Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæнтæ арæх хæлд кæй цæуынц, уый фæстиуæгæн арæх ахст цæуынц гуырдзиаг æмбæстæгтæ. Ныртæккæ уыцы аххосагмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны цы æмбæстаг ис ахст – Майя Отинашвили, уый тыххæй гуырдзиаг фарс Хуссар Ирыстоны аххосджын кæны, зæгъгæ, уым хæлд цæуынц адæймаджы бартæ.

Гуырдзыстоны æмбæстаг Майя Отинашвили æнæзакъонæй паддзахадон арæн кæй фехæлдта, уымæ гæсгæ у ахст æмæ ис рарастгæнæн колонийы. Йæ æниздзинад у йæ уагыл, йæхи дæр хаты иттæг хорз. Уый бынаты сæхи цæстæй федтой æрæджы информацион фæрæзты минæвæрттæ.

Дунеон  агентад  «Спутник»-ы пресс-центры æрвылкъуырион брифингы рæстæджы РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæргълæууæг Хъотайты Мария куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Гуырдзыстон радон хатт карз кæны хуымæтæг инцидент арæнтæ фехалыны цауы фæстиуæгæн. Аразы дзы дунеон цау æмæ архайы полититикон æмвæзадмæ йæ ракæныныл.

Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ ацы сылгоймаг æнæзакъонæй арæны сæрты хизынæн æххуыс кодта æндæр æмбæстæгтæн. Уый тыххæй сæ иста æхцайы бæрæг суммæ. Хъотайты Марияйы ныхæстæм гæсгæ, ацы гуырдзиаг æмбæстаг иттæг хорз зоны, паддзахадон арæнтæ кæуылты цæуынц, уый. Уымæн æмæ дзы конд ис информацион нысæнттæ.

Ацы хъуыддаджы фæдыл гуырдзиаг информацион фæрæзтæ   æнæраст информаци парахат кæнынц, ома, ахст æмбæстагмæ къух сисыны цаутæ хынцыд æрцыд. Æмæ уыцы æнæраст информаци хаст цæуы дунеон организациты онг æмæ дзы аразынц стыр æрцæугæ цау.

«Сырх Дзуары дунеон комитеты минæвæрттæ 3 октябры бабæрæг кодтой Майяйы. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ Хуссар Ирыстон у æргом бæстæ , кæцы æнцой кæны æппæт барадон нормæтыл.

Информацион фæрæзты минæвæрттæ дæр аныхас кодтой ацы ахст æмбæстагимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый нæ хъаст кæны йæ уавæртæй. Уымæ гæсгæ йæ ныхмæ пайда не ‘рцыд физикон тыхæй. Уыцы факттæ хынцгæйæ, Гуырдзыстонæн нæ бантысдзæн ацы хъуыддагæй дунеон цау саразын», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Майя Отинашвили райгуырд 1981 азы Гуры муниципалитеты Хурвалеты хъæуы. Ленингоры районон тæрхондон Отинашвилийæн рахаста иу мæй ахæстоны бадыны тæрхон.

Гуырдзыстоны ацы æмбæстаджы 29 сентябры Хуссар Ирыстоны Арæнгæрон службæйы кусджытæ æрурæдтой, хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæнтыл Ленингоры районы цæрæн пункт Æмдзæринмæ æввахс æнæзакъонæй кæй хызт, уымæ гæсгæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.