ПЛИТЫ Феликс

ТОРЕЗ ÆМÆ ГУЫРДЗЫ

(Къостамæ гæсгæ)

Гуырдзы:

Йеныр ахст дӕ ды, Торез,

Нал аирвӕздзынӕ махӕй!

Калмӕнгӕс гуырдзиаг ехс

Исдзӕни чъылбыс дӕ рагъӕй!

 

Торез:

Циу, цы уын ракодтон, ау?!

Цас рӕдыд у уый, о хъалтӕ:

Адӕмы ‘хсӕн цӕр лӕгау,

Агур сын хуымӕтӕг бартӕ?!.

 

Гуырдзы:

Диссаг! Искӕй зӕххыл цӕр,

Æмæ ма зон: уым цагъар дæ!..

Нæ! Ды агурыс уæддæр

Уазæгæн фысымы бартæ!..

 

Торез:

Уазӕджы-фысымы фарст

Max историктӕн ныууадзӕм…

Цӕй, кӕнут уӕ фыдми-хъазт, –

Ис уӕ дзӕмбыты уӕ хъазӕн!..

 

Гуырдзы:

Бамбардзынӕ махмӕ ды:

Циу «хӕдбар» ӕмӕ цы дӕтты…

Стӕй-иу ардау уым – мӕрдты

Гуырдзыйыл хъӕддаг ирӕтты!..

 

Торез:      

Фыццаг уый, ӕмӕ Хӕдбар

Равзарынц сӕхӕдӕг адӕм…

Уый фæдыл цы адæм цыд,

Уыдон та æррадæр уымæй!

 

Гуырдзы:

Оххай! Д’ауадзын у зын,

Фæлæ атæх ныр дæ бæхыл, –

Дарддæр мауал кæн æппын

Особайы кой нæ зæххыл!!!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.