Ацы хатт дӕр та мӕ ӕдзӕттӕйӕ ӕрыййӕфта Гуыцмӕзты Алешы мӕлӕн бон. Ома куыд ӕдзӕттӕйӕ? Ацы ӕмтъерыйы дуджы адӕймагыл ахӕм цаутӕ арӕх ӕрцӕуы, ӕмӕ нын нӕ фӕвӕййы кады аккаг адӕймӕгтӕн аккаг кад скӕныны фадат. Фӕлӕ уӕддӕр фӕраст стӕм ирон поэт ӕмӕ цырензӕрдӕ адӕймаг Туаты Ленӕимӕ Алешы ингӕнмӕ.

Хур адӕймаджы фыдудӕй мардта, ахӕм тӕвд бон уыди. Бахӕццӕ стӕм Цхинвалы 5-ӕм скъолайы кӕрты уӕлмӕрдмӕ, ӕмӕ комкоммӕ фӕраст стӕм Алешы ингӕнмӕ. Ӕрывӕрдтам ын дидинтӕ йӕ риуыл, ӕмӕ… Афтӕ вӕййы ӕрвылаз  дӕр. Зӕрдӕ байгом вӕййы, раст цыма Алеш удӕгасӕй нӕ разы лӕууы, уыйау йемӕ барджын ныхӕстӕ фӕкӕнӕм.

– Цӕй, Алеш, ныббар нын, хуыздӕр лӕггӕдты аккаг уыдтӕ, мах та дӕм хуымӕтӕдэы цыд ӕрбакодтам, – зӕгъгӕ дзырдтам ӕмдзыхӕй Ленӕимӕ.

Туайон йемӕ хорз зонгӕ уыд йӕ удӕгасӕй, хӕлӕрттӕ уыдысты, ӕз та йӕ дардмӕ зыдтон, фӕлӕ… йӕ хорзы кой дӕр мын фаг уыди, цӕмӕй ныр ӕнӕзивӕгӕй цыдаин йӕ ингӕны уӕлхъус алӕууынмӕ.

Алешы чи зыдта, уыдонӕй йын алчидӕр зыдта йӕ удыхъӕды хицӕн ӕмӕ хицӕн миниуджытӕ. Хъазиты Мелитонӕн Алеш йӕ хорз хӕлар уыд, ӕмӕ йын абон дӕр дисӕн хӕссы йӕ лӕгдзинад, йӕ иузӕрдиондзинад. Йӕ уацмыс «Чырыстийы фӕдзӕхст»-ы Алешы фӕлгондз нӕ разы сысты иттӕг зӕххон, уырзӕй басгарӕн кӕмӕн ис, ахӕм удгоймаджы хуызы, ома дзы автор нӕ аразы нӕдӕр зӕд, нӕдӕр дуаг. Ахӕм хуызы ӕнцон у адӕймаджы базонын ӕмӕ йӕ бауарзын, куыд не ‘хсӕнӕй рацӕугӕ адӕймаг, йӕ фӕсонтыл базыртӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм.

Туаты Ленӕйы мысинӕгтӕм гӕсгӕ та адӕймаджы цӕстытыл ауайы ӕназым, рӕстаг нӕлгоймаг, сылгоймаджы тӕригъӕды чи нӕ бацыдаид, лӕмӕгъ ӕрды чи нӕ фесхуыстаид, стӕй мӕнг ныхасӕй йе сӕфт чи уыдта, ахӕмӕй. Йӕ цуры-иу исчи мӕнг ныхас куы загъта, уӕд-иу Алеш йӕ фырадӕргӕй ӕттӕмӕ цӕуынмӕ фӕци, ӕмӕ ма-иу къӕсӕрӕй йӕ ныхас ӕрбаппӕрстаид:

– Уыдаид!

Уӕдӕ йӕ идӕдз, ныртӕккӕ зындгонд поэт Кокойты Эльзӕ та дзырдфӕразон нӕу йӕ мӕгуыр сӕрыхицауы тыххӕй. Ӕрмӕст кӕмдӕриддӕр йӕ кой айхъуысы, уыцы ран йӕ цӕссыгӕй йӕхи фехсы. Ныхӕстӕ нын уымӕй фылдӕр цы хъуамӕ радӕттой! Нӕ сур кӕны абон дӕр Эльзӕйы цӕссыг. Йӕ поэтикон уацмысты сӕйраг дзуринаг дӕр уый у, йӕ иунӕг уарзт, йӕ сӕфт амонд.

Уӕдӕ автор та йӕхи тыххӕй дзураг нӕ уыд, уый дӕр нын зындгонд уыди. Нӕ уарзта уый уӕлдай митӕ, фӕлӕ йын йӕ уацмыстӕ чи бакӕса, уый ӕнӕмӕнгдӕр бафиппайдзӕн иу сӕйраг хъуыддаг – уацмысты ис цыдӕр ӕмбӕхст, цыдӕр ӕрдӕгзагъд хъуыддӕгтӕ. Ома автор цы уарзы, уымӕй нӕ дзуры, ох, куыд дӕ уарзын, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕ ӕвдисы архайды, аивадон амӕлтты хуызы. Зӕгъӕм, йӕ уацмыс «Азарут иронау, лӕппутӕ» сӕрӕй кӕронмӕ у уарзтарыд. Судзгӕ зӕрдӕйӕ автор ӕвдисы райгуырӕн артдзӕсты зӕрдӕагайгӕ нывтӕ. Иу ран дӕр не сирвӕзы авторӕй райгуырӕн бӕстӕм йӕ уарзты кой, фӕлӕ цӕссыгтӕ хъуырмӕ схӕццӕ вӕййынц авторы уды хъуырдухӕнтӕм кӕсгӕйӕ. Лирикон хъайтар буарӕй ацыд йӕ мад ӕмӕ фыды цурӕй, фӕлӕ йӕ уд ӕндӕгъдӕй баззади уыдоныл, йӕ райгуырӕн уӕзӕгыл. Ӕцӕг ӕнкъарӕныл ӕргом дзурын зын у, ӕмӕ ӕцӕг дзырды дӕсны та пайда кӕны ӕндӕр, зӕрдӕмӕ бавналӕн кӕй фӕрцы ис, ахӕм амӕлттӕй.

Ӕндӕр стыр диссаг рахатӕн ис Алешы уацмыс «Дӕ уды фарн»-ы. Фыццаг бакастӕй уацмысы сӕйраг хъайтар Матронӕ у ахӕм сылгоймаг, кӕцы куыдфӕндыйӕ дӕр адӕмы астӕу у ӕгад ӕмӕ дзырдӕппарӕн. Уый йӕ намысыл йӕ къух чи систа, ахӕмыл нымад у. О, фӕлӕ автор ссардта ахӕм ахорӕнтӕ, ӕмӕ Матронӕ чиныгкӕсӕджы зӕрдӕйы ӕвзӕрын кӕны фарсхӕцыны ӕнкъарӕнтӕ. Чиныгкӕсӕг уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ акӕсы уыцы ӕнамонд сылгоймаджы хъысмӕтмӕ, не слӕууы тӕрхоны цыбыр фӕндагыл, фӕлӕ арфдӕр аныгъуылы, йӕ рӕдыд фӕндагыл цӕй тыххӕй адзӕгъӕл, уыцы аххосӕгтыл хъуыдыйы. Ӕмӕ диссаг уый у, ӕмӕ фӕстагмӕ рӕстаг сӕхи чи ӕнхъӕлы, уыцы ӕгъдауджын сылгоймӕгты сӕрбӕрзонддзинад цӕсты тынгдӕр бахауы Матронӕйы галиудзинадӕй. Авторы ацы арӕхстдзинад дзурӕг у, стыр курдиаты хицау кӕй уыд, ууыл.

Ӕртыккаг сусӕгдзинад ӕвӕрд ис йӕ уацмыс «Пахуымпар»-ы. Уый у ӕппӕт дунейы адӕмы хъысмӕтӕй хайджын уӕвӕджы рыст. Уацмысӕн йӕ хъуыды хӕццӕ кӕны иумӕйагадӕймагадон хъуыдыйы онг. Дунейы фыдӕх ӕмӕ хӕрзиуӕджы ӕхсӕн незамантӕй фӕстӕмӕ цы тох цӕуы, уый зындгонд уыд авторӕн, рысти йыл йе нкъараг зӕрдӕ ӕмӕ йӕм уӕд фыны æгъдауӕй фӕзынди сих. Уый йын загъта, адӕмӕн сӕ фӕстаг бонтӕ кӕй ӕрхӕццӕ сты, фӕлӕ лирикон хъайтар, кӕд тынг бирӕ хъизӕ-мӕрттӕ бавзӕрста адӕмы аххосӕй (уымӕн та ӕнӕуӕвгӕ нӕй куырдиатӕй хайджын адӕймаджы царды), уӕддӕр сын тӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыди се сӕфт. Уацмысы адӕмы фесафыны фарст баззад ӕнӕлыггондӕй. Уымӕй саразӕн ис ахӕм хаццӕг, ома нырма уыцы уысм нӕма ӕрхӕццӕ ис, ис ма рӕстӕг галиу фӕндӕгтӕ рараст кӕнынӕн, фыдӕхы фӕдыл цӕуын ныууадзынӕн.

Афтӕмӕй автор ныууагъта махӕн канд ацы фарст нӕ, фӕлӕ бирӕ ӕндӕр фарстытӕ дӕр. Уый нын йӕ риссаг зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕй бацагайдта нӕ зӕрдӕты уидӕгтӕ, цӕмӕй нӕ рох макуы уа, дун-дунейы уӕвынады бӕрн хӕссӕг хайадисджытӕ кӕй стӕм ӕмӕ нын ӕнӕрхъуыдыйӕ нӕ цард ӕрвитыны бар кӕй нӕй, фыдӕх ӕмӕ ӕвӕлмас адӕмӕн сӕ цардӕн фӕстиуджытӕ кӕй ис. Йӕ раттӕг адӕмы абон ӕмӕ фидӕны номӕй йе ‘ппӕт уацмысты дӕр ӕвӕрдӕуы дун-дунейы уӕвынады фӕдыл сагъӕстӕ, ӕмӕ бӕлвырд, сӕ аскъуыддзаг кӕнын махмӕ кӕй кӕсы, уыцы хъуыдытӕ та ныууагъта мах ӕвджид.

Ахӕм хъуыдытӕ равзӕрд махмӕ дӕр йӕ ингӕны уӕлхъус лӕугӕйӕ.

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.