Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ дуг тынг фæивта, уыцы нымæцы адæм дæр цыма фегъатырдæр сты. Фæлæ, уæддæр не ‘хсæн бирæ ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ искæйы уæззау хъысмæт, уæззау цардмæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсынц. Æрæджы мын мæ зонгæ сылгоймаг радзырдта нæ горæты скъола-интернаты хъомылгæнæджы хæрзаудæн архайды тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, æз дæр бацымыдис кодтон æмæ æввахсдæр базонгæ дæн йемæ æмæ абон мæ дзырды сæр дæр у ацы зæрдæхæлар сылгоймаджы тыххæй.

Цъæхилты Залинæ райгуырд Цхинвалы районы Сарабукъы хъæуы. Каст фæци Уанаты астуæккаг скъола. Уый фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты райдиан ахуырады педагогикæ æмæ методикæйы факультетмæ. Институт каст нæма фæци, афтæмæй 1980 азы кусын райдыдта  ахуыргæнæгæй, йæхæдæг каст цы скъола фæци, уым – Сарабукъы астæуккаг скъолайы æмæ дзы фæкуыста, цалынмæ скъола гуырдзиаг фашисттæ нæ басыгътой, уæдмæ. Уæд Сарабукъы скъолайы кæцыдæр кълæстæн рæстæгмæ бынат рахицæн кодтой нæ горæты 3-æм астуæккаг скъолайы. Сарабукъаг ахуыргæнинæгтæ ахуыр кодтой дыккаг сменæйы. Уый фæстæ та сын рæстæгмæ бынат рахицæн кодтой Гафезы уынджы сывæллæтты цæхæрадоны бæстыхайы. Бæргæ ма архайдтой Сарабукъы хъæуы скъола сæндидзын кæныныл, иу рæстæджы дзы вагæттæ дæр сæвæрдтой æмæ дзы уæвынад кодта 9-азон скъола, фæлæ уæддæр скъола æхгæд æрцыд. 1994 азы Цъæхилты Залинæ кусынмæ бацыд горæт Цхинвалы скъола-интернатмæ хъомылгæнæгæй, кæцы арæзт æрцыд Куртайы сидзæр сывæллæтты хæдзары бындурыл æмæ ныр дæргъвæтин азты дæргъы кусы ацы уагдоны. Æдæппæтæй йын ахуыргæнæджы стаж та ис 35 азы.

Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы Куртайы сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæ дæр бахаудтой уæззау уавæры. Гуырдзыйы тыххæй лидзинаг фесты æмæ æрбынат кодтой нæ горæты зынхъомылгæнæн сывæллæтты профессионалон ахуыргæнæндоны бæстыхайы. Дæргъвæтин рæстæджы сын ахуыртæ уагъд цыдысты къуындæг уавæрты, фæлæ, дам, бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. 2008 азы августы хæсты рæстæджы Цхинвалы скъола-интернаты бæстыхæйттæ тынг бахъыгдард сты æмæ кусынæн бæзгæ нал уыдысты. Фæлæ сæ цæрæнбон бирæ ОАО «Российские железные дороги»-йы кусджытæн В.Якунины сæргълæудæй. Уыдон бавдæлдысты æмæ сæхимæ хæс райстой, цæмæй Хуссар Ирыстоны къух истæмæй фæрогдæр кодтаиккой. Самал кодтой финансон фæрæзтæ æмæ æхсæз мæймæ интернаты æртæуæладзыгон  корпустæй иу ногæй сарæзтой æмæ иннæ æртæуладзыгон корпус та реконструкци скодтой. Балхæдтой сын æнæмæнгхъæуæг инвентарь дæр æмæ дзы æрбынат кодтой Куртайы сывæллæтты хъомылгæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæ, абоны Цхинвалы скъола-интернат. Ацы уагдоны кусджытæ аудгæ ахаст дарынц сæ хъомылгæнинæгтæм, рæвдауынц сæ хи хъæбултау. Æгæрыстæмæй, ахуырдзаутæ скъола каст куы фæвæййынц, уый фæстæ дæр сæм лæмбынæг сæ хъус фæдарынц цасдæр рæстæджы дæргъы.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, дам, сывæллон Хуыцауы лæвар у. Дыууæ æвзонг адæймаджы сæ цард куы баиу кæнынц, уæд сын се ‘ввахс хиуæттæ, сæ зонгæтæ фæкувынц, цæмæй сын Хуыцауы цæст бауарза хъæбултæ. Æвзонг цардæмбæлттæй бирæтæ хъæбулы фæзындмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, сæ быныбындуртæ дæр нæ бавгъау кæнынц æмæ хос кæнынмæ фæцæуынц дард рæттæм, уыцы нымæцы Мæскуымæ дæр.

Стыр Хуыцауы цæст хъæбултæ кæцы ныййарджытæн бауарзы, уыдонæй иуæй-иутæ  разынынц бынтон æбæрны адæймæгтæ æмæ фараст мæйы дæргъы сæ зæрдæйы бын кæй фæхæссынц, уыцы хъæбулы баппарынц сидзæрты хæдзармæ кæнæ та скъола-интернатмæ. Ахæм сывæллæттæ сæ чысылæй фæстæмæ нæ банкъарынц мады къухты хъармдзинад, авдæнмæ нæ байхъуысынц мады алолайы æхцон зæлтæм æмæ цæрæнбонтæм баззайынц  ныййарджыты ‘рдыгæй рæвдыдцухæй. Бирæтæ дзы фæиппæрд вæййынц царды раст фæндагæй дæр. Ис ныййарджытæй æнæ ныййарæг чи у, ахæм сывæллæттæ бирæ уыд æмæ ис Цхинвалы скъола-интернаты дæр. Бирæ ныййарæг сырдæй æвзæрдæр у. Ау, сырд дæр ма йæ лæппыны куы фæуарзы, уæд иуæй-иу мæдтæн зæрдæйы бæсты сæ риуты дойнаг дуртæ ис. Куыд гæнæн ис æмæ дæ хъæбулы хъысмæты æвджид бакæнай…

Ацы аз Цхинвалы скъола-интернаты уыд 11 рауагъдоны. Ацы рауагъдонтæн 11 азы дæргъы сæ хъомылгæнæг уыд Цъæхилты Залинæ. Сылгоймаджы ныхæстæм гæсгæ йæ къласы 8-æм къласы онг уыд 18 ахуыргæнинаджы, фæлæ дзы цалдæрæй ахуыр кæнын кæй нæ фæрæзтой, уымæ гæсгæ сын хуыздæрыл банымадтой Цхинвалы бирæпрофилон колледжы исты дæсныйад райсын. Æнæуый цæргæ та кодтой скъола-интернаты. Ацы аз Цхинвалы скъола-интернаты фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбонмæ фæуазæг РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Уый цытджын церемонийы рæстæджы рауагъдонтæй сæ иу – Гæбæраты Иринæйæн балæвар кодта иухатæнон фатеры дæгъæлтæ, цæмæй йын скъола каст фæуыны фæстæ цæрыны бынат уа.

Цъæхилты Залинæйы ныхæстæм гæсгæ, Иринæйæн ис ныййарæг мад, фæлæ чызг хуыздæрыл банымадта интернаты цæрын йæ мадимæ йæ ахастытæ тынг æвзæр кæй сты, уымæ гæсгæ. «Иринæ ахуыр кодта хорз, фылдæр ын ис тынг хорз нысæнттæ. Чызг сфæнд кодта Дзæуджыхъæуы ЦИПУ-йы дунеон ахастыты факультетмæ бацæуын, фæлæ йæ чи акодтаид, уый йын нæ уыд. Уæд æз мæхимæ райстон ацы хæс, акодтон æй Дзæуджыхъæумæ æмæ йын æхсæвиуат кæм æркодтаид, ахæм хион кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ йæ бакодтон мæ чызгмæ, кæцы цæры ацы горæты, кусы дохтырæй Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны. Мæ чызг Гæззаты Линæимæ фæрацу-бацу кодтам æмæ йын айсын кодтам йæ документтæ, кæд ын цыдæр гæххæт цух уыдысты, уæддæр. Радта уал æртæ фæлварæны, фæлæ студент суыдзæн уый та рæстæг фенын кæндзæн, стыр конкурс дзы ис. Æнæуый ма йæ документтæ фæсаууонмæ ХИПУ-мæ дæр радта, ома, конкурсы куынæ ацæуа, уæд ын бынат нæхимæ уæддæр уа. Ректор Тедеты Вадим нын баныфсæвæрдта, чызг æддейæ кæй нæ баззайдзæн, уымæй», – радзырдта скъола-интернаты хъомылгæнæг.

Куы йæ афарстон йæ иннæ рауагъдонтæй, уæд мын уыдоны тыххæй дæр радзырдта лæмбынæг. «Мæ къласы 11 рауагъдонæй дыууæйæ бацыдысты Цхинвалы бирæпрофилон колледжмæ, дыууæйæ та – ХИПУ-йы физкультурæйы факультетмæ, иу – уырыссаг филологимæ, иу – райдиан ахуырады  æмæ фондз та – юридикон факультетмæ. Абоны онг дæр ма скъола-интернаты цæрынц дыууæ рауагъдоны. Уыдонæй сæ иу у Уалыты Иринæ. Чызгæн йæ мад амард, æртæ азы йыл куы цыд, уæд. Æгæрыстæмæй, йын сидзæры социалон пенси дæр арæзт нæ уыд. Æз æмæ нæ интернаты соцпедагог Тыджыты Светæ фæрацу-бацу кодтам,  сарæзтам ын йæ пенси æмæ йын абоны бонмæ æрбамбырд иу чысыл фæрæзтæ, кæцытæ йын рабæздзысты йæ дарддæры царды. Нæ ахуыргæнинæгтæй бирæтæн сæ райгуырдæй фæстæмæ уæззау хъысмæт кæй вæййы, уымæ гæсгæ сæ алкæйы зæрдæмæ дæр фæндаг агурын, рæвдауын фæхъæуы. Рауагъдон балмæ сæ кæмæн къаба нæ уыд кæмæн та – дзабыртæ. Æз мæ чызгмæ бахатыдтæн æмæ мын уый йе ‘мбæлттæй райста алыгъуызон уæлæдарæс, кæцытæ уыдысты ногты хуызæн, йæхæдæг дæр нын цыдæртæ æрæрвыста. Бынтон сидзæртæ  та сты уæлдай контролы бын. Скъола-интернаты директор Тедеты Роланд алцыдæр аразы, цæмæй йæ дæлбар уагдоны ахуыргæнинæгтæ мацы цух, уой, уый тыххæй», – радзырдта нын Цхинвалы скъола-интернаты хъомылгæнæг.

Уæдæ æрмæст йæ ацы иу мийы тыххæй дæр Цъæхилты Залинæ у арфæйы аккаг сылгоймаг. Бирæ ныййарæг йæхи хъæбулы тыххæй дæр фæзивæг кæны искуыдæм ацæуын, фæлæ Залинæйæн хъæбулы хуызæн чи свæййынц, йæ уыцы хъомылгæнинæгты тыххæй никуы ницæмæ базивæг кæны. Хорз хъуыддаг саразын дæр сгуыхтдзинад у æмæ йын стыр Хуыцауы цæст бауарзæт фидар æнæниздзинад æмæ царды æппæт хæрзиу-джытæ.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.