«Тæхуды йæ уарзондзинад,

       Йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад

       Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй».

Ацы ныхæстæ, цыма Къоста нæ горæты цæрæг Хъуылымбегты Герсаны тыххæй загъта, афтæ рæсугъд æмæ йыл джиппывæрдау абадтысты. Уымæн æмæ Герсан йæ уарзондзнадæй тавы канд йæ хъæбулты, йе ‘ввахс хиуæтты нæ, фæлæ йæ мыггаджы, йæ сыхæгты æмæ æппæт чи йæ зоны, уыдоны иууылдæр. Йæ хорзы ном дæр дардыл хъуыст у. Хайджын у фыдæлты фарнæй, мыггаджы фидауц, лæггадгæнаг, зондамонæг, кæстæрты кæрæдзийыл чи бæтты, ахæм куырыхон хистæр у.

Æрæджы Хъуылымбегты Герсаны райгуырдыл сæххæст 90 азы. Зæгъын хъæуы уый æмæ мидхъуыддæгты органты азфысты, кæд исчи кады бынаты аккаг ссис, стæй дæр дзы намысджын æмæ æнæзæрдæхудт куыст фæкодта, уæд уыдонæй сæ иу – Герсан у. Уый  райгуырдис 1931 азы 3-æм апрелы, Тбилисы. Йæ фыд Никъала куыста трамвайыл машинистæй. Мад Кокойты Мария та кодта хæдзары алыгъуызон куыстытæ, хъомыл кодта йæ чысыл хъæбул Герсаны.

Хъæстаг нæ уыдысты сæ цардæй Никъала æмæ Мария. Уыд сын сæхи æртæхатæнон фатер. Æмæ, æвзонг æмкъæйттæ, сæ фæндтæ нывæзтой сæ сомбоны дарддæры царды тыххæй. Фæлæ иу бон сæ рухс бæллицтæ фæсыкк сты. Æваст Никъала æрбарынчын æмæ йын дохтыры хос дæр ницыуал æххуыс кодта. Уæд Марияйæн бауынаффæ кодтой, цæмæй йын йæ уæлдæф фæивой, акæна йæ, хæххон сыгъдæг уæлдæф кæм ис, ахæм бынатмæ. Цы гæнæн уыд, ныууагътой сæ æртæхатæнон фатер Тбилисы æмæ æрбаздæхтысты сæ фыдæлты уæзæг Хъларсмæ. Сæ цард бæстон кодтой сабыргай, фæлæ хæххон сатæг уæлдæф æмæ æвдадзы хос чи уыдысты, уыцы сыгъдæг дæттæ дæр ницыуал баххуыс кодтой Никъалайæн… Æртæаздзыдæй сидзæры ном абадт Герсаныл. Фæлæ ирон æмбисонд куыд зæгъы, афтæмæй зæрдæйы хъæдгæмтты хуыздæр хосгæнæг рæстæг у. Фæстæдæр Мария ногæй йæ амонд ссардта Хъларсы хъæуы Табуты бинонтæм. Йæ цардæмбал Гыби хорз дыккаг фыд разынд Герсанæн. Хъомыл æй кодта ирон хæдзары царды æгъдæуттыл, фæллойуарзаг æмæ адæммæ уарзондзинадыл. Хъæубæсты æхсæн Гыби æмæ Мария нымад уыдысты уæздан æмæ хæрзæгъдау бинонтыл. Баисты иу фырт æмæ дыууæ чызджы хицау. Кæрæдзийыл зæрдейæ уыдысты Герсан æмæ йæ кæстæр мадызæнæгтæ. Уыцы уарзондзинады тæгтæй абоны бон дæр баст у йе ‘фсымæр Амиранимæ. Хъыгагæн, сæ дыууæ хойы атагъд кодтой се ‘цæг дунемæ…

Герсанмæ цы бирæ хорз миниуджытæ ис, уыдон йæ уды æвзæрдысты æмæ фида-рæй фидардæр кодтой сабийы бонтæй фæстæмæ. Уæд дуг дæр карз æмæ уæззау уыдис. Адæм æмхуызон мæгуыр цард кодтой. Уый хыгъд уарзтой æмæ аргъ кодтой кæрæдзийæн. Гыби æмæ Мария дæр кæд бухъ цард нæ кодтой, уæддæр æмбæрстой, рухс амондджын цардмæ æрмæстдæр ахуыры руаджы кæй ис рахизæн æмæ сæ кæстæрты разæнгард кодтой ахуырмæ. Афтæмæй Герсан æмæ йæ кæстæр мадызæнæгтæ ахуыр кодтой Хъларсы астæуккаг скъолайы. Герсан астæуккаг ахуырад та райста горæт Цхинвалы æмæ æрбаздæхт фæстæмæ йæ уарзон хъæу Хъларсмæ. Уым йæ ныййарджытæн æххуыс кодта хæдзары алыгъуызон куыстыты. Æмæ-иу цы куысты сæргъ не ‘рлæууыд – хъæдæй суг ласта, галтæй хуым кодта, хос карста, фосмæ зылд. Иудзырдæй, æппæтмæ дæр уыд æнæзивæг зындзинæдтæй нæ тарст.

Уæдмæ йæм æрсидтысты æфсады рæнхъытæм. Фæллойы æхсыст лæппу йæ хæс æфсады дæр æххæст кодта æмбæлон уагыл. Службæйы фæстæ æрыздæхт йæ хъæумæ. Фæстæдæр æй колхозонтæ сæхицæн равзæрстой колхозы хынцæгæй. Уыцы рæстæджы сæ рухс фидæныл хъуыды кæнгæйæ, сæ хъарутыл нæ ауæрстой колхозонтæ. Фæллой кодтой зиу – цæдисæй. Фæллад цы у, уый нæ зыдтой. Фæскуыст та-иу сæ фæндыры цагъд, сæ къæрццæмдзæгъд уæлæрвтæм хъуыст. Уыцы рæстæджытæ ныр дæр нæ рох кæнынц Герсанæй, æхсызгонæй сæ æрымысынц.

Ныфсы лæг уыд йæ хъæубæстæн Герсан, зыдта адæмимæ цæрын, æмбæрста алкæмæн дæр йæ рис, йæ сагъæс. Кæд нырма æвзонг уыд, уæддæр хайджын уыд ирон лæджы миниуджытæй. Хъæубæстæ йын хистæрæй-кæстæрмæ стыр аргъ код-той.

Уæдмæ Герсанæн æрцыд йæ амонд ссарыны рæстæг дæр. Йæ зæрдæйæн  адджын уыдис сæхи комбæстаг – Бекъойты чызг.

Юляимæ иу къласы ахуыр кодтой. Ахуыры æмæ æхсæнадон царды дæр уыдысты цæвиттойнаг. Колхозæн сæрды бонты хуымтæ рувыны, фæззæджы та фæллой æфснайыны  рæстæджы скъоладзауты бригадæ архайдтой колхозонтæн æххуыс кæныныл. Фæллой царды фæрæз кæй у, уый æвæццæгæн, уæд банкъардтой Герсан æмæ Юля. Æмæ сæ цард баиу кæныны фæстæ дыууæ æмцæдисон галау царды æфсондз иумæ хастой. Уæдмæ сын фæзынд кæстæр – чызг. Чызгæн скъоламæ цæуыны рæстæг куы æрхæццæ, уæд Герсан æмæ Юля сфæнд кодтой сæ цæрæн бынат фæивын. Балхæдтой Цхинвалы хæдзар, цæмæй йын уавæртæ уа æмæ æмбæлон ахуырад райса.

Герсан йæхæдæг та кусынмæ бацыд мидхъуыддæгты органтæм.

Сæ ног бынаты æрцæргæйæ, Герсан æмæ Юля, сæ уды, сæ зæрдæйы рæсугъддæр æнкъарæнты фæрцы, систы сыхбæстæн уарзон. Фæзындис сын ноджыдæр кæстæртæ – се ‘ппæт дæр чызджытæ. Æмæ кæд фыццаг чызджы райгуырды тыххæй бирæ арфæтæ райстой, цæмæй суа авд лæппуйы хистæр, уæддæр сæ куывдтытæ Хуыцаумæ нæ фæхæццæ сты. Баисты цыппар чызджы хицау. Герсан кæд кусгæ кодта, уæддæр йæ чызджыты хъомылады иста стыр хайад. Уырнын сын кодта, царды бирæ алыгъуызон фæзилæнтæ кæй ис, фæлæ дзы ахуыр æмæ сыгъдæгзæрдæ фæллойæ зынаргъдæр кæй ницы ис. Уымæй æххæст чи уа, уый æнæмæнг уыдзæн адæмы хорзæх. Уымæй стырдæр хæрзиуæг та нæй. Æмæ ныййарджытæн сæ нысан сæ къухты бафтыд. Сæ хъæбултæ рæзтысты ирон сылыс-тæгæн куыд æмбæлы, афтæ. Цæстæвæрæн уыдысты се ‘гъдау, сæ ахуырæй.

Герсан, мидхъуыддæгты органты кусгæйæ, йæ фæстæ уагъта хорз фæд. Уыд фæзминаг, кæимæ куыста, уыдонæн. Уый тыххæй уый хорзæхджын цыд грамотæтæй, æндæр æмæ æндæр хорзæхтæй. Куыстмæ йæ иузæрдион ахасты тыххæй йæ арвыстой Тбилисмæ, милицийы скъоламæ ахуыр кæнынмæ. Ахуыр æмæ фæллой Герсанæн систы йæ царды нысан. Уыдон ын лæвæрдтой ныфс, рæсугъд фидæнмæ тырнындзинад. Бонæй бонмæ йæ зонындзинæдтæ æмæ йæ фæлтæрддзинад фылдæрæй фылдæр кодтой, афтæмæй бакаст милицийы скъола æмæ æрыздæхт Ирыстонмæ. Ныр хуыздæр базыдта милицийы куысты сусæгдзинæдтæ. Йæ размæ æвæрд хæстæм бæрнон ахаст кæй дардта, уый æнæфæхатгæ нæ фесты мидхъуыддæгты органты разамонджытæ. Æмæ уый дæр йе ‘ууæнк никуы фесæфта. Хъуыддаджы та уыд домаг. Йæ намысджын куысты тыххæй, уымæн лæвæрд æрцыд майоры чин. Милицийы Герсан фæкуыста пенсийы ацæуынмæ. Кад æмæ йын аргъ кодтой йæ æнæ-зæрдæхудт куыстæн йе ‘мкусджытæ, чи йæ зыдта, уыдон иууылдæр.

«Герсан кæд пенсийы ацыд, уæддæр æй æнцад бадынмæ не ‘вдæлд. Мыггагæн, хиуæттæн æмæ сыхбæстæн у зынаргъ æмæ уарзон. Кæстæртæн та –  цæстуарзон, нæртон хистæр. Йæ алы хъуыддаджы дæр зыны рæсугъд æгъдау. Йе ‘ххуыс кæй бахъæуы, уыдоны фарсмæ балæууын зоны. Йæ удыхъæды рæсугъд бынат скодтой фыдæлты фарн, намыс æмæ кад. Уый та сыл къæм абадын нæ уадзы», – зæгъы мыггаджы кæстæртæй сæ иу – РХИ-йы сгуыхт журналист Хъуылымбегты Роберт.

Герсанæй рох нæ уыдысты йæ мады-зæнæгтæ, хи хъæбулау æй чи фæхъомыл кодта, уыцы дыккаг фыд, йæ ныййарæг мад. Буц æмæ сæ сæрыстыр уыд. Йе ‘фсымæр ‘рцард Цæгат Ирыстоны. Фæндыд æй уырдæм йæ ныййарджыты акæ-нын. Фæлæ Гыби равзæрста Герсанимæ кæронмæ йæ царды бонтæ батонын. Мæнæн, зæгъгæ, уыимæ æнцондæр у. Æмæ йын Герсан, æцæгæйдæр, йæ царды фæстаг бонтæм фæкодта хъæбулы лæггад. Арæх æй бæрæг кодта йæхи фырт Амиран дæр. Æппæт уыдæттæ дæр дзурæг сты Герсаны фæлмæнзæрдæ æмæ рæсугъд удыхъæдыл. Ничи дзы зыдта тызмæг, схуыст ныхас.

Фæлæ цард рæвдауын куыд зоны, фесхойын дæр афтæ. Æнæнхъæлæджы йе ‘нусон бынатмæ атагъд кодта Юля. Ныффæрæзта хъысмæты уыцы цæфæн дæр Герсан, кæд ын тынг зын уыд, уæддæр. Уымæн æмæ йæ хъæбулты, уыдоны хъæбулты йæ лæггад хъæуы. Йæ лæггад хъæуы йæ сыхбæсты дæр. Исты циндзинад, æви зианы хабар уа, уæд дзы вæййы кувæг, фынгæн æгъдаудæттæг. Фынджы фарсмæ йын йæ куывдмæ адæймаг хъусынæй нæ фефсæды.

Хъуылымбегты Герсан у хæларзæрдæ, цæстуарзон хистæр æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй йæ 100 азы сæрты дæр æнæнизæй акæса. Бирæ азты дæргъы ма йæ куырыхон зондæй адæмы ‘хсæн хордзинад цы тауа.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.