Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады ауагъдæуыд Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты VII конференци ахæм темæйыл: «Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æм-бæстæгты организациты архайды консолидаци», кæцы здæхт у, ног сидтытæ бахынцгæйæ, Уæрæсейы Федерациимæ интеграцион бастдзинæдтæ сфидар кæнынмæ.

Конференцийы куысты хайад райстой организацитæ «Росы» æмæ «Хуссар Ирыстоны цæрæг Уæрæсейаг æмбæстæгты цæдис»-æй фæйнæ 20 делегаты. Уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты ассоциацийы куырдиатмæ гæсгæ уазджыты хуызы мадзалы хайад райстой уырыссаг æвзаджы ахуыргæнджытæ, ХИПУ-йы проректор, профессор Тедеты Залинæ, РХИ-йы Президенты Администрацийы Мидæггагон политикæйы управленийы сæргълæууæг Уанеты Мурат, РХИ-йы Уæрæсейы Федерацийы хъуыддæгты рæстæгмæ бæрнджын Александр Журов æмæ æндæртæ.

Мадзалы райдианы Хуссар Ирыстоны УФ Минæварады уынаффæгæнæг Сергей Манко бакаст Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы сидт, цыран дзырдæуыд бузныджы ныхæстæ фæсарæнты цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæн, Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты активон хайад кæй райстой, уый сæраппонд.

Уый фæстæ ныхасы рацыд Александ Журов. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсеимæ алыварсон æмкуысткæнынадмæ, уырыссаг æвзагимæ, уæрæсейаг культурæ æмæ монон традицитимæ æнæ аскъуынгæ бастдзинæдтæ фидар кæнынмæ  тырнындзинад æдзухæй дæр æнкъардæуы Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты æрдыгæй. Ныры вазыгджын политикон уавæрты та уыцы бастдзинæдтæ тынг ахсджиаг сты.

Уый банысан кодта Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады æмæ уæрæсейаг æмбæстæгты æнтыстджын æмæ конструктивон ахастытæ. Сæрмагондæй бахахх кодта «Росы» æмæ «Хуссар Ирыстоны цæрæг Уæрæсейаг æмбæстæгты цæдис»-ы Координацион советы бæстон куыст.  Иумиаг куысты приоритетон здæхтыл банымадта æмбæстæгты бартæ æмæ интерестæ хъахъхъæнын, уырыссаг æвзаг æмæ культурæ бахъахъхъæнынмæ здæхт мадзæлттæ уадзын, æхсæнадæмон мадзæлтты уæрæсейаг æмбæстæгты хайадист адæмы рæгъмæ хæссын.

Банысан ма кодта хæсты æмæ куысты ветеранты улæфæндæттæм æрвитыны ахсджиагдзинад дæр.

«Фæстаг азты куыст цæуы хæсты æмæ куысты ветеранты Хуссар Ирыстонæй Цæгат Ирыстоны санаторитæм арвитыныл. Ног фæткмæ гæсгæ, ахæм хуызы æххуыс бакæнæн ис, ветерантæ цы бæстæйы территорийыл цæрынц, æрмæстдæр уым. Хъыгагæн, уый фæстиуæгæн ацы практикæ урæд æрцыд, республикæйы санаторитæ кæй нæй, уый аххосæй», – загъта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæрæсейаг Минæварады куысты ахсджиаг здæхтытæй иу у æддагполитикон квотатæй хуссарирыстойнаг рауагъдонты уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæттæм æрвитын æмæ Уæрæсейы Федерацийы цæуæг мадзæлтты Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты сывæллæттæй хайад чи фæисы, уыдоны нымæц фæфылдæр кæнын.

РХИ-йы Уæрæсейы Федерацийы хъуыддæгты рæстæгмæ бæрнджын  хъусдард аздæхта, дарддæры куыст фæхуыздæр кæнынæн цы хъæуы саразын, уыдонмæ.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй иу къорд ныгуылæйнаг паддзахадты æмæ Гуырдзыстоны дзыллон информацион фæрæзтæ Уæрæсейы ныхмæ уæрæхмасштабон компани кæй райтынг кодтой,  уый тыххæй хъæуы информацион-æмбарынгæнæн куыст бакæнын, уыцы нымæцы уæрæсейаг æмбæстæгты ‘хсæн дæр.

Александр Журов приоритетоныл банымадта сæ архайдыл уæрæсейаг æмбæстæгты-фæсивæды фæцайдагъ кæнын.

Дарддæр куыд загъта, афтæмæй хуссарирыстойнаг делегаци хайад райсдзæн фæсарæнты цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты VI дунеон конгрессы, кæцы цæудзæн Мæскуыйы. Хайад дзы райсдзæн 415 делегаты 98 бæстæйæ, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстонæй дæр. Зæрдыл дарынæн уый фехъусын кодта, зæгъгæ-иу, амæйразмæйы координацион советы уæнгтæ аккагæй равдыстой Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон конференциты, кæцытæ уагъд цыдысты Мæскуыйы, Белоруссийы, Хъыргъызтаны æмæ Таджикистаны.

Мæскуыйы форумы хайад райсдзысты уæрæсейаг æмбæстæгты æхсæнад «Росы»-йы сæргълæууæг Сергей Липин æмæ «Хус-сар Ирыстоны цæрæг Уæрæсейаг æмбæстæгты цæдис»-ы сæрдар Наталья Жуйкова.

Уый фæстæ æхсæнадон организаци «Росы»-йы сæрдар Сергей Липин хыгъдон доклад сарæзта хыгъдон рæстæджы дæргъы, ома, 2016 азы ноябрæй абоны онг сæ организаци цы куыст бакодта, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæ организацийы куырдиæтты фæстиуæгæн республикæйы къухдариуæгады æрдыгæй алыгъуызон æххуыс райстой иу къорд уæрæсейаг æмбæстаджы. Радзырдта Координацион советы куысты хайад райсынмæ фылдæр фæсивæды æрбакæнынмæ кæй тырнынц, уый тыххæй дæр.

Липин сæрмагондæй банысан кодта Хуссар Ирыстоны УФ Минæварады уынаффæгæнæг Сергей Манкойы æрвылбонон æххуыс куыд Координацион советæн, афтæ «Росы»-йæн дæр æмæ «Хуссар Ирыстоны цæрæг Уæрæсейаг æмбæстæгты цæдис»-æн дæр. Радзырдта, ма хыгъдон рæстæджы сын Хуссар Ирыстоны УФ минæварады, куыд ныры, афтæ раздæры Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвæрттæ Къарджиаты Эльбрус æмæ Марат Кулахметовимæ фембæлдтытæ кæй уыд, уый тыххæй дæр. Банысан кодта ахæм фембæлдтыты ахсджиаг нысаниуæг.

Наталья Жуйкова куыд радзырдта, афтæмæй «Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты цæдис»-ы куыст здæхт у Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн интеграцион бастдзинæдтæ фидар кæнынмæ æмæ уырыссаг æвзаг сфидар кæнынмæ. Банысан кодта сæ организацийы бирæ фæсивæд кæй ис æмæ сæ нымæц азæй азмæ фылдæрæй фылдæр кæй кæны. Уыдон активон хайад исынц организацийы куысты дæр æмæ цы мадзæлттæ фæуадзынц, уым дæр. Фæсивæд сæм цæуы куыд горæтæй, афтæ районтæй дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, абоны онг организаци «Хуссар Ирыстоны цæрæг Уæрæсейаг æмбæстæгты цæдис»-ы уæнгты нымæц ахызт 400-йæ.

Уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты ассоциацийы сæргълæууæг Тедеты Залинæ йæ хъуыдытæ загъта Хуссар Ирыстоны ахуыргæнæндæтты уырыссаг æвзаджы ахсджиаг нысаниуæджы тыххæй, бахахх кодта цæттæ кæй у РХИ-йы Уæрæсейы минæварадимæ æнгом æмкуысткæнынмæ.

Конференцийы раныхасгæнджытæ иууылдæр сæ раныхæсты банысан кодтой Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон размæцыдæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы реализацийы позитивон æмæ фæдфæдылон къахдзæфтæ. Мадзалы хайадисджытæ æрсидтысты Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæм, цæмæй фылдæр архайой Уæрæсейы Федерациимæ интеграци сфидар кæныны здæхты, экономикæйы сектор сæндидзын кæныны хайад райсыны æмæ инвестицион активондзинад фæбæрзонддæр кæныны здæхты.

Форумы хайадисджытæ куыд банысан кодтой, афтæмæй Хуссар Ирыстоны цæрæг нациты æнгомдзинады фæрцы аиуварсгæнæн ис цыфæнды сидтытæн дæр æмæ æртхъирæнтæн дæр.

Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты VII конферпенци ацыд хъуыддагон, конструктивон æмæ хæларадон уавæрты.

Конференцийы фæстæ ауагъдæуыд Координацион советы фыццаг рабадт. Координацион советы сæрдарæй æвзæрст æрцыд æхсæнад «Уæрæсейаг æмбæстæгты цæдис»-ы сæрдар Наталья Жуйкова, йæ хæдивæгæй та  æхсæнад «Росы»-йы сæрдар Сергей Липин.

Кæронбæттæны конференцийы хайадисджытæ райстой резолюци, цыран уыд 11 пункты æмæ дзы нысан æрцыд сæ организациты æрдыгæй Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадты курсы хорзыл кæй нымайынц. Уый здæхт у  «Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй» бадзырды реализацимæ. Ацы бадзырд ма ахъаз у Кавказы регионы æдасдзинад сфидар кæнынæн дæр. Уыцы резолюцийы нысан æрцыд, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæ сты Сири æмæ Украинæимæ баст ахасты Уæрæсейы Федерацийы политикæйы фарс æмæ азымы тæрхон хæссынц коллективон Ныгуылæны агрессивон архайдтытæн, кæцытæ здæхт сты дунеон стабилондзинад фехалынмæ æмæ сæ контролы бын уæвæг дзыллон информацион фæрæзты руаджы Уæрæсейы ныхмæ истери райтынг кæнынмæ.

Осиаты Индира

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.