Æгъдау æмæ æфсæрмдзинадæн стыр нысаниуæг кæй ис, уый йæхи æмбарынхъом чи у, уыдон се ‘ппæт дæр зонынц. Ацы тæхудиаджы миниуджытæ хæлд куы фæцæуынц, уæд уый тынгдæр бандавы хистæр кары адæймæгтыл. Уымæн æмæ уыдон куы рæзтысты уæд сæ уавæртæ æмæ гæнæнтæ цасдæрбæрцæй уыдысты æндæргъуызон, цард сын уæд сæ разы æвæрдта æндæр домæнтæ. Нæ хъаст кæнын абоны уавæртæ, домæнтæ æмæ кæстæртæй, фæлæ мæм афтæ кæсы æмæ раздæр кæстæртæ хуыздæр ахаст дардтой хистæр кары фæлтæртæм.

Ацы уац ныффыссын дæр мæ бафæндыд цæмæй ракæнон ног 2021 азы бæрæгбоны хæдразмæ, кæстæрты æрдыгæй, цы цалдæр мæгуырау цауæн уыдтæн æвдисæн, уыдоны кой. Иу бон ныззæланг кодта мæ телефон æмæ дзы алы хатт дæр æхсызгон хабæрттæ кæй фехъусын, уый тыххæй йæ мæ дзыппæй фелвæстон цингæнгæ. Фæиу æй кодтон æмæ мæ хъустыл ауад æнæзонгæ æвзонг лæппутæ æмæ чызджыты хъæлдзæг хъæлæба. Бамбæрстон мæнмæ кæй нæ дзурынц, сæхицæн дæр сын загътон кæй агурынц уый æз кæй нæ дæн уый æмæ йæ ахицæн кодтон. Чысыл фæстæдæр та ногæй ныззæланг кодта мæ телефон. Ногæй та хъусын, бамбарын сын кодтон сæ хъазæн ныхæстæм хъусыны зæрдæ мын кæй нæй уый æмæ сæ бафæдзæхстон, цæмæй мауал дзурой ацы номырмæ. Цыма мын мæ ныхæстæ нæ фехъуыстой, уыйау  дзæнгæрджытæ уадзынц æмæ уадзынц. Æз афтæ стыхстæн æмæ йæ хъуамæ ахицæн кодтаин, фæлæ мæм мæ хиуæттæ æмæ зонгæтæй бирæ чидæртæ кæй фæдзурынц, уымæ гæсгæ афтæ нæ бакод-тон. Ногæй та ныззæланг кодта мæ телефон. Афтæ ноджы цалдæр хатты…

Уымæй цалдæр бон фæстæдæр та сыхы цалдæр ацæргæ цæрæгæй рахыстыстæм кæртмæ æмæ нæхицæн ныхас кодтам цæуылдæрты. Нæ иу уыд, фæндзай азæй фылдæр ахуыргæнæгæй чи фæкуыста, адæмон ахуыргæнæджы æмæ æндæр бирæ хорзæхты хицау чи у, ахæм. Иу рæстæджы хæдзары тигъæй æрбазынд иу æвзонг сылгоймаг йе ‘ртæ кæстæримæ. Салам нын бæргæ загъта, фæлæ, æвæццæгæн, хуыздæр уыдаид нæ иувæрсты, æнæисты зæгъгæйæ куы ахызтаид. Уымæн æмæ къорд азты йæ ахуыргæнæг чи уыд уымæ, ном æмæ фыды номæй нæ бадзырдта, фæлæ ма, саби  куы уыд, уæд æй йе ‘мкарæнтæ цы фæсномыгæй хуыдтой, уыцы номæй. Нæлгоймаг йæ раздæры ахуыргæнинаджы ахæм ахасты тыххæй фæтыхст, цыдæртæ зæгъын дæр æй бæргæ фæндыд, фæлæ йæ фыр диссагæй уыдон дæр æрбайрох сты, æрмæст ма, сылгоймаг куы адарддæр ис, уæд дзы  райхъуыст;

– Куыд тæригъæд сты йæ фæстæ цы кæстæртæ фæуайынц уыдон, цахæм хъомылдзинад сын хъуамæ ратта.

                                                                                               ПЛИТЫ Назирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.