Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дунеон дискусситы радон 46 раундæн фæстиуджытæ аразгæйæ, Фæсконфликтон бæстонкæнынады фарстаты фæдыл РХИ-йы Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат брифинджы рæстæджы информацион фæрæзтæн зæрдыл æрлæу-уын кодта, уагъд кæй цæуынц 2008 азы 12 августæй фæстæмæ  Медведев-Саркозийы сразыдзинадмæ гæсгæ. Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ куы ‘рбабырста, æмæ Уæрæсе агрессоры сабырдзинадмæ тыхæй куы ркодта, уый фæстæ.

Дискусситы сæйраг хæс алы раунды дæр у Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн æдасдзинад ифтонг кæнын. Джиоты Мурат куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ дискусситы куысты фæстиуæг хъуамæ уа, Гуырдзыстон ацы дыууæ бæстæйы ныхмæ тыхæй кæй нал спайда кæндзæн, уыцы ахсджиаг документ райсын.

Женевæйы ацы раунды хуссарирыстойнаг делегаци хъусдард аздæхта, Гуырдзыстонæй цы æр-тхъирæнтæ цæуы, уыдонмæ. Æмткæй Женевæйы дискусситы куысты фæдыл банысан кодта, кæдфæндыдæр кæй цæуынц уæззау уавæрты. Уымæ нæ кæсгæйæ, дискусситы хайадисджытæ банысан кодтой, раздæры раундæй фæстæмæ уавæр бæрæг сабырдæр кæй у, уавæр чи фендыгъддæр кодтаид, ахæм цаутæн дзы бынат кæй нæ уыд. Фæлæ хуссарирыстойнаг делегаци банысан кодта, уый, зæгъгæ, афтæ зыны.

Джиоты Мураты ныхæстæм гæсгæ хуссарирыстойнаг делегаци лæмбынæг æрдзырдта Знауыры районы Исахъы хъæуы æрцæугæ цаутыл, цыран нæ арæнхъахъхъæнджытæ кусынц арæнтæ снысан кæныныл.

«Уыцы куыстытæ æдзух уагъд цæуынц иуварсонæй, Гуырдзыстоны территорийæ бæрæг дарддæр. Гуырдзиаг фарс йæ рады ахæм æнгæс куыстытæй пайда кæны бæрæг пиар акциты æмæ пропагандистон нысæнтты тыххæй. Хатт арæнтыл фæзынынц Гуырдзыстоны алыгъуызон тыхтæ – прези-денттæм кандидаттæй райдайгæйæ, суанг æхсæнадон организациты минæвæртты онг», – дзырдта Мурат. Уый ма банысан кодта, Женевæйы хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтæ сæ хъуыды кæй бамбарын кодтой, Хуссар Ирыстоны арæнтæм хæстæг Гуырдзыстоны районты ‘рдыгæй уавæр æдзух кæй æндыгъд кæнынц. Уый бæрæг у уымæй, æмæ Гуырдзыстоны къухдариуæгад НАТО æмæ АИШ-ы Гарзджын тыхтимæ баст-дзинæдтæ дарддæр кæй фидар-дæр кæны.

«Сæйраг хъусдард здæхт æрцыд Лугары номыл биологон лабораторийы фарстмæ. Уымæн æмæ ацы лаборатори уыцы бынат нæу, цыран уагъд цæуынц сабырадæн ахъазгæнæг фæлварæнтæ. Уый ифтонг цæуы Пентагоны ‘рдыгæй, кусынц дзы америкæйаг специалисттæ. Хуссар Ирыстоны территорийыл стурвосыл цы низтæ фæзыны, уыдон дæр сты лабораторийы куысты фæстиуджытæ», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Дискусситы куысты сæйраг фарст – Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы юридикон бæрнджын документыл бакусыны хъуыддаджы дискусситы хайадисджыты къухты уадиссаг ницы бафтыд. Уымæн æмæ ницахæм ног къахдзæфтæ саразын бантыст ацы здæхты. Абхазаг коллегæтæ бавдыстой ног проект, кæцы ницæмæй хицæн кæны уымæй размæйы проекттæй. Æмæ та гуырдзиаг фарс ногæй бахатыд, цæмæй сын рæстæг радтой йæ сахуыр кæнынæн. Уыцыиу рæстæджы Джиоты Мурат зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, ивгъуыд аз Женевæйы, зæгъæн ис, къухты бафтыд, тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы принципыл иузæрдиондзинады фæдыл иумиаг хъусынгæнинагыл æмразыдзинад.

«Уыцы хъусынгæнинаг суыдаид, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы юридикон бæрнджын документыл бакусыны здæхты бæрæг къахдзæф. Уæд дæр гуырдзиаг фарс æрурæдта дискусситы куыст æмæ дыууæ сахатæй фылдæр ныхас кодтой проектыл телефоны руаджы. Уый фæстæ нал сразы сты йæ райсыныл. Ацы аз марты мæйы та америкæйаг делегаци фæндон бахаста проектмæ баххæсткæнинæгтæ бахæссыны фæдыл, кæцытæн райсæн нæ уыд», – банысан кодта Мурат.

Уый куыд загъта, афтæмæй Гуырдзыстонæй дискуссийы хайадисджытæ рахæцыдысты, америкæйаг делегаци цы проект бавдыста, ууыл æруынаффæ кæныны фарс. Гуырдзыстонæн ис иу нысан – Женевæйы баныхæстæ Уæрæсеимæ уадзын. Уый фæдыл æр-вылхатт дæр хуссарирыстойнаг фарс нысан кæны, Женевæйы дискусситæ здæхт кæй сты Гуырдзыстонимæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ахастытæ бæстон кæнынмæ. Ома, уæрæсейаг-гуырдзиаг, афтæ хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг æмæ абхазаг-уæрæсейаг ахастытæ женевæйаг дискусситы æмвæзадыл уынаффæ кæныны предмет не сты.

Джиоты Мурат куыд дзырдта, уымæ гæсгæ Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты форматмæ цы фарстатæ нæ хауы, кæцытæ уынаффæмæ хæссы гуырдзиаг фарс, уыдон цæлхдуртæ æвæрынц йæ куыстæн. Уымæн æмæ механизмты формат иуварс кæны æмæ æркæсы Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæнтыл æрцæугæ цаутæм. Уый фæдыл лæмбынæг информаци сарæзтой Хуссар Ирыстонæй делегацийы минæвæрттæ.  Ацы форматы боны фæткмæ хаст цæуынц, æрмæстдæр ахæм фарстытæ, кæцытæ хауынц мандатмæ гæсгæ механизмты куыстмæ. Æмæ æндæр цыфæндыхуызон фарстатæ та хъыг дарынц форматы уæвæг процессы.

«Фæлæ уæддæр мах афтæ нымайæм, æмæ Механизмты фæлгæтты нæ хайадист дарддæр дæр уыдзæн. Уымæй дарддæр ацы фæзуатыл уынаффæмæ хæс-дзыстæм, цы фарстатæ нæ тыхсын кæнынц, уыдон. Сæрмагондæй, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæнтыл æрцæугæ цауты фæдыл», – дзырдта Мурат.

Женевæйы дискусситы рæстæджы дыккаг кусæгон къорды стыр хъусдард здæхт цæуы Хуссар Ирыстонæй æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт рабæрæг кæнынмæ. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстон сыхаг паддзахадтæ кæй сты, уымæ гæсгæ абон-сом хæларсыхаг ахастытæ хъуамæ бæстон цæуой.

«Мах нымайæм афтæ, æмæ ацы фарстатæ бæстон кæнын фæахъаз уыдзæн, гуырдзиаг къухдариуæгадмæ æууæнкдзинад сфидар кæнынæн. Уымæн æмæ мах хорз зонæм, нæ æбæрæг сæфт æмбæстæгтæй фондзæй уыдысты Гуырдзыстоны тыхон структурæты къухты», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Дискусситы куысты ма хуссарирыстойнаг делегаци радон хатт рæгъмæ рахаста, нæ бæстæйæн йæ рагон зынаргъ Триптих раздахын. Уымæн æмæ уыцы уазфыст у нæ адæмы монон æргъадтæй сæ иу  æмæ хъуамæ уа Хуссар Ирыстоны.

Уымæй дарддæр ма нæ бæстæйы делегаци дзырдта Тырсыгомæй рацæугæ ирæтты проблемæйыл, кæцытæн Гуырдзыстоны къухдариуæгад нæ дæтты сæ райгуырæн бынæттæм бацæуыны фадат.

Радон 47-æм раунд ауадзыны рæстæг нысан цæуы 2019 азы апрелы мæйы райдианмæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.