Æрæввахсуæвæг парламентон æвзæрстытæ æркодтой республикæйы алыгъуызон политикон тыхты активизацимæ. Уыдонæн сæ фылдæр архайынц махæн æнцонæмбарæн схемæтæм гæсгæ æмæ æвзарынц ахæм тактикæ, кæцы сæ сæ хъуыдымæ гæсгæ гæнæн ис æркæна æнтыстмæ. Ацы фоныл нæ катайы æппары Хуссар Ирыстоны экс-президент Кокойты Эдуарды æвзæрстыты агъоммæйы старт.

Йæ «æргом ныхæсты» тыххæй рупорæн уый равзæрста уæрæсейаг маргиналон интернет-каналтæй сæ иуы, цыран, куыд уынæм, афтæмæй ахæм видеосидтыты тыххæй фыст æрцæуынц æхцатæ. Агитацион сконд йæхæдæг рахызт баналонмæ æмæ хизынц ныртæккæйы къухдариуæгадыл суанг цъыф бакалыны онг критикæмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, критикæ кæнын гæнæн ис цыфæнды дæр æмæ кæйфæнды дæр. Фæлæ уæвынад кæны арæн конструктивон критикæ æмæ æнæконструк-тивон критикæйы ‘хсæн. Ис ахæм хъуыддæгтæ, кæцытыл гæнæн ис уынаффæ кæнын æмæ тæрхон хæссын æнæхъæн æнусы дæргъы дæр, фæлæ проблемæ афтæмæй нæ аскъуыддзаг вæййы. Æмæ йæ Эдуард Джабейы фыртæн йæхицæй хуыздæр чи зоны. Уымæн æмæ, паддзахады сæргълæууæг уæвгæйæ, æмæ кæддæры раззагон политикон партийы сæргъ лæугæйæ, уымæн хорз зындгонд хъуамæ уа бирæ проблемæты зыгъуыммæдзинад. Уыимæ уыцы проблемæтæ сæвзæрдысты абон нæ, фæлæ уый республикæйы сæргъ куы лæууыд, уæд, æмæ йын афтæмæй та хорз гæнæнтæ уыд дыууæ президентон æмгъуыды рæстæджы ацы планы исты мадзæлттæ райсын.

Бынтондæр æмбæрстгонд нæу йæ æнæбындур агрессивондзинад. Æртхъирæнтæ цæуынц архайæг хицауады адресыл, уый ныфс æвæры кæйдæр цахæмдæр архайдтытæй бафæрсынæй. Фæлæ кæй, конкретонæй цæй тыххæй æмæ кæд, уый тыххæй ницы бæрæг ис. Æниу Кокойы фырты ныхæсты цахæмдæр конкретикæ уæвынад кæны. Уый хауы Хуссар Ирыстоны территорийыл фæмардуæвæг Гуырдзыстоны æмбæстаг Тъатъунашвилимæ. Истори фаг зындгонд у, фæлæ æмбæрстгонд нæу ацы факты æндæргъуызонæй равдисынмæ цæмæн хъавы, уый, уымæй дæр ацы цауыл пиар-кампани аразын.  Хъыджы æнкъарæнтæ Тъатъунашвилийы мадмæ æвдисгæйæ,  уый хыгъд Кокойты Эдуард иунæг зæрдæбын ныхас дæр нæ загъта Тъатъунашвилийы хъузонтæ цы ирон лæппуты амардтой, уыцы мæдтæ-ирæтты адресыл.  Цæмæннæ мæт кæны, цæмæннæ йæ зæрдæ риссы, сæ хъæбултæ æбæрæгæй сæфт кæмæн сты, уыцы ныййарджытыл, кæцытæн сæ бон нæу сæ сывæллæттыл фæкæуын дæр.

Кокойты Эдуарды ныхæстæй, йæ хъуыдытæ, хицæн адæймæгты характеристикæйæ бамбарæн ис, куыд сусæг мастисæн, афтæ. Фæлæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петры гуырдзиаг æмæ ныгуылæны ‘рдæм  политикæйы æргомæй аххосджын кæнын, æвзæрын кæны æрмæстдæр дызæрдыгдзинад æмæ катайдзинад. Бибылты Анатоли активон хайад иста 2008 азы августы хæстон агрессийæн ныхкъуырд радтыны тохты, къухдариуæгад кодта горæт Цхинвалы гуырдзиаг тыхæйисджытæй ссæрибар кæныны, саккаг ын кодтой РХИ-йы уæлдæр æфсæддон хорзæх –  «Уацамонгæ»-йы орден. Гасситы Петр атыдта информацион блокадæ, фæцæф ис, хорзæх-джын æрцыд УФ-йы Æхсардзинады орденæй, кæцыйы райста Уæрæсейы Федерацийы Президент Дмитри Медведевы къухæй. Куыд гæнæн ис æмæ ацы дыууæ адæймаджы гуырдзыйы ‘рдæм зæрдæйы ахастæй фæаххосджын кæнай?!  Ацы æнæбындур аххостыл пиар-амал саразынмæ бафæлвæрдтытæ та сты æнæкор-ректон æмæ æнæсæрфатдзинад. Гуырдзыйы ‘рдæм зæрдæйы ахастæй аххосджын кæнын махмæ нымад цæуы иууыл серьезондæрыл æмæ сæ сæ ныхæсты тыххæй бахъæудзæн тæрхондоны раз дзуапп радтын. Куыд махмæ, афтæ Уæрæсейы дæр хицæн политикон фигурæты архайдæн аргъ кæнгæйæ, Кокойты Эдуард æргомæй хизы реалондзинадæй æмæ аразы, æмбæрстгонд чи не сты, ахæм дызæрдыггаг хатдзæгтæ. Зæгъæм, Владислав Сурковы критикæ кæнгæйæ, уый, æвæццæгæн, ферох кодта, Владислав Юрийы фырт УФ-йы Президент Владимир Путины æххуысгæнæг кæй у,  æмæ ахæм ныхæстæн та антиуæрæсейаг характер кæй ис.

Иу хатт йæ «азымгæнæн» ныхасимæ ралуæгæйæ, Кокойты Эдуард аскъуыддзаг кодта йæ раныхас сфæлхатт кæнын, йæ ныхæстыл ын тынгдæр баууæндыны тыххæй. Йæ тексттæ фендæргъуызон кæныныл нæ батыхст, фæлæ цасдæрбæрцæй фæивта йæ критикæйы объектты. Уæлдай тынгдæр дзы æрхаудта РХИ-йы Парламенты депутаттæ Цоциты Игорь æмæ Уалыты Розæмæ. Уыдоны уый хоны Парламенты «спикертæ», республикæйы уæлдæр закъондæттынадон органы позицийы рупортæ. Уæлдай мæстаг æмæ æнæзæрдæмæдзæугæ у фыццаг æрсидты депутат, кæцы лæууыд паддзахаддзинады арæзты гуырæнты сæр, парламентон бирæ стажимæ адæймаг, стыр патриот, уыимæ скъолайы ахуыргæнæг Уалыты Розæйы кой кæй скодта, уый. Ацы хъуыддаг нæ кад кæны æрмæст кæцыфæнды адæймагæн, иронæн, уæлдайдæр та, æвæццæгæн, республикæйы уæлдæр бынатмæ цæуынмæ чи хъавы, уымæн.

Кокойты Эдуард  йæ «азымгæнæн» ралæудтытæй хъавыд йæхи тыххæй зæрдыл æрлæу-уын кæнынмæ, йæ персонæмæ хъусдард аздахынмæ. Уый цыдæр рæстæджы йæ къухты бафтыд. Фæлæ куыд æнхъæл уыд, ахæм реакци дзы нæ уыд. Уымæй дарддæр ма, æгæрыс-тæмæй, йæ фарсхæцджытæ дæр фыдæнхъæл фесты экс-президенты ныхæстæй. Æнахуыр эффектмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, уый иттæг фæрæдыдис.  Нал дæр уыцы рæстæджытæ æмæ нал дæр уыцы адæм сты, цæмæй сын ахæм ныхæстæ дзурай. Ныры лидертæй домынц, цъыф сыл калой æмæ сæ критикæ кæной уый нæ, фæлæ архайдтытæ, реалон хъуыддæгтæ æмæ креативæ.

Кæд æмæ Кокойты Эдуард ахæм æгъдауæй фæлвæрдта хицауадмæ бацæуынмæ, уæд ын æнтыстджын нæ рауад. Йæ хъусынгæнинæгтæ æмæ ныфсæвæрдтытæн та бынтондæр нæй бындур, арæзт цæуынц афтид бынаты. Афтæмæй, традицион æгъдауæй знæгтæ æмæ гадзрахатæйцæуджытæ агургæйæ, Кокойты Эдуард фæлвары, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæм уæрæсейаг финансон æххуыс кæй нæ бахæццæ æмæ 2011 азы кризисы тыххæй, кæцы чысыл ма бахъæуа Хуссар Ирыстоны адæмы æркодтаид æмбæстагон хæстмæ, йæхицæй бæрндзинад сисынмæ. Продуктивондæр уыдаид иумиагнацион зæрдæйы ахаст, тырнындзинæдтæ бамбарын æмæ йæм раст кæй архайдтытæ кæсынц, хуссарирыстойнаг уыцы къухдариуæгады æвварс рахæцын. Æмæ, æппынфæстагмæ, афон у потенциалон электоратимæ «дардæй фыстæджытæ æрвитыны» форматы ныхас кæныны практикæ ныууадзынæн. Уыимæ æмæ йын загътой сæ фæндон, абон кæй критикæ кæны уыцы адæймæгтимæ æргом полемикæйы ралæууыны тыххæй.

Афтæмæй республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон» сиды РХИ-йы Æдасдзинады паддзахадон комитет æмæ Генералон прокуратурæмæ экс-президент Кокойты Эдуарды ныхæстæ æмæ аххостæн æмбæлон аргъ скæныны тыххæй. Уый фæахъаз уыдзæн æцæгдзинад сбæрæг кæнынæн æмæ адæмы иудзинадæн, дам-думтæ парахат кæнын æруромынæн.

г.Цхинвал,

2018 азы 25 май

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.