Сӕрдыгон бонты бирӕбӕрцӕй фæфылдæр вæййы ӕрдзы хъӕбысмӕ улӕфынмӕ цӕуджыты нымӕц. Хъарм бонтӕ куы райдайынц, уӕд байгом вӕййы «физонджыты сезон», ӕмӕ горӕтæн ӕддейӕ иууыл хуыздӕр улӕфӕн бынӕттӕ, сӕйраджыдӕр, донбылгӕрӕтты байдзаг вӕййынц адӕмӕй.

Хуссар Ирыстоны найӕн сезоны фæдыл райдыдта милици ӕмӕ Уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджыты иумӕйаг рейдтӕ донбылгӕрӕтты ӕмӕ улӕфӕн бынӕтты.

 Милицийы фадыгонтӕ, Паддзахадон автоинспекци ӕмӕ УУМ кусджытӕ уадздзысты профилактикон беседæтæ улӕфджытимӕ, хъусын сын кӕндзысты найыны рӕстӕджы ӕдасдзинад ӕмӕ коронавирусы профилактикӕйы фӕдыл мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕныны тыххӕй. Афтӕ ма сæ фæдзæхсдзысты, кӕй нӕй гӕнӕн хъӕды цур гом арт кӕнын ӕмӕ ӕрдз чъизи кӕнын.

Улӕфджытимӕ ныхас кæндзысты ӕнахъомты фӕдыл инспекцийы кусджытӕ ӕмӕ фадыгон милиционертӕ. Цавӕр мадзӕлттӕ хъӕуы райсын, цӕмӕй ма ӕруадзой ӕнамонд цаутӕ, афтӕ ма улӕфджыты зӕрдыл æрлæууын кæндзысты, аудгӕ ахаст кӕй хъӕуы дарын канд ӕдасдзинадмӕ нӕ, фӕлӕ ма ӕрдзмӕ дӕр.

Нæ алфæмблай æрдзæн адæймаджы царды цы ахадындзинад ис, уый махæй алчи дæр æнæзонгæ нæу. Фæлæ, йæ бирæ хорздзинæдтæн, фæстаг азты, куыд æмбæлы, афтæ аргъ нал кæнæм. Куыд зонæм, афтæмæй æрдз нæ иумæйаг къæбиц у. Мах æй куыд бавæрæм, афтæ нæм уый дæр йæ бæркадджын къух æрбадардзæн.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.