Царды цавæрфæнды дæсныйад ма равзарай, цы фæнды хъæздыг ма уай, уæддæр дзы дæ адæмæн  пайда куынæ хæссай, уæд æрмæстдæр дæхи гуылы бын æндзарыс, дæхи уды мæт кæныс. Æз нæ кæнын æрмæст материалон пайдайы кой, фæлæ алы адæймаг дæр иу чысыл æхсæнадон цардмæ йе ‘ххуысы къух куы фæдарид, йæ фадат кæм у, уым куы баххуыс кæнид, уæд цард бирæ рæсугъддæр уаид.

Хорздзинад аразын ныхасæй нæ, фæлæ хъуыддагæй аразын кæй хъæуы, уый бирæ хæттыты равдыста не ‘мзæххон Тъуриты Алан, нырма Харьковы, стæй Хъырымы цæргæйæ.

Къахеты Арешпераны хъæуккаг Тъуриты Аланы биографийыл лæмбынæг нæ дзурдзынæн, бирæ зæгъинаг дзы ис. Йæ æрыгон бонты ацард Тбилисы дæр, стæй каст фæци Хуссар Ирыстоны паддзахадон институты историон факультет. Йæ тых фæлвæрдта хъæбысхæсты, уыд ын хорз æнтыстытæ, фæлæ йæ нæуæдзæм азты райдайæны бахъуыд горæт хъахъхъæн-джыты æмрæнхъ æрлæууын. Уыд ОМОН-ы взводы командир. Уæды заман та, цæмæй сабырдзинад уа, уый тыххæй ацы ведомствойыл стыр уæз цыдис. Алан мын йæ куысты тыххæй, хъыгагæн, ницы радзырд-та, уымæн æмæ йæ нæ фæндыд исты ныффыстаин, кæимæ куыста, уыдонæй дæр мæ къухы уыййас ничи бафтыд.

«Мах куыстам уæззау уавæрты. Уыд 90-æм азы райдайæн. Нæ уыд рухс, газ, дон, транспорт. Фыдгæнджыты фæдыл-иу нæ бахъуыд къахæй уайын дæр. Нæ фадат ахæм уавæрты цас амыдта, уымæй хъахъхъæдтам республикæйы сабырдзинад. Алан уæд нырма уыд æрыгон, фæлæ сæрæн, æвзыгъд лæппу. Æнæзивæгæй æххæст кодта алы хæслæвæрд дæр. Уæдæй бирæ азтæ рацыд æмæ дзы, хъыгагæн, мæ зæрдыл бынтон бæлвырд ницыуал лæууы». – дзырдта мын ОМОН-ы кусæг Плиты Игорь.

Хæст куы фæсабыр, уæд 1993 азы Тъуриты лæппу хуыздæр цардагур афтыд Харьковмæ. Уæдмæ йæ фыд уым цард.

Ирон лæг кæм нæ цæры, ахæм бынæттæ бирæ нæй. Фæлæ арфæйаг уый у,  дард æцæгæлон зæххыл кад æмæ ном чи скæны  йæ адæмæн. Алан кæм фæнды ма куыстаид, уæддæр спортимæ йæ бастдзинад никуы фехæлдта.  Харьковы йæ тыхтæ баиу кодта, Украинæйы кад чи хъахъхъæдта, хъæбысхæсты историйы стыр фæд чи ныууагъта, уыцы ирон лæппутимæ, сæ къухмæ райстой  спорты ацы хуызы хъысмæт æмæ йын йæ кад бæрзонд æмвæзадмæ систой. Уыдон уыдысты: Олимпаг чемпион, Украинæйы Сæйраг Радæйы уæды депутат Тедеты Эльбрус, уæгъдибар хъæбысхæстæй Украинæйы иугонд командæйы сæйраг тренер Саулохты Руслан, йе ‘фсымæр, зынгæ тренер Саулохты Барис, грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй Украинæйы иугонд командæйы сæйраг тренер Дзыгасты Артур, Хъырымаг амалхъом æмæ меценат, хъæбысхæсты ассоциацийы президент Дзангуыбегты Джемал, зындгонд тренертæ Тасойты Вадим, Гиоты Вадим æмæ бирæ æндæр сæрæн лæппутæ. Фидарæй зæгъæн ис, Украинæйæн хъæбысхæсты кæд исты æнтыстытæ уыд, уæд фылдæр ирон лæппуты руаджы.

Ирыстон богалты бæстæ у, бирæ курдиатджын хъæбысæйхæцджытæ нæм ис æмæ афтæмæй Уæрæсейы иугонд командæйы дæ бынат ссарай, уый тынг зын у. Уый зонгæйæ нæ украинаг æмзæххонтæ ирон лæппуты хуыдтой уырдæм æмæ сын арæзтой æппæт фадæттæ дæр цæрынæн дæр æмæ архайынæн дæр. Уыдон-иу кæд Украинæйы кад хъахъхъæдтой, уæддæр ном кодтой Ирыстонæн. Сæ кой айхъуыст дардыл.

Уыимæ ерыстæм, стæй  рæстæгмæ æмбырдтæм (сборы) Уæрæсейы командæтæй чи цыд, кæрæдзи фæлтæрддзинадыл ахуыр кæнынмæ, уыцы ирон лæппутæ дæр бирæ уыдысты. Уыдонæн дæр сæ лæггады хай кодтой. Алан-иу, тренер уæвгæйæ,   лæппуты акодта йæ уазæгуарзаг хæдзармæ æмæ-иу æм цалдæргай бонты фæцардысты, йæ бинонты-иу бафæдзæхста, цæмæй сæ  мацы цух ныууадзой.

Æлдаттаты Ибрагим æмæ Зассеты Ален цæмæй Олимпаг  бæрзæндтæм схизой, уый тыххæй бирæ бафыдæбон кодта Алан. Дзæвгар рæстæг Харьковы цардысты йæ хæдзары æмæ сын æххуыс кодта. Уый фæстæ фæхуыдта дзæуджыхъæуккаг Гобозты Эрикы. Уый Аланы æххуысæй цыбыр рæстæгмæ ссис Украинæйы грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй  спорты мастер, Европæйы æвзист призер, Украинæйы дыууæ хатты чемпион æмæ æртæ хатты æвзист призер, дунеон чемпионатты бирæ хæттыты уæлахиздзау.

Уæлдæр кæй ранымадтам, уыцы фæл-тæрд тренерты руаджы хъæбысхæстæй стыр æнтыстытæ уыд Дзакъаты Аланæн, Дзыгасты Зелимханæн, Цыбырты лæппуйæн…

Æз дзы цалдæры кой ракодтон, фæлæ ахæмтæ бирæ уыдысты. Фæстæдæр Тъуриты бинонтæ цæрынмæ рацыдысты Хъырымы горæт Алуштæмæ æмæ Алан уым адарддæр кодта йæ хæрзаудæн хъуыд-дæгтæ.  Фæстæдæр, Хъырым Уæрæсейы иу хай куы ссис, уæд, хъыгагæн, уæлдæр ранымад богалтæ æмæ тренерты фылдæр хай Украинæйы ‘рдыгæй фарс баззадысты.

Æнæзæгъгæ нæй Дзангуыбегты Джемалы тыххæй. Уый Хъырыммæ цæрынмæ ацыд нæуæдзæм азты райдайæны Боржомæй æмæ йæ  Ирыстоны уыййас ничи зоны, фæлæ цас хорздзинæдтæ аразы ирон лæппутæн, уый йæхæдæг хицæнæй зæгъыны аккаг у. Цы æгæрон спорткомплекс сарæзта, уым рæстæгмæ тренировкæтæ (сбортæ) фæкæнынц æвддæс паддзахады иугонд командæтæ. Хъæбысхæсты цалдæр хуызы уæлдай ма дзы ис бокс, дзюдо, штангæ æмæ спорты æндæр хуызтæ. Скъолайы фарсмæ ис фысымуат, хæрæндон… Ацы скъолайы сæргъы Тъуриты Алан куы ‘рлæууыд, уæд Джемалимæ сæ къухмæ райстой фыццаградон хæстæ: фылдæр ирон лæп-путы фæхонын Хъырыммæ. Спорты бæрзæндтæм схизыны тыххæй та Алуштæйы ис æппæт фадæттæ: хорз уæлдæф, хъæд, хæхтæ, денджыз, æмæ… хорз æххуыс. 200 спортсмены кæм уыд, уыцы комплексы ныртæккæ ис 800 адæймаджы.

Алан нæ уарзы ивгъуыдыл дзурын, зæрдæриссæн мысинæгты йеддæмæ дзы ницы ис, зæгъгæ, фæлæ мын разæнгардæй дзырдта спорты тыххæй.

«Ныртæккæ Джемалимæ Хъырыммæ кæй фæхуыдтам, уыдонæй ис хорз суинаг богалтæ, зæгъæм, уæгъдибар хъæбысхæстæй фæсивæды ‘хсæн дунейы чемпион Хынцæгты Сослан, Олимпаг фидæн æнхъæлмæ кæсы Гæззаты Батрадзмæ, æвæджиауы æнтыстытæ ис Чертхъоты Гурамæн…  Нæ зæрды ма ис ноджыдæр цалдæр лæппуйы æркæнын. Раздæр кæмæн æххуыс кодтам, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, Украинæйы кад хъахъхъæдтой, алкæй та-иу æндæр бæстæм нæ фæндыд. Ныр та Хъырым Уæрæсе у æмæ нæ богæлтæ дæр уый кад хъахъхъæндзысты».

Самбойæ дунеон къласы спорты мастер, Советон Цæдисы командон кубокы чемпион, дунеон кубокы уæлахиздзау æмæ призер, Украинæйы сгуыхт тренер, Хъырымы физикон культурæ æмæ спорты сгуыхт архайæг, Хъырымы сывæллæтты æмæ æрыгæтты спорты скъолайы директор Тъуриты Аланæн фæстаг азты йæ хæстæ фæфылдæр сты: ныр дыккаг хатт æвзæрст æрцыд Алуштæйы горæты советы депутатæй. Тынг бирæ хæстæ æвæрд ыл ис. Æдзух æй хъæуы алыхуызон бæрнон хъуыддæгтæ лыг кæнын, кæцæй йæм нæ дзурынц æмæ нæ цæуынц алы куырдиæттимæ, фæлæ уæддæр йæ уарзон хъуыддагæн рæстæг ссары. Йæхæдæг куыд фæзæгъы, афтæмæй фыццаджыдæр у спортсмен, хъæбысæйхæцæг.

Дзырд дæр ыл нæй, Аланæн йæ фарсмæ уарзæг бинонтæ куынæ уыдаид, уæд йæ къухы уыййас нæ бафтыдаид. Йæ цардæмбал Гобозты Мæдинæ алы хъуыддаджы дæр у йе ‘мцæдисон æмæ æххуысгæнæг. Сæ дыууæ сывæллоны бафтыдтой царды раст фæндагыл. Йæ фырт Васили кæд юристы дæсныйад райста, уæддæр райдианы  йæ фыды фæндагыл ацыд. Сси спорты мастер дзюдойæ, дунеон къласы спорты мастер самбойæ, Европæйы кубокы призер, дунейы чемпионаты æвзист призер.

Арæх фехъусæн вæййы ахæм ныхас: «Ирон лæг агур Ирыстонæй дард рæтты». Уыцы ныхасы рæстдзинад ис. Адæймаг йæ риу хойын æмæ æппæлынæй йæхицæн ном никуы скæндзæн. Хъуыддагæй кæй саразай, уый адæм уынынц, уый царды ра-зындзæн. Дæ уарзон ахаст дæ райгуырæн зæхмæ кæм фæнды æмæ цæмæй фæнды равдис, уæлдай нæу. Тъуриты Алан нырма дард Харьковы, ныр та Хъырымы цæргæйæ цал адæймагæн баххуыс кодта, йæ фæрныг хæдзары цал адæймаджы сахуыстой, уыдонæн нымайæн дæр нæй. Йæ царды стырдæр нысан у ирон адæмæн дард рæтты ном кæнын. Ахæмæй фæзæгъынц: «Лæг кæмдæриддæр æмæ кæддæриддæр лæг у!».

                                                                              ДЖУСОЙТЫ  Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.