Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд г.Цхинвалы Таболовы уынджы №115 бирæфатерон хæдзары цæрджытимæ, кæцытæ бахатыдысты паддзахады сæргълæууæгмæ, цæмæй сæ ныр цал-дæр азы дæргъы цы проблемæ тыхсын кæны, уый скъуыддзаг æрцæуа.

Уæлдæр амынд хæдзар басыгъд 2008 азы гуырдзыйы хæстон агрессийы рæстæджы æмæ ногæй арæзт æрцыд. Ног проекты иумæйаг тыгъдад рауæрæх дæр кодтой. Æмæ цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, уыдонæн сæ бон нæу раздæр приватизаци цы тыгъдадæн сарæзтой, уымæй уæлдай цы квадратурæ бафтыдтой уый приватизаци скæнын æмæ техникон лæггæдты тыххæй сæ фидын кæй  хъæуы уæлдай æхацайы фиддон, уый.

Бибылты Анатоли хъæуæг ведомствотæн бахæс кодта, цæмæй æвæстиатæй ацы фарст аскъуыддзаг кæной.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æнæмæнгхъæуæг у хæдзары цæрджыты уæлдай квадратон метры приватизацийæ ссæрибар кæнын, афтæ ма техникон лæггæдты тыххæй фиддонтæй дæр.

«Æз абон хъæуæг документтыл мæ къух æрфыссдзынæн», – загъта Президент.

«Йæ рæстæджы приватизаци цы цæрджытæ нæ сарæзтой сæ фатертæн, уыдон хъуамæ прива-тизаци саразой зæронд планиров-кæйы кавадратурæмæ гæсгæ. Цы квадратурæ æфтыд æрцыд, уый уын у лæвар. Раздæр цы тыгъдад приватизаци æрцыд, уый ногæй приватизаци кæнын нæ хъæуы», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Хæдзары цæрджыты æндæр зындзинад ма у, фæндзæм уæла-дзыджы фатертæн кæй нæй документтæ. Уый цалцæг æрцыд ног проектмæ гæсгæ.

РХИ-йы Парламенты Паддзахадон исад æмæ зæххон ахастыты фæдыл комитеты сæрдар Пæрæстаты Сергийы ныхæстæм гæсгæ, РХИ-йы арæзтад, архитектурæ æмæ Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрад Паддза-хадон исадмæ алæвæрдта æрмæст цыппар уæладзыджы (зæронд планировкæйы фæлгæтты).

Паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта, цæмæй фондз уæладзыг дæр г.Цхинвалы Админист-рацийы балансмæ лæвæрд æрцæуой.

«Процедурон куыстытæ хъуамæ иу къуырийы æмгъуыдмæ фæуой», – загъта Президент.

Горæт Цхинвалы Администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Джиоты Эндрикы ныхæстæм гæсгæ, фæндзæм уæладзыджы цæрджытæн лæвæрд æрцæудзысты социалон бадзырдтæ, «фæлæ уыдон бахъæудзæн сæ фатертæ æххæстæй сприватизаци кæнын».

Бибылты Анатоли бахæс кодта, цæмæй фатертæн ацы аз июлы мæйы фæудмæ арæзт æрцæуа хъæуæг документтæ.

«Мæйы фæудмæ уæ иу дæр æнæ документтæй ма хъуамæ баззайа», – банысан кодта Президент, цæрджытимæ дзургæйæ.

Президент ма фембæлд г.Цхинвалы Администрацийы ахуырады

Управленийы кусджытимæ, кæцытæ бахатыдысты, цæмæй сын сæ куыстмызд фæфылдæр кæна.

Бибылты Анатоли банысан кодта, республикæйы Финансты министрадæн кæй бахæс кодта, цæ-мæй алыварсонæй бакусой, æмæ 2019 азæй иу паддзахадон кусæг дæр ма иса куыстмызд фæцæрыны минимумæй къаддæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.