Куыд æппæт дунейы, афтæ нæ республикæйы дæр фыццæгæм июны банысан кæнынц Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон. Ахæм бæрæгбон банысан кæнын, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг хорз хъуыддаг у. Уымæн æмæ нæ цард, фыццаджыдæр, баст у нæ сывæллæттимæ, нæ сывæллæтты сомбоны цард саразынимæ.

Нæ царды иууыл ахсджиагдæр у сывæллæтты хъахъхъæнын, æмæ уыдон æппынæдзух хъуамæ уой хистæрты хъусдарды бын. Рæзгæ фæлтæры хъахъхъæнгæйæ, мах бындур æвæрæм райгуырæн бæстæйы фидæнæн. Сывæллæттæ – нæ царды дидинджытæ, нæ царды рæсугъдгæнджытæ, нæ сæйраг цин æмæ мæт кæй сты, уый алчидæр зоны. Кæцыфæнды бинонтæн дæр, цыфæнды адæймагæн дæр сæ царды ахсджиагдæр æмæ сæйрагдæр нысан у сывæллæтты раст, æнæниз æмæ хъæлдзæгæй схъомыл кæнын.

Сывæллæтты дунеон бон та бæрæг кæнын райдыдтой афтæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ. Уæд 1949 азы Францы сæйраг горæт Парижы, уагъд æрцыд Сылгоймæгты конгресс. Уым алы бæстæтæй цы бирæ минæвæрттæ – сылгоймæгтæ-мадæлтæ архайдтой, уыдонæн сæ сæйрагдæр ныхас уыд, цæмæй зæххыл уа сабырдзинад æмæ алкæйы хъæбултæ дæр хызт уа хæсты азарæй æмæ фыдбæллæхтæй. Уымæй афæдзы фæстæ, 1950 азы, 1 июны, фыццаг хатт кадджын уавæры бæрæггонд æрцыд Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон.

1 июнь ма нын нæ зæрдыл æрлæууын кæны, алкæцы сывæллоны сабидуг дæр æхсызгон, æнæферохгæнгæ æмæ амондджын кæй хъуамæ уа, уый. Сывæллæттыл аудын, сæ ахуырад, сæ удварн æмæ се уæнгты хъаруйы рæзтæн ахъаз кæнын мах, хистæрты, хæс у. Нæ царды сæйрагдæр хъомыс сабитæ сты. Уыдоны æрмæст нæхи фидæн нæ уынæм, фæлæ уыдонæй аразгæ уыдзæн Ирыстоны фидæн дæр. Не ‘ппæт дæр – ныййарджытæ, хъомылгæнджытæ, ахуыргæнджытæ – хъуамæ æмбарæм: сабийы амондæн бирæ нæ хъæуы,  æрмæст æй уарз, уарзондзинад та æвдыст цæуы лæмбынæг цæстдард æмæ аудын-дзинады руаджы. Рох нæ ма уæд нæ царды рæсугъддæр æнкъарæнтæ нæ сабибонты, ныййарджыты хæдзары кæй бавзæрстам, уый.

Знон дæр та бирæ алыхуызон хиирхæфсæн æмæ хъæлдзæг бæрæгбæттæ арæзт æрцыд нæ республикæйы скъолаты, рæвдауæндæтты, фæлладуадзæн паркты æмæ æхсæнадон æндæр бынæтты. Уым хъæлдзæгæй æмæ райгондæй архайдтой нæ сабитæ. Уыцы кадджын мадзæлтты сын нæ буц хистæртæ цы бирæ зæрдæбын арфæтæ ракодтой, уыдон се ‘ппæт дæр дзæбæхæй æрцæуæнт нæ рæзгæ сабитыл. Цы рæсугъд, бæллиццаг фæндтæ сæм ис, уыдон сæ къухы дзæбæхæй бафтæнт! Уадз, кæддæриддæр сæ сæрмæ уæд сабыр арв æмæ сæ цæсгæмттыл макуы айсæфæд мидбылхудт.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.