20 июлы Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Советы нымæрдары хæдивæг Рашид Нургалиевы Хуссар Ирыстонмæ æрцыд кусæгон балцы æмæ фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолиимæ.

Фембæлды райдайæны паддзахады сæргълæууæг æгасцуйы æмæ бузныджы ны-хæстæ загъта уазæгæн Хуссар Ирыстонмæ йæ ахасты æмæ йæ аудындзинады тыххæй. Президенты ныхæстæм гæсгæ, Рашид Нургалиев бирæ тыхтæ æмæ энерги хардз кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинад сифтонг кæныны фарстатæ скъуыддзаг кæныныл.

«Рашид Гумары фырт, ам кæй дæ, уый мын тынг æхсызгон у. Ды практикон æгъдауæй æрзылдтæ Хуссар Ирыстоны æппæт арæныл, стыр хъусдард дардтай иумиаг информацион-координацион центры сырæзтмæ, æмбырдтæ ауагъдæуыд Уæрæсейы Федерацийы тыхон структурæты къухдариуæггæнджытимæ. Æппæт уыцы фарстатæ, кæй зæгъын æй хъæуы, баст сты нæ республикæйы æдасдзинадимæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгады адресыл, Хуссар Ирыстоны проблемæтæм йæ хъусдарды тыххæй.

«Уæрæсейы къухдариуæгад æрмæст æдасдзинад сифтонг кæныны фарстатæм нæ дары йæ хъус,  фæлæ ма æххуыс кæны Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон сферæ райрæзын кæныны проблемæтæ скъуыддзаг кæнынæн дæр», – загъта Бибылты Анатоли æмæ ныфс бавæрдта дарддæр дæр нысаниуæгджынæй æмгуыст кæй кæндзысты Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы адæмты хæрзиуæгæн.

Уый фæстæ раныхас кодта УФ Æдасдзинады Советы нымæрдары хæдивæг Рашид Нургалиев æмæ уый дæр йæ рады бузныджы ныхæстæ загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн куыстыты форматы тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, йын ацы аз апрелы Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты фæстæ ацы балц у фыццаг.

«Анатоли Ильяйы фырт, мах рагæй зонгæ стæм, Уæлвæткон уавæрты министрæй ма куы куыстæй, уæдæй. Алкæмæй хуыздæр ды зоныс æдасдзинады фарстатæ, зоныс нæ развæлгъау æппæт куыстыты аргъ дæр, кæцытæ здæхт сты уымæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны ма уа бынат уæлвæткон уа-вæртæн, Хуыцау бахизæд æнамонд цаутæй», – загъта Рашид Нургалиев æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады советы ног снысангонд нымæрдар Уалыты Валериимæ уыдон сæ къухтæ æрфыстой бирæ æхсæнведомст-войон сразыдзинæдтыл, афтæ ма азылдысты æмæ бынаты бабæрæг кодтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны уавæр дæр.

«Мах иумæ федтам, бабæрæг кодтам, байхъуыстам æмæ саргъ кодтам, цы федтам, уымæн. Ноджы иу хатт федтам, Ленингоры районмæ цы фæндаг арæзт æрцыд, уый. Бабæрæг кодтам Синагурмæ фæндаджы арæзтад дæр, кæцы фæхæццæ кæны Карзманы онг», – банысан кодта Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады нымæрдары хæдивæг Рашид Нургалиев.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.