Знауыры районы скъолатæ цæттæ сты ног ахуыры азмæ.

Знауыры районы ахуырады хайы хистæр Гæбæраты Эльвирæ нын куыд радзырдта, афтæмæй районы æдæппæт ис 8 скъолайы æмæ дзы кæд алкæцыйы бирæ скъоладзаутæ нæй, уæддæр сын стыр нысаниуæг ис, цæмæй цæрджытæ æндæр рæттæм цæрынмæ ма лидзой. Æнæуый дæр кæм æмбис фесты, кæм та бынтон сыдзæрæг сты æмæ ма дзы скъолатæ куынæуал уа, уæд уавæр ноджы фæмæгуыраудæр уыдзæнис. Ӕгас районы скъолаты ма ис 300 ахуырдзауы. Уыдонæй 40 сты фыццагкъласонтæ.

Иууыл фылдæр скъоладзаутæ ис Знауыры поселочы астæуккаг скъолайы. Ам фыццаг къласмæ бацыдис 24 ахуырдзауы. Ног ахуыры азмæ сын сцалцæг кодтой сæ спортивон фæзуат æмæ ныр æмбæлон фадæттæ уыдзæн физкультурæйы уроктæ уадзынæн.

Терегуаны астæуккаг скъолайы, кæцы хæссы Ирыстоны хъайтар Джиоты Владикы ном, ног ахуыры азмæ цалцæг æрцыдис хæринагаразæн блок. Ӕрæджы ма скъолайы алыварс ногæй æрæмбонд кодтой æмæ ныр тынг хорз фидауы дардæй бакæсгæйæ дæр.

Мугуты астæуккаг скъолайæн дæр рагæй фæс-тæмæ йæ алыварс æмбонд уыдис ногæй аразинаг. Ныр йæ саразынмæ æрæвнæлдтой æмæ йæ тагъд рæстæджы фæуыдзысты арæзт.

Районы иннæ скъолаты цалцæггæнæн куыстытæ нæ хъуыдис, иууылдæр цæттæ сты ног ахуыры азмæ.

Ахуырады хайы хистæр ма куыд банысан кодта, афтæмæй скъолатæ хъуаг æййафынц спортинвентарæй.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.