизгæйæ, шофыр йæ машинæ куы фæуромы æмæ нын фæндаг куы ратты, уый дæр. Адæймаг бабуц вæййы, зæгъгæ, нæм æгайтма ахæм æрхъуыды-джын æмæ уæздан адæм ис, æмæ сын бузныджы нысанæн нæ сæртæй ныллæг акувæм. Ахæм элементарон хорз ахаст махæй алкæйы бон дæр у саразын, фæлæ йæ цæмæдæр гæсгæ нæ аразæм. Бирæтæ дын ахæм хъæбæр ныхæстæ зæгъдзысты чысыл ницæйы тыххæй дæр æмæ дæхимæ иу цасдæр нал æрцæудзынæ.
Æрæджы Хъайтарты уынджы магазинтæй сæ иумæ бацæугæйæ, уым сылгоймагимæ хылгæнгæ баййæфтон иу нæлгоймаджы. Нæлгоймаг æм ахæм гуымир æвзагæй дзырдта, раст цыма йæ разы сылгоймаг нæ лæууыд, фæлæ цыфыддæр знаг. Сылгоймаджы цы хъуыд, уый дæр нал балхæдта, афтæмæй цæуынмæ фæцис. Куыд рабæрæг, афтæмæй уыдон уыдысты сыхæгтæ æмæ цæуылдæр хæрам уыдысты кæрæдзимæ. О, фæлæ нæлгоймагæн уый бар чи радта æмæ ахæм дзыхæй дзырдтаид искæйы сылгоймагмæ, уæлдайдæр та æхсæнадон бынаты. Гъе, уый дын ирон нæлгоймаг.
Æрæджы магазины цыдæртæ балхæнгæйæ, эксперименты хуызы мæ разæй ауагътон цалдæр адæймаджы, уыдонæй сæ иу уыд нæлгоймаг, кæцы уайтагъд сразы мæ фæндыл, фæлæ мын дзы иу дæр хуымæтæджы бузныг нæ загъта. Уый та ууыл дзурæг у æмæ нæ культурæ ныллæг æмвæзадмæ кæй æрхаудта. О, фæлæ алцы хæсты аххос фæкæнæм, уый дæр раст нæ уыдзæнис. Алчидæр нæ ахъуыды кæнæт, цæмæй ныртæккæйы уæззау дуджы кæрæдзимæ дарæм аудгæ ахаст, алчидæр нæ хъуамæ тырна йæ алыварс дуне хуыздæрырдæм фæивынмæ. Афтæ куы уа, уæд та кæддæры зæрдæхæлардзинад фæстæмæ раздæх-дзæн æмæ нæ цард фæцымыдисондæр уыдзæн. Хуыцау зæгъæд!
ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.