Фæстаг цалдæр азы дæргъы Европæйы æндæр æмæ æндæр бæстæты, фенддагдæр горæтты «Ирон культурæйы бонтæ Европæ-йы» проекты фæлгæтты фæсарæйнæгтæ зонгæ кæнынц ирон культурæимæ. Ацы мадзал ссис традицион æмæ йæ æрвылаз дæр банысан кæнынц июны райдианы. Бæрæгбонон мадзалмæ бацæттæ кæнынц развæлгъау æмæ йын саразынц цымыдисон программæ. «Ирон культурæйы бонтæ Европæйы»-йы проекты организатор у не ʻмзæххон Голландийы Æппæтадæмон æнæкоммерцион Ассоциаци «Æндидзынад»-ы къухдариуæггæнæг, йæ райгуырæн бæстæйы стыр патриот Пухаты Радион. 2008 азы августы хæсты фыццаг бонæй Пухайы фырт йæ цардæмбалимæ иумæ æрсидтысты Евроцæдисы æмбæстæгтæм Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмы номæй, цæмæй хъахъхъæдгонд æрцæуой нæ бæстæйы сабыр цæрджытæ. Пухаты бинонтæ уæд апарахат кодтой фыстæг æппæт политикон баиугæндтæ æмæ æхсæнадон организацитыл. Кæд сæ фыстæгæн æвæрццаг дзуапп нæ истой, уæддæр иуран нæ бадтысты æмæ тох кодтой рæстдзинады сæрыл. Ивгъуыд аз йæхæдæг Пухаты Радион, РХИ-йы Мыхуыр æмæ информацийы Паддзахадон комитеты куыд дзырдта йæ пресс-конференцийы, афтæмæй 2010 азæй фæстæмæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны конфликты фарстатæ Европæйы æхсæнады банымæг сты. Политикон партитæ фылдæр уыдысты конфликтгæнæг Гуырдзыстоны æвварс æмæ архайдтой æппæт дæр ферох кæныныл. Уæд не ʻмзæххон сфæнд кодта Ирыстонмæ æндæр фарсæрдыгæй хъусдард аздахын æмæ уымæн та равзæрстой аивад, культурæ. Уый фæрцы Европæйы мингай адæмæн фадат ис, цæмæй æввахсмæ æмæ лæмбынæгдæрæй базонгæ уой ирон адæмы традицитæ æмæ хъæздыг культурæимæ. Æмæ уæдæй нырмæ, аст азы дæргъы, сорганизаци кæнынц ирон культурæйы бонтæ Европæйы. Ацы мадзал уагъд цыдис æмæ ирон нывгæнджытæн равдыстытæ саразын бантыст Европæйы дæс бæстæйы æртындæс горæты – Стамбул, Рим, Брюссель, Париж, Люксембург, Будапешт æмæ æндæрты.

Ныр дæр та ию-ны райдианы ацы мадзал байгом Па-рижы Зонад æмæ культурæйы уæ-рæсейаг центры ирон адæмы  хъæздыг культурæ парахат кæныны сæраппонд. Ам хайад райстой куыд Цæгат Ирыстон-Аланийы, афтæ Хуссар Ирыстоны нывгæнджытæй дæр цалдæр. Европæйы Хуссар Ирыстоны темæйыл се сфæлдыстад адæмы размæ рахастой РХИ-йы адæмон нывгæнджытæ Кæсойты Лаврент æмæ Гæбæраты Барис. Парижмæ сæ баиуы тыххæй æмæ сыл  цы тæлмæнтæ  ныууагъта бæрæгбон, уый  фæдыл нын радзырдта Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы директор, ныв-гæнæг Кæсойты Лаврент. Уый, фыццаджыдæр, банысан кодта сæ балц цымыдисон кæй рауад æмæ дзы стыр æхцондзинад кæй райстой, уый. «Махæн Европæмæ ацæуынæн баххуыс кодта «Ирон культурæйы бонтæ Европæйы»-йы проекты къухдариуæггæнæг Пухаты Радион. 4-æм июны Парижы байгом кодтам равдыст, цыран мах Гæбæраты Барисимæ æндæрты нывтимæ равæрдтам фæйнæ æртæ куысты. Равдыстмæ æрбацыдысты Францы ирон диаспорæйы минæвæрттæ æмæ бирæ æндæр официалон адæймæгтæ. Уыцы ран, кæй зæгъын æй хъæуы, хайад райста йæхæдæг Пухаты Радион дæр. Уымæй дарддæр ма мах фæнд кодтам Люксембургмæ ацæуын. Бантыстис нын, Азербай-джаны минæварады фæхуындмæ гæсгæ. Уыдон сæхæдæг арендæйы систой равдысты зал, фæлæ гуырдзиæгтæ уый куы базыдтой, æмæ дзы хуссарирыстойнаг нывгæнджытæ дæр хайад исдзысты, уæд се ʻнæразыдзинад равдыстой æмæ ныффыстой протестон фыстæг. Цæмæй мадзал нывыл ацыдаид æмæ дзы загъд ма уыдаид, уый тыххæй нæ хатыртæ ракуырдтой Азербайджаны минæвæрттæ. Цæмæй нæ рæстæг иуран бадгæйæ ма арвыстаиккам, уый тыххæй мах эксурсийы хуызы абалц кодтам уырдæм æввахс чысыл горæтмæ æмæ дзы сарæзтам пленер, сфæлдыстам дзы ног нывтæ. Немæ уыдысты нæ цæгаттаг коллегæтæ дæр. Ацы мадзæлтты сæйраг нысан у, цæмæй Европæйы базоной ирон аивад. Æндæр азты ма-иу немæ абалц кодтой ирон сфæлдыстадон къордтæ, зарæггæнджытæ, кафт æмæ зарды ансамбльтæ. Арæх-иу немæ ацыдис Амага Готти дæр. Уымæй дарддæр ма мах равдыст сорганизаци кодтам Брюсселы. Кæд нырма европæйаг æхсæнад фаг хъусдард не здахынц нæ нывгæнджыты равдыстытæм, уæддæр нæ равдыстытæм æрбацæуынц адæм. Ис афтæ зæгъæн æмæ ирон аивадмæ кæй цымыдис кæнынц. Нæ нывтæй, алы аз дæр цы ахæссæм, уыдон алыхатт дæр ныууадзæм Пухаты Радионимæ, уый бахъæуынц уæлæмхас ма цы мадзæлттæ сорганизаци кæны, уыдонæн. Мах кæддæриддæр бузныг стæм ацы адæймагæй, йæ хъуыддагмæ йын бæрн-джын ахаст кæй ис æмæ ирондзинад кæй парахат кæны, уый тыххæй. Стыр бузныг ма стæм нæ Президент Бибылты Анатолийæ дæр кæддæриддæр нæ фарсмæ кæй балæууы æмæ нын финансон æххуыс кæй бакæны, уый тыххæй. Ацы аз, æндæр азтимæ абаргæйæ бæрæг фæзынаргъдæр сты фæндаггæгтæ æмæ нын фæзын уыдаид мадзалмæ ацæуын, фæлæ нын сарæзтой уавæртæ æмæ дзы фестæм фынддæс боны бæрц», – загъта Кæсойты Лаврент.

Нывгæнæг ма куыд банысан кодта, афтæмæй уый фæнд кодта рагæй кæмæ бæллыдис, Европæйы уыцы фенддагдæр бынæттыл æрзилын æмæ фенын. «Мæнæн мæ бæллиц уыдис, цæмæй бацыдаин æмæ федтаин, рагон историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм галуантæ, кувæндæттæ. Фæндыдис мæ фылдæр скульптурæмæ мæ хъус адарын æмæ сын сæ нывтæ сисын. Æмæ мын æнтысгæ дæр бакодта. Уыдыстæм Люксембургы провинциалон горæт Буйоны, кæцы зындгонд у дзуархæсджыты (крестоносцы) æмбырд æмæ сæ балцæй Иерусалиммæ. Тынг цымыдисон галуан у, адæймаг дзы райсы бирæ пайдайаг зонæнтæ. Бирæ дзы фæистам зæрдылдарынæн нæ къамтæ дæр. Уый размæ азты дæр ма Европæйы бæстæты цы нывтæ систон, уыдонæй мæ хицæнæй фæнды Цхинвалы равдыст саразын æмæ сæ адæмы рæгъмæ рахæссын», – банысан кодта Кæсойты Лаврент.

Бæрæг куыд у, афтæмæй мадзалы æппæт архайæг нывгæнджытæ дæр хорзæхджын æрцыдысты Арфæйы фыстæджытæй, мадзалы хайад кæй райстой, уый сæраппонд.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ «Ирон культурæйы бонтæ Европæйы»-йы проект фадат кæй дæтты, цæмæй равдисæм нæ адæмы сфæлдыстадон хъомыс, йæ тырнынад æндидзынадмæ, сабырадмæ æмæ иумæйагадæмон æргъадтæм. Ацы хъуыддаг размæгæнæг у  не ʻмзæххон Пухаты Радион, æмæ йын бирæ кæй бантыст, уый тыххæй йæ схорзæхджын кодтой Æппæтдунеон хæрзаудæн альянс «Миротворец»-ы орденæй.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.