Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ УФ-йы Æдасдзинады советы Нымæрдары хæдивæг Рашид Нургалиевы æмсæрдарадæй уагъд æрцыд РХИ-йы æмæ УФ-йы æдасдзинады советты аппаратты иумæйаг æмбырд. Уынаффæ кодтой Хуссар Ирыстонмæ Рашид Нургалиевы дыууæбонон кусæгон балцы хатдзæгтыл.

Цытджын уазæгæн раарфæ кæнгæйæ, Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта Рашид Нургалиевæн республикæйы æдасдзинад ифтонг кæныны фарстмæ хъусдард кæй дары, уый тыххæй. Уый банысан кодта, дыууæ боны дæргъы арæзт кæй æрцыд стыр куыст, кæцы сæйраджыдæр баст у РХИ-йы æдасдзинады иумæйаг контурæй сифтонг кæнын, афтæ ма РХИ-йы æмæ УФ-йы гарзджын тыхты æмæ æндæр дæлхайæдты æмархайдыл.

“Ныфс мæ ис, куыстæн сæ хатдзæгтæ иугонд æрцæудзысты  æмæ мах рахиздзыстæм конкретон позицитæм, кæцытæ фадат ратдзысты Хуссар Ирыстоны  адæмæн, цæ мæй сæ фидарæй уырна се ‘дасдзинад.

Республикæйы райрæзт, фыццаджыдæр баст у йæ территорийы сабырадыл. Цæрджытæ дарддæр дæр сæ цардыл хъуамæ хъуыды кæной, цæмæй ныфсджын уой нæ хуссайраг сыхæгты ‘рдыгæй нæм кæй ницы æртхъирæнтæ æнхъæлмæ кæсы, æмæ бæстæйы æдасдзинад ифтонг кæй цæудзæн УФ-йы æмæ РХИ-йы гарзджын тыхты руаджы, уый”,-загъта Президент.

Рашид Нургалиев, йæ рады банысан кодта, йæ дыууæбонон кусæгон балц цаутæй йемыдзаг кæй уыд, æмæ банысан кодта Хуссар Ирыстоны районтæм йæ балцы рæстæджы басгæрст кæй æрцыдысты Зонкъары донæмбырдгæнæн, республикæйы территорийыл транзит байгом кæныны хъуыддаджы горæты иувæрсты фæндаджы бынат, афтæ ма Ленингоры районы Инвестпрограммæйы объекттæ.

“Уый ма ноджы иу хатт бæлвырд кæны, Ленингоры районы цæрджытæм æмæ къухдариуæгадмæ хъусдард лæмæгъдæр кæй нæ кæны. Мах хорз фæстиуджытæ уынæм, стыр бузныг уын уый тыххæй. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ цы социалон объекктæ арæзт æрцыдысты, уыдон стыр хай бавæрд кæй бахæсдзысты районы райрæзты хъуыддагмæ æмæ иумæйагæй Хуссар Ирыстоны райрæзтæн ахъаз кæй уыдзысты”, – загъта Рашид Нургалиев.

УФ-йы Æдасдзинады советы Нымæрдары хæдивæг дæр фехъусын кодта  дыууæ боны дæргъы цы куыст арæзт æрцыд, уыдоны хатдзæгтæ.

“2018-2019 азы нын цы куысты план ис, уый у тынг ахсджиаг, ис дзы фидæны цымыдисон фæндтæ. Мах цæттæ кæнæм ацы куыст сæххæст кæнынмæ баст фарстытæ. Ныфс мæ ис, ахæм планон мадзæлттæ уагъд кæй цæудзысты куыд Мæскуыйы, афтæ ам дæр.

Анатолий Ильяйы фырт, ды кæй зæгъын æй хъæуы, раст дæ – Хуссар Ирыстоны адæм хъуамæ цæрой сабыр цардæй, сæхи хатой æдасæй”, – загъта Рашид Нургалиев.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.