22-ӕм ноябры Паддзахадон киноконцертон зал «Чермен»-ы ӕвдыст ӕрцыдис документалон киноныв «Торез», кӕцыйы дзырдӕуы зынгӕ ирон политик ӕмӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕйы патриот Хъуылымбегты Торезыл цард æмæ архайдыл . Ацы аз Торезыл сӕххӕст уыдаид 80 азы. Кинонывмæ бакӕсынмӕ ӕрбацыдис бырӕ адӕм. Уыдысты дзы нӕ бӕстӕйы президент Бибылты Анатоли, Хицауады уӕнгтӕ Пухаты Эрикы сӕргълӕудӕй, раздӕры президент Тыбылты Леонид, раздӕры Хицауады Сӕрдар Хъуылымбегты Доменти, интеллигенцийы минӕвӕрттӕ.

Киноныв бацӕттӕ кодтой Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы сфæлдыстадон къорд Чилӕхсаты Георгийы сӕргълӕудӕй. Стыр ӕххуыс сын бакодта бӕстӕйы президент Бибылты Анатоли. Авд мӕйы дӕргъы кинонываразджытӕ бакодтой стыр куыст, уымӕн ӕмӕ уӕды уӕззау рӕстӕджыты видеоӕрмӕджытӕ бирӕ нӕ уыдис. Цы дзы уыдис, уыдон дӕр алы рӕтты агурын хъуыдис.

Райдианы ныхасы рацыд философон зонæдты кандидат Дзугаты Къоста. Уый ӕрдзырдта Торезы удуӕлдай тохы тыххӕй гуырдзиаг фашизмы ныхмӕ, цавӕр лӕггӕдтӕ бакодта йӕ уарзон адӕмӕн ӕмӕ цахӕм хайбавӕрд бахаста Ирыстоны хӕдбардзинадмӕ. Банысан ма кодта уый дӕр ӕмӕ киноконцертон зал «Чермен» дӕр 70-ӕм азты Торез кӕй байгом кодта, горӕххӕсткомы сӕргълӕууӕг куы уыдис, уӕд.

Киноныв рауадис тынг цымыдисон, зӕрдӕмӕхъаргӕ. Ӕвдыст дзы ӕрцыдысты бирӕ уникалон кадртӕ ӕмӕ факттӕ. Кинонывмӕ кӕсгӕйӕ, адӕймаг ахӕццӕ вæййы 90-ӕм азтӕм, уыцы тыхст ӕмӕ ӕгъатыр рӕстӕгмӕ. Торез Ирыстоныл ӕмӕ ирон адӕмы сӕрыл куыд тох кодта, уый дзы ирдӕй ӕвдыст ӕрцыдис. Мӕнмӕ, куыд Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстаг, афтӕ худинаг дӕр ӕркастис, Хъуылымбегты Торезы хуызӕн адӕймаг, кӕцы йӕ уарзон адӕмы сӕрыл, йӕхиуыл ӕнӕауӕрдгӕйӕ, удуӕлдай тох фӕкодта ӕмӕ стӕй рохуаты кæй аззадис. Уый та мӕгуырау хъуыддаг у. Нӕ кӕстӕр фӕлтӕртӕ хъуамӕ зоной Ирыстоны хъайтарты ӕмӕ ма йӕ уӕйгӕнджыты дӕр. Ӕмӕ Торез та ирон адӕмӕн лӕггадӕй дардӕр ницы бакодта.

Хъуылымбегты Торез райгуырдис 1938 азы горӕт Цхинвалы. Йӕ чысылӕй фӕстӕмӕ ахуырмӕ тынг ӕвзыгъд уыдис, стӕй ма дзырдарӕхст дӕр уыд. Къухдариуӕггæнæджы куыст райдыдта фæскомцæдисæй. Ссис Цхинвалы горæххæсткомы сæрдар. Рӕстдзинадыл тохгӕнӕг кӕй уыд, уый тыххӕй йын арӕх уыд йӕ хистӕртимӕ конфликттӕ ӕмӕ йын йӕ размӕцыды цӕлхдуртӕ ӕвӕрдтой. Кæм сӕ фӕндыдис ӕмӕ сын сӕ куысты хъӕндзинӕдтӕ исчи базыдтаид. Кӕд ӕмӕ йӕ бӕрнон бынӕттӕм уал уагътой, уӕддӕр сын йӕ басӕттын нӕ бантыстис. Фӕстӕдӕр ӕй снысан кодтой горӕт Цхинвалы дыккӕгӕм скъолайы директорӕй. Ам фӕкуыста суанг хӕсты райдианмӕ.

1989 азы гуырдзиаг фашизм йӕ сӕр куы сдардта ӕмӕ ирон адӕмы скуынӕг кӕнынмӕ куы ӕрхъавыд, уӕд Торез ӕрлӕууыд фыццаг рӕнхъыты йӕ адӕмы сӕрыл тохы. 1990 азы йӕ сӕвзӕрстой Парламенты Сӕрдарӕй. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Торезы уӕхсджытыл ӕрынцадис ӕрыгон республикӕйы уӕз. 1991 азы январы мӕйы Гуырдзыстоны къухдариуӕгад, гадзрахатӕй рацӕугӕйӕ, адавтой Торезы. Бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста ахӕстоны, фӕлӕ йын уӕддӕр йӕ ныфс нӕ асастой. Йе нӕниздзинад дӕр фӕцудыдта ахӕстоны бадгӕйӕ. 1992 азы январы мӕйы Торезы ссæрибар кодтой Гуырдзыстоны ахӕстонӕй ӕмӕ та фӕстӕмӕ ӕрӕвнӕлдта ӕрыгон республикӕйы арӕзтмӕ. Уыцы рӕстӕджы политикон ӕмӕ экономикон уавӕртӕ уыдысты тынг уӕззау. Хӕстон архайдтытӕн кæрон нæ зынд. Фӕлӕ Торез ӕхсӕвӕй-бонӕй архайдта йӕ адӕмы царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныныл. 1993 азы июлы мӕйы ӕрцыдысты фидауынгӕнӕг тыхтӕ ӕмӕ цадӕггай райдыдта сабыр цард. Хӕстӕн уӕззау фӕстиуджытӕ уыдис, бирӕ хъуыдис сӕндидзын кӕнын, саразын. Торез раст лӕг кӕй уыд ӕмӕ йын принципиалон позици кӕй уыд алы проблемӕмӕ дӕр, уый тыххӕй йын рауад конфликт иннӕ къухдариуӕггӕнджытимӕ. 1993 азы йӕ бинонтимӕ цæрынмæ ацыдис Мӕскуымӕ.

Хъуылымбегты Торез 2006 азы 1-ӕм октябры  фӕзиан ис Мӕскуыйы. Цыдис ыл 68 азы, фӕлӕ йын цӕрӕнбонты тох ӕмӕ маст йӕ цард аскъуыдтой. Ныгӕд ӕрцыдис Цхинвалы, йӕ райгуырӕн горӕты. Кӕд ын бирӕ нӕ бантыстис рацӕрын, уӕддӕр арф фӕд ныууагъта  нӕ чысыл республикӕйы сырӕзты историйы.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.