Ныртæккæ Уæрæсейы райтынг хæрзаудæн фондты архайд æмæ акцитæ. Уыдон фæрцы бирæ низæфхæрд рæзгæ удтæ фæуæлахиз вæййынц мæлæтыл. Мах æвдисæн стæм Уæрæсейы телеканалтæй куы фæсидынц æхсæнадмæ, цæмæй, рынчынтæй зынаргъ хостæ кæй хъæуы, уыдонмæ ‘ххуысы къух фæдарой. Саби-тæй вæййы ахæмтæ дæр, кæцытæн æвæстиатæй аразын фæхъæуы зынаргъ операцитæ. Хæрзаудæн фонд «Подари жизнь», йæ саразæг УФ-йы адæмон артисткæ Чулпан Хаматова, бирæ рынчын сывæллæттæн баххуыс кодта, мæлæты къухæй сæ байста афоныл.

 Уыцы механизм кусы махмæ дæр. Ам Хуссар Ирыстоны та ахæм фонд хуыйны «Подари крылья». Йæ саразæг Цхуырбаты Таьянæ архайы, цæмæй йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кæна онкологон низтæй рынчын сывæллæттæм. Ис нæ горæты хæрзаудæн магазин «Хуры тын» цыран æнæаргъæй райсæн ис уæлæдарæс æмæ гæрзтæхсæн ссадæгтæ. Уый та байгом нæ паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолийы хъæппæрисæй. Уырдæм хуынд æрцæуынц Ленингоры сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ, афтæ ма Дзауы æмæ Цхинвалы горæты цы интернаттæ ис, уыдоны ахуыргæнинæгтæ дæр. Ахуыргæнинæгтæ сæхицæн равзарынц уæ-лæдарæс æмæ сæ къахыдзаумайæ цы хъæуы, уыдон.

Ныр цалдæр аз Хуссар Ирыстоны Алайнаг епархи дæр къуыри иу хатт сцæттæ кæны аходæнтæ нæ горæты уæззау уавæрты цæрæг адæмæн. Коронавирусы пандеми куы райдыдта æмæ уый аххосæй арæнтæ æхгæд куы æрцыдысты, уæд нæ горæты стырдæр супермаркет «Кæрдо»-йы фæзынд тæрхæг «Лавка доброты», цыран тыхст адæмæн сæ бон уыд райсын æнæаргъ продукттæ. Ныр та фæсивæдон организаци «Ныхас»-ы активисттæй дыууæ – Карсанты Семен æмæ Матвеев Александр уадзынц хæрзаудæн акци. «Нет голоду», зæгъгæ, кæцыйы фæлгæтты æрвылбон дæр æнæаргъæй бахæрæн ис аходæн нæ горæты кафетæй сæ иуы.

«Ацы акци арæзт æрцыд æххуысхъуаг иунæг адæймæгтæн. Хъыгагæн, нæ горæты ис, иунæгæй чи баззад, ахæм ацæргæ адæймæгтæ. Ис ахæм бинонтæ дæр, кæцытæ цæрынц тыхст уавæрты. Мах сорганизаци кодтам, уыдонæн аходæнтæ. Уыдонæн бар ис, кæнæ  йæ хæдзармæ ахæссæт, кæнæ та йæ бынаты бахæрæт. Ныртæккæ нæм æппынæдзух цæуынц æрмæстдæр æртæ карджын адæймаджы. Нæ горæт гыццыл у, чи тыхсы, уыдоны алчи дæр зоны, стæй номхыгъд ракуырдтам социалон службæтæй дæр, æрзылдыстæм сыл æмæ сын æй фехъусын кодтам. Адæмæй дæр курæг стæм, кæд сæ сыхæгтæй исчи ахæм ис, уæд нын æй фехъусын кæнæт», – зæгъы лæппутæй сæ иу. Æвзонг хæрзаудæнгæнæг активисттæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй сæ акци рæстæгмæ нæу, уыдон дарддæр дæр архайдзысты æмæ æнхъæлмæ кæсынц тыхст адæймæгтæм, цæмæй сæм æрбацæуой.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.