Адӕймаг рынчындонмӕ куы бахауы, уӕд йе ‘нӕниздзинад, йӕхи æнкъарынад баст вӕййы дохтыртимӕ ӕмӕ ӕппӕт медицинон персоналы ахастимӕ. Рынчындон ын свӕййы ныфсы мӕсыг. Пациентмӕ хорз ахаст куы вӕййы, узӕлд куы банкъары, уӕд ӕнӕниз кӕныны процесс дӕр фӕцӕуы бӕрӕг хуыздӕр.

Ӕппӕты тынгдӕр медицинон персоналы æвзӕр ахаст бандавы гуырӕн хӕдзары рынчынтыл, уымӕн ӕмӕ ацы бӕстыхайы пациенткӕты фылдӕр хай вӕййынц ӕдых, мӕстыгӕр ӕмӕ эмоционалон. Ахӕмтӕм фӕхъӕуы уӕлдай хъусдард здахын, фӕлӕ Цхинвалы гуырӕн хӕдзары хатт сӕ комкоммӕ хӕстӕ дӕр нӕ феххӕст кӕнынц йӕ кусджытӕ.

Ацы рынчындоны ис Санахъоты Анжелӕ дӕр ӕмӕ йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ гӕнӕн ис ӕмӕ сӕрбахъуыды рӕстӕджы дӕ фарсмӕ ма разына иу дохтыр дӕр.

«Алы сынтӕджы цур дӕр ӕвӕрд ис сӕрмагонд нысанӕн кнопкӕ, цӕмӕй рынчын куы фӕтыхса, уӕд ӕххуысмӕ фӕсида. Фӕлӕ ам цӕй тыххӕй ӕвӕрд сты, уый нӕ бамбӕрстон. Мӕ цуры ацы рынчындоны пациенткӕ Джиголаты Кристинӕ фӕтыхстис ӕмӕ уыцы кнопкӕйыл бахӕцыдыстӕм ӕртӕ хатты, фӕлӕ нӕм ничи фæзынд. Стӕй мӕхӕдӕг сыстадтӕн, кӕд мӕ дохтыртӕ бафӕдзӕхстой, цӕмӕй сынтӕгӕй бынтондӕр ма стон, уæддæр ӕмӕ йын фыццаг медицинон ӕххуыс бакодтон», – зӕгъы Санахъоты Анжелӕ.

Джиголаты Кристинӕ, ацы рынчындоны хуысгӕйӕ, йӕхи хатыд  лӕмӕгъ, фӕлӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, тырныдта, цӕмӕй рынчындоны кусджыты мацӕмӕй батыхсын кӕна.

«Кӕд-иу мӕ бон нӕ уыдис, уӕддӕр алцыдӕр арæзтон мӕхӕдӕг. Хӕринаг рахӕссынӕн дӕр-иу мӕ бахъуыдис дард ацӕуын, уазалгӕнӕн дӕр ис къӕлидоры иу кӕрон, ӕмӕ уыйбӕрц рацу-бацуйӕ ноджы мӕ хиæнкъарынад февзӕрдӕр. Стӕй ма-иу мын мӕ хиуӕттӕй исчи исты куы ӕрбахаста, уӕд-иу мӕхӕдӕг ныххызтӕн йӕ размӕ ӕмӕ-иу мӕ хӕссинӕгтӕ мӕхӕдӕг схастон. Уымӕн ӕмӕ медперсоналӕй бирӕтӕн сӕ бакастӕй бӕрӕг вӕййы, хъыг сын кӕй у пациенттӕм истӕмӕй фӕкӕсын. Мӕ мад мӕм ӕрбацыд бӕрӕггӕнӕг ӕмӕ йын ӕрбахизӕны дуар ничи бакодта, кӕд ӕмӕ ӕддейæ цалдӕр хатты фӕсидыны кнопкӕйыл бахӕцыд, уӕддӕр. Цалынмӕ телефонӕй фӕдзырдта йӕ зонгӕ адӕймагмӕ, кӕцы кусы рынчындоны, ӕмӕ  уый та гуырӕн хӕдзары кусджытӕм бадзырдта, уӕдмӕ фӕлӕууыд уынджы», – зӕгъы Джиголаты Кристинӕ.

Ӕмӕ, ӕцӕгӕйдӕр, рынчындонмӕ бацӕугӕйӕ, ӕз мӕхӕдӕг дӕр ӕвдисӕн вӕййын дохтырты уӕлӕнгай ахастӕн, стӕй ма мӕм бирӕ цыдӕртӕ раст дӕр нӕ кӕсынц. Зӕгъӕм, рынчындоны бӕстыхаймӕ бахизӕны ӕнӕмӕнгӕй хъуамӕ балхӕнай ӕмӕ скӕнай бахиллатӕ. Уыцы хъуыддаг тынг хорз у, фӕлӕ йӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕниккой дохтыртӕ дӕр. Арӕх вӕййы фенӕн ахӕм ныв, ӕмӕ медицинон кусӕг ӕрбахизы уынгӕй ӕмӕ ӕнӕ бахиллатӕй алӕгӕрды къæлидоры. Ӕмӕ мӕнӕн дӕр мӕ къахыдарӕс уый къахыдарӕсӕй чъизидӕр нӕ вӕййынц. Ӕви дохтыры къахыдарæсыл цы чъизи ныххӕца, уый тӕссаг нӕу? Кæнæ уыцы чъизи дезинфекцигонд вӕййы?

Кæд æмæ нæ бæстæйы къухдариуæгад æппæт амæлттæй дæр архайы, цæмæй не ‘нæниздзинады къабаз йæ къахыл слæууа æмæ адæм исой æмбæлон медицинон æххуыс, уæддæр нырма ис фарстатæ, кæцыты хъæуы скъуыддзаг кæнын. Рынчындонæн та йæ хæс у, цæмæй дзы не мбæстæгтæ сæхицæн хос кæной æмæ дохтыртæй уой райгонд.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.