Алы бæстæйы дæр сывæллæттæм здæхт вæййы уæлдай фылдæр хъусдард, уымæн æмæ уыдон сты сæ адæмы сомбон. Ӕнахъомты хъомылады хистæр фæлтæр æмбæлон хайад куынæ исой, уæд æнцонæй фæиппæрд вæййынц раст фæндагæй сæ царды.

Нæ бæстæйы къухдариуæгады æрдыгæй рохуаты не сты æнахъомтæ æмæ æвæрæз бинонтæ дæр. Ӕххуыс сын кæнынц алыварсонæй дæр, хуыздæр сын кæнынц сæ царды уавæртæ. Фæлæ дзы уæддæр разыны ныййарджытæй ахæмтæ æмæ, сæ нæ фæфæнды сæхи батыхсын кæнын, ныххæцынц нозтыл, æмæ уый фæстиуæгæн сывæллæттæ аззайынц рохуаты.

Горæт Цхинвалы ахæм æвæрæз бинонтæ сты 22. Цхинвалы милицийы управленийы æнахъомты фæдыл хайады хистæр Гатайты Лали куыд зæгъы, афтæмæй ацы æвæрæз бинонтæ æдзухдæр сты милицийы хъусдарды бын. «Ацы ныййарджыты сæйраг проблемæ у нозт кæнын. Сæ фылдæр кусгæ никуы кæнынц, фæлæ æдзух кæнынц нозтдзуан. Ис дзы цалдæр ахæмтæ дæр æмæ лæууынц наркологон диспансеры хыгъды. Ахæм бинонты æхсæн цы сывæллæттæ хъомыл кæны, уыдон сты тæригъæд. Сæ ныййарджытæ нозтджынтæй сæ кæрæдзиимæ дæр фæхыл вæййынц æмæ ма сывæллæттæм дæр сæ къух сисынц.  Мах ахæм цаутæ куы фенæм, кæнæ куы фехъусæм, уæд саразæм административон æрмæджытæ æмæ сæ арвитæм æнахъомты фæдыл къамисмæ», – банысан кодта Гатайты Лали.

Ӕвæрæз бинонтæ сты социалон хъахъхъæныны управленийы хыгъды дæр æмæ исынц æмбæлон æххуыс хицауадæй. Афтæ ма сын баххуыс кæны парти «Иугонд Ирыстон» дæр. Милицийы кусджытæ дæр сæм нырма афтид къухæй никуы бацыдысты, – балхæнынц сын куы хæлцадон продукттæ, куы дарæс.Фæлæ адæймаг йæ царды уавæртæ хуыздæр кæныныл йæхæдæг куы нæ  архайа, уæд уыцы æххуысы бæркад нæй. Ӕрвылбон кæмæдæр куы æнхъæлмæ кæсай, цæмæй дын бахæринаг æрбахæсса, уæд уый мæгуырау хъуыддаг у. Афтæ ма куы уаид æмæ исты сахъатджын сты æмæ сæ бон кусын нæу, уæд ма йын бамбарæн ис. «Ӕрæджы бæрæггæнæг ацыдыстæм иу æвæрæз бинонтæм райсом раджы æмæ ныййарджыты бæййæфтам нозтджынтæй. Сæ чызгыл цæуы 16 азы æмæ хæдзары нæ разынд – куыд рабæрæг, афтæмæй уый алыгъд хæдзарæй, цæмæй йæ ныййарджыты быцæу ныхас мауал хъуыстаид», – зæгъы Гатайты Лали.

Ахæм бинонты æхсæн цы сывæллæттæ хъомыл кæны, уыдон нæ исынц аккаг рæвдыд сæ ныййарджытæй æмæ сæ уагахаст фæхицæн кæны æндæр сывæллæттæй. Милицийы кусджытæ æдзухдæр архайынц, цæмæй уыцы сывæллæттæ цæуой скъоламæ æмæ исой зонындзинæдтæ. Скъолайы дæр æнæхъусдард не сты ахуыргæнджыты æрдыгæй. Аразынц сын æмбæлон уавæртæ, цæмæй сæ ахуыры процесс ма къуылымпы кæна. Здахынц сæм уæлдай хъусдард, уымæн æмæ уыцы сывæллæттæ хъомыл кæнынц ахæм æндыгъд уавæрты æмæ сывæллоны психикæ фæивы æвзæрырдæм, свæййынц мадзура, кæнæ та – фыдгалиу, «макæ» нæ фембарынц. Милицийы кусджытæ сын ам дæр контроль кæнынц сæ уагахастыл, нæ сæ уадзынц фæткхалæн  цаутæ  аразын. Кæд дзы исчи нæ вæййы уроктыл, уæд æй æнæмæнгæй базонынц, цавæр аххосаджы тыххæй нæ уыд скъолайы. Разыны дзы ахæмтæ, кæцытæ нæ фæсæттынц, куыд скъолайы, афтæ уынджы дæр сæхи фæдарынц æвзæр. Ахæм æнахъом барадхалджыты милицийы кусджытæ сæвæрынц профилактикон хыгъды æмæ семæ фæкусынц хицæнæй, цæмæй сæ бафтауой раст фæндагыл.

Алы ныййарæгæн дæр йæ сывæллоны раз ис хæстæ, кæцытæ хъуамæ æххæст кæна. Ныййарджыты æрдыгæй бархалæн цауты факттæ куы уа, сæ сывæллæттæм æмбæлон хъусдард куы нæ здахой æмæ алы æвзæрдзинадыл куы ныххæцой, уæд ахæм ныййарджытæн закъонмæ гæсгæ цух кæнынц сæ ныййарæджы бартæй сывæллоны та радтынц интернатмæ æмæ афтæмæй ис ныййарæгæй аззайы сидзæрæй. Цæмæй нæм ахæм цаутæ ма цæуа æмæ къаддæр уой ахæм бинонты нымæц, уыцы нысанæн арæзт æрцыдис æнахъомты фæдыл къамис дæр æмæ милицийы æнахъомты фæдыл хайад дæр. Ахуыр-гæнджытæ дæр æмæ милицийы кусджытæ дæр стыр хайбавæрд хæссынц ацы проблемон фарст аскъуыддзаг кæнынмæ. Бирæ æвæрæз бинонтæ, ахæм хъусдард æмæ æххуысы фæстæ, слæууыдысты  сæ къæхтыл æмæ ныр сæ цардæй райгонд сты.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.