Иу мӕйы дӕргъы нӕ редакциимӕ бастдзинӕдтӕ аразыныл фӕлвары Калининграды областы Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ӕбӕрӕгӕй сӕфт хӕстонты чи агуры, уыцы агурӕг къорды ми-нӕвар Геннади Полубедов, кӕцы агуры не мзӕххон, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты тӕккӕ фӕуды тохы быдыры фӕмардуӕвӕг хӕстоны ӕввахс хиуӕтты. Нӕ газеткӕсджыты зонгӕ кӕнӕм Республикӕ Хуссар Ирыстоны цӕрӕг адӕммӕ Геннади Владимиры фырты сидтимӕ:

2021 азы горӕт Калининградмӕ (раздӕры Кенигсберг) хӕстӕг хъӕды ӕбӕрӕгӕй сӕфт хӕстонты агурӕг къорды уӕнгтӕ ссардтой Сырх Æфсады хӕстонтӕй 1945 азы чи фесӕфт, уыдоны иумӕйаг ингӕн. Ацы уӕлмӕрды ныгӕдӕрцӕуӕг хӕстонты иууылдӕр сбӕрӕгчындӕуыд. Удонӕй сӕ иу у – 1908 азы гуырд, раздӕры Сталиниры, ныры Цхинвалы цӕрӕг, капитан Медошвили (Медойты) Константин Семены фырт. Хӕсты рӕс-тӕджы уӕвӕг алыгъуызон документтӕм гӕсгӕ бӕрӕг ӕрцыд, уый ӕфсады кӕй службӕ кодта 1930 азӕй фӕстӕмӕ. 1933 азы каст фӕцис Орджоникидзейы артиллерион-пулеметон училище. Уыд Финляндийы хӕсты (1939-1940 азтӕ) хайадисӕг.

1943 азы Цӕгат-Ныгуылӕн фронты хорзӕхджын ӕрцыд Сырх Стъалыйы орденӕй. 1945 азы 7 апрелы фӕмард горӕт-фидар Кенигсбергмӕ хӕстӕг 81,4 бӕрзӕнд ссӕрибар кӕныны сӕрвӕлтау тохы, кӕцыйы советон ӕфсӕдтӕ штурмӕй сисы-ныл архайдтой 6 ӕй 9 ӕм апрелмӕ.

Ацы афицерӕн иу документмӕ гӕсгӕ йӕ мыггаг у Медойтӕй. Йӕ цардӕмбал уыд Гасситы Варварӕ Иваны чызг. Уыцы рӕстӕджы кӕм цард, уый тыххӕй къухы ницы зонӕнтӕ бафтыд. Йӕ амӕлӕты тыххӕй хъусынгӕнинаг ӕрвыст ӕрцыд горӕт Сталиниры ӕфсӕддон къамисариатмӕ йӕ мад Медошвили Наталья Гаврилы чызджы адресыл – горӕт Сталинир, Исахъы уынг, 28 ӕм хӕдзар.

Кӕй ссардтам, уыцы иумӕйаг ингӕны 16 хӕстоны стджытӕ, уыдоны нымӕцы капитан Медошвили (Медойты) Константин Семены фырт дӕр, цытджын ӕгъдауӕй, хӕстон кад ӕмӕ цытимӕ ныгӕд ӕрцыдысты Калининграды областы Зеленоградскы районы поселок Переславскойы уӕвӕг ӕфсӕддон мемориалы.

Агурджыты ныфс ис, Республикӕ Хуссар Ирыстоны кӕй цӕрдзысты Констанин Семены фырты хӕстӕджытӕ – кӕнӕ йӕхи байзӕдтаг, кӕнӕ йе ‘фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хоты байзӕдтаг. Кӕнӕ горӕты цӕрджыты хсӕн кӕй разындзӕн ахӕмтӕ, кӕцытӕ исты зонынц фӕмардуӕвӕг хӕстоны бинонты тыххӕй ӕмӕ нын баххуыс кӕндзысты йӕ хиууӕтты ссарынӕн.

Фӕнды нӕ, цӕмӕй уыцы хиуӕттӕн лӕмбынӕгдӕр радзурӕм йӕ фӕстаг тохы хабӕрттӕ, фенын сын кӕнӕм, кӕм ныгӕд ис, уый, радтӕм сын, ногӕй ныгӕд куыд ӕрцыд, уыдӕтты тыххӕй документтӕ, картӕтӕ ӕмӕ къамтӕ.

Геннади Полубедов

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.