Зылды мæсыг 

Рагон архитектурон цыртдзæвæныл нымад цæуы фыдæлтыккон “Зылды мæсыг”. Уый ис Дзауы районы Урстуалты комы. Знаджы ныббырстыты рæстæджыты-иу æппæт комы цæрæг адæм æмбæхстысты ацы мæсыджы æмæ йæ, æвæццæгæн, “Зылды мæсыг” дæр уымæн схуыд-той. Ис ма ахæм верси дæр, зæгъгæ, йæ “Зылды мæсыг” хуыдтой, тымбыл амад кæй уыд, уый тыххæй.  Мæсыг ис айнæг къæдзæхы сæрмæ чысыл фæзуатыл Ходзы хъæуы сæрмæ. Йæ къултæ амад сты æнæкуыстгонд егъау дуртæй æмæ ранæй-рæтты хæццæ кæнынц 5 метры онг.

 

    Гуфтайы зæронд хид

Гуфтайы хид у Хуссар Ирыстоны иууыл рæсугъддæр архитектурон – арæзтад, – нæ республикæйы визитон карточкæ.  Хид иу кæны Гуфтайы хъæуы Пацайы цæугæдоны дыууæ былы. Йæ хуыз ахæм оригиналон у, æмæ Хуссар Ирыстоны алы цæрæгæн дæр йæ цæстытыл ауайы нæ республикæ.  Банысан кæнын ма хъæуы уый, æмæ  ацы арæстад кæй сырæзт цыбыр æмгъуыдмæ.  Хид кæд раджы арæзт æрцыд, уæддæр  йæ функцитæ æххæст кæнынæн абон дæр æмбæлон уавæры ис.

Гуфтайы хид эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд 1929 азы 1-æм ноябры. Арæзт æрцыд  дæс мæйы æмгъуыдмæ, немыцаг инжинерты æххуысæй. Йæ дæргъ у 72 метры, йæ бæрзæнд та 22 метры. Йæ арæзтадыл бахардз 159344 сомы. Ӕгас Фæскавказы нæ уыд ахæм хид, кæцы  сырæзт афтæ тагъд.

 

Бурсамдзел (Бурхох) 

Ирыстоны хæхтыл дæ цæст куы ахæссай, уæд суындзынæ бæрзонд, урс худы бынæй хох. Хуссар Ирыстоны территорийыл уый у иууыл бæрзонддæр цъуп – Бурсамдзел.  Йæ бæрзæнд у денджызы æмвæзадæй 3662 метры. Ирон адæмы  ‘хсæн ацы хохæн ис сакралон нысаниуæг, ам таурæгъмæ гæсгæ  уыдис рагон кувæндон  “Табуйаг хох” – Сыгъдæг хох, афтæ дæр ма йæ хонынц.  Бурсамдзелы хохы номыл сусæны мæйы (июны) 24 боны ивгъуыд æнусы нысан кодтой дины бæрæгбон. Нысан æй кодтой куыд Хуссары, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр.

Легендæмæ гæсгæ хохы цъуппыл чысыл фæзуаты уыдис кувæн бынат. Ӕцæгæйдæр, ивгъуыд æнусы 30 азты ардæм цы альпинисттæ схызтытсты, уыдон дзы ссардтой хъæдын бандæтты баззайæццæгтæ. Бурсамдзел у, грекъаг Олимпы хуызæн – ам дæр таурæгътæм гæсгæ цардысты уæларвон  цæрджытæ  – Хуыцæуттæ.

 

Къуыдары лæгæттæ

 

1955 азы Къуыдаргомы райдыдтой фыццаг археологон къахтытæ. Ацы æрдзон арæзтæттæ-лæгæттæ рагзамантæй фæстæмæ зындгонд уыдысты къуыдаргомы цæрджытæн. Уæрæсейаг археолог Владимир Любин æмæ йæ коллегæттæ райдыдтой зонадон æгъдауæй ахуыр кæнын ацы лæгæтты. Ам, Часавалы хохы астæу, ис æртæ лæгæты. Рахуыдтой сæ “Къуыдар -1”, “Къуыдар – 2” æмæ “Къуыдар – 3”. Къуыдары лæгæттæ сты ашелы куьтурæйы рæстæджы цыртдзæвæнтæ. Басгæрстыты рæстæджы лæгæтты ссардæуыд 30 мин алыгъуызон стæджы: арс, зубыр, сырх бирæгъ, домбай,  фæранк, стайы æмæ æндæр  сырдты. Уыдоныл цуан кодтой рагзаманты лæгæты цæрджытæ – цуангæнджытæ.  Уымæй уæлдай ма дзы ссардтой хæдзарон мигæнæнты цъæлтæ. Абон дæр ацы лæгæттæн сæ сусæгдзинæдтæ æххæст нæ раргом сты.  Ацы лæгæтты ма ис чысыл цадтæ.

 

Бубы  лæгæт

Дзауы районы Къуыдаргомы, Цъоны хъæуы уæлхохы ис Бубы хохы лæгæт. Уый у Ашелаг культурæйы адæймаджы  лæууæн бынат.  Ацы бынат ис денджызы æмвæзадæй 2150 метры бæрзæндæн. Ссардæуыд дзы рагзаманы  дурæй конд адæймаджы æнæмæнгхъæуæг кусæнгæрзтæ, афтæ ма цæрджытæ цæй дзидза хордтой, уыцы цæрæгойты баззайæццæгтæ.  Уыдонмæ гæсгæ археологтæн фадат фæцис рагзаманы Къуыдаргомы фаунæйы тыххæй бæрæг зонæнтæ райсын.

 

Морæхы дзуар

Афтæ хуыйны, Къуыдаргомы Морех кæй хонынц, уыцы бынаты дурæй конд стыр Дзуар. Уый у чырыстонады символ æмæ нымад цæуы Ирыстоны территорийыл иууыл рагондæр цыртдзæвæнтæй сæ иуыл. Легендæмæ гæсгæ ацы дзуары алыварс арæзт уыдис кувæндон, фæлæ, хъыгагæн, уымæн абон йæ фæд дæр нал ис. Зæгъгæ, абон ацы бынаты къахæн куыстытæ ауагъдæуыд, уæд дзы бирæ цымыдисон хабæрттæ раргом уаид.  Дзуар йæхæдæг у, афтæхуыйнæг, кувæн дзуар, йæ конфигурацимæ гæсгæ хауы дурæй арæзт дзуæрттæм. Йæ саразыны рæстæг хауы 12 æнусæ 16 æнусмæ.

 

Ерцъойы  цад

Ерцъойы цад ис Дзауы районы Къуыдаргомы. У денджызы æмвæзадæй 1711 метры бæрзонддæр. Цады ис зæххы бын къанаутæ,  уырдыгæй йæм цæуы дон.  Ерцъойы цады фæзуат у 0,41 квадратон километры, йæ дæргъ та – 940 метры. Йæ æрфæн бæлвырд нæу, уымæн æмæ цыдæр рæстæджы цад фæкъаддæр вæййы.  Кавказы ацы цад нымад у иууыл уникалондæр æмæ хауы карстон цадты къордмæ. Фыдæлты заманы ацы цады бынаты зæххы бын уыдис лæгæттæ. Ныккалдысты, æмæ сæ цы дæттæ цыд, уыдон уæлæмæ ссыдысты.

5-6 азы мидæг иу хатт цадæн йæ дон фесæфы, гæнæн ис цалдæр бонмæ, кæнæ иу къуыримæ, хатт æнæхъæн мæймæ дæр. Ацы хабар баст у зæххы бын лæгæттæ кæй ис, ууыл, æмæ дон уырдæм афардæг вæййы. Дон арæх фесæфы зымæджы.

 

Царциаты калак

Ивгъуыд æнусы Дзауы районы Едысы хъæумæ æввахс археологон къахтыты фæстиуæгæн ссардæуыд рагон адæмы цæрæнуæтты бынæттæ.  Абоны онг дæр ма дзы ранæй-рæтты баззадысты рагон хæдзæртты бындуртæ. Фыдæлтыккон ссарæггæгтæ кæм разындысты, уыцы бынат бы-нæттон цæрджытæ рагæй фæстæмæ хуыдтой “Царциаты калак”.

Археологон къахæггæгтæ нын раргом кодтой, ацы бынаты кæй уыд, уæды заманмæ абаргæйæ, стыр горæт, æвæццæггæн, уыд æрмдæсныты горæт. Уыцы рæстæджы, историкты хъуыдымæ гæсгæ, ацы горæты цардысты  нæ фыдæлтæ, алантæ.  Ахæм хъуыдымæ æнæнхъæлæджы не ‘рцыдысты, лæмбынæг куы ркастысты ацы археологон къахæггæгтæм; хæцæнгæрзтæм, хæдзарон мигæнæнтæм, мард ныгæныны æгъдæуттæм, уæд сарæзтой ахæм хатдзæг, зæгъгæ, алантæн дæр кæй уыд ахæм цардыуаг.

Бацæттæ йæ кодта Æлборты Агундæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.