Нæ уарзон газет «Хурзӕрин» мидисджындæр æмæ дзаджджын дӕр кӕны, адӕймаджы цæрынмæ разæнгардгæнæг  ӕрмӕджытӕй.

Бузныг редакцийæн, газеты рубрикӕ «Уацамонгӕ»-йы кӕй бакæсæм зӕрдӕмӕхъарӕг æрмæджытæ нӕ цӕвиттойнаг ӕгъдӕуттыл, цымыдисон, хъæлдзæг хабæрттæ.

Иу дзырдӕй, ӕз куыд ахуыргӕнӕг, афтӕ Цӕгаты ӕмӕ Хуссары цы газеттӕ мыхуыр цæуы, уыдонæй мӕ зӕрӕдӕмӕ тынгдæр цæуы  «Хурзӕрин».

Мӕ хъуыды мын бамбардзӕн, чи йӕ кӕсы ӕппынӕдзух, уый.

Хуыцауӕй фӕдзӕхст ут!

Мӕ уарзон газеты мӕ фӕнды арфӕтӕ зӕгъын Дзауы районы сӕргълӕууӕг Джиоты Андрей Валентины фыртӕн. Хорз лӕджы кой дардмӕ хъуысы. Андрей у Ирыстоны хуыздӕртӕй сӕ иу. Ныййарӕг мад ӕмӕ фыд сӕрыстыр кӕмӕй хъуамæ уой, ахӕм !

Нӕ районы хъӕутӕй алкӕй дӕр абӕрӕг кӕны. Бамбары хъӕуы цӕрджыты домӕнтæ, кӕцытӕн, йӕ бон куыд у, афтӕ баххуыс кӕны.        

0, фӕлӕ сахар Къуайса дæрддзæфдæр кӕй у, уый тыххӕй йӕм хъулон ахаст дары. Уый йӕ зоны, Къуайсайӕн Цӕдисы рӕстӕджы йӕ кад куыд нӕрыд, куыд прессӕйы, афтӕ адӕмы зӕрдӕты дӕр.

Андрей нӕ уарзон Президент Анатоли Ильяйы фырты хæслӕвӕрдтӕ æххæст кæны цæсгомджынæй.

Ӕрӕджы дӕр та уыд Къуайсайы. Бабӕрӕг кодта Хетӕгкаты Къостайы уынг ӕмӕ парчы арæзтадтæ куыд ӕххӕст цæуынц, уый.

Уыд та йын фембӕлд адӕмимӕ ӕмӕ сын канд Къуайса сӕндидзыны тыххӕй нӕ, фӕлӕ ма загъта, президент Бибылты Анатоли тынг лӕмбынӕг хъусдард кӕй дары Гуфта – Къуайсайы фӕндаджы арӕзтадмӕ.

Андрейы хӕрзтӕ ууыл нӕ фӕуд кӕнынц. Бынӕттон телеканал авд мӕйӕ фылдӕр нӕ куыста, цалынмӕ Андрей нӕ аскъуыддзаг кодта фарст, уӕдмӕ.

Андрей! Ноджыдӕр дын Къуыдаргомы адӕмы номӕй зæрдиаг арфӕ кӕнын, чи дын ис, уыдон хъӕлдзӕг цардмӕ кӕс кӕддӕриддӕр.

Бузныг! Фыртӕн мын бӕззыс ӕмӕ дын дӕ фыд Валентины бӕсты  Хуыцауӕй курын, цӕмӕй дын ноджы фылдæр бантыса.

ХУЫГАТЫ Суликъо,

Къуайсайы астæуккаг скъолайы директор

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.