Æрбалæууыдысты уалдзæджы фыццаг бонтæ. Уалдзæгмæ та æгас зымæджы дæргъы фæкувы кусæг лæг, цæмæй йыл дзæбæхæй сæмбæла, ногæй та рахиза йæ дыргъдæттæм, йæ хуымкæнинаг зæххытæм æмæ та бындур æрæвæра ног тыллæгæн, йæ фæззæджы бæркадæн.

Фæлæ зæхкусæг æрмæст уыдæттыл нæ фæхъуыды кæны. Уый фæхъуыды кæны, æрдз кæй райхъал уыдзæн æмæ йæ райхъалимæ цъæх кæй адардзæнис зæхх.

Мæрæй сæ сæртæ рухс дунемæ чи сдарынц, уыцы мингай зайæгойтæй бирæтæм адæймаг фенхъæлмæ кæсы сзайынмæ. Уыцы мингай зайæгойтæй адæм уæлдай аргъ кодтой, хосгæнæн миниуджытæ кæмæн уыдис, уыдонæн. Уыдонæй та сæ иу пысыра.

Ахуыргæндтæ нымайынц, зæгъгæ, пысыра райдианы фæзынд Цæгат Европæ æмæ Азийы. Æмæ ныртæккæ та анхъæвзта æгас дунейыл. Сæ нымадмæ гæсгæ пысырайы хуызтæ сты 50 бæрц.

Пысыра æндæр зайæгойтæй æнцон рахицæнгæнæн у, фыццаджыдæр, йæ сыфтæртæй. Уыдонæн ис хырхгъуыз кæрæттæ. Æмæ уыцы кæрæттыл та,  буары чи судзынц, ахæм хъисгæндтæ. Уыдоны руаджы, йемæ архайгæйæ, адæймаджы буары бауадзынц химикон буарадтæ. Уыцы хъисгæндтæ адæймаджы буарæн расайынц рыст æмæ дзы, æгæрыстæ-мæй, фæзыны буары судзаг низ, кæцыйы уырыссагау хонынц крапивница.

Цы ис райсæн пысырайæ

Ивгъуыд дуджы пысырайы фæскъаутæй пайда кодтой тынуафæн сæудæджерады, хуыдтой дзы фидар уæлæдарæс æмæ æндæр хъуымæцтæ. Фыццаг æмæ дыккаг дунеон хæстыты рæстæджы дзы пайда кодтой бæмбæджы æмрæнхъ, ныр æй баивтой асламдæр æрмæджытæй. Фæлæ йæ уæддæр иуæй-иу хуыйæн фабриктæ нымайынц иууыл экологондæрыл.

Пысарайы хосгæнæн

миниуджытæ

Пысырайы ис тынг бирæ витаминтæ æмæ минералтæ. Цы витаминтæ дзы ис, уыдон сты А, С, D, Е, К.  Йе сконды ма сты аминокислоттæ æмæ антиоксиданттæ.

Пысырайы хосгæнæн миниуджытæ зындгонд уыдысты нæ эрæйы агъоммæ дæр. Астæуккаг æнусты дзы пайда кодтой æрхджыты рыстыты ныхмæ, афтæ ма, куыд организмæй донхуыпп уадзыны фæрæз, афтæ. Абон пысырайæ пайда кæнынц, куыд простатит æмæ  поллинозы ныхмæ дæр. Йæ сыфтæртæй та арæхдæр пайда кæнынц рыстытæ уромынæн, остеоартрит æмæ поллинозæй хос кæныны.

Пысырайы донвых комкоммæдæр æндавы уыргты куыстыл. Ахъаз кæны доны-хуыпп æвзæрын кæнын æмæ стæй организмæй рацæуынæн. Афтæмæй уый пайда у, артриты судзаг æмæ подагрæйæн хос кæныны рæстæджы. Уыдонæн сæ бындур сты витамин С, В, К1, коротиноидтæ, стеролтæ æмæ минералтæ. Пысырайы 10 граммы ис 290 милиграммы кальци æмæ 86 милиграммы та – магни. Пысыра ахъаз кæны аллергийæ хос кæнынæн. Ацы низæй тыхсынц бирæ милуангай адæймæгтæ. Ахуыргæндтæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй йæ экстрактæй пайда кæнгæйæ, зынгæ фæкъаддæр вæййынц йæ симптомтæ. Кæд æмæ ацы низы ныхмæ цы препараттæ ис, уыдонæн ис æндæр низтæ цырынгæнæг эффект, уæд пысырайы цай та адæйма-джы бахиздзæн уыдонæй.

Ахуыргæндтæ ма куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй цæрæгойтыл цы фæлварæнтæ ауагътой, уыдонмæ гæсгæ ныллæгдæр кæны туджы артериалон æлхъывдад. Фæлæ ахæм эффект нырма нæ рабæрæг адæймагыл фæлварæнтæй. Æвæццæгæн, пысыра туджы æлхъывдад кæй ныллæгдæр кæны, уый баст у, адæймаджы организмæй донхуыпп æддæмæ кæй тæры, уыимæ. Уый та йæ рады ныллæгдæр кæны туджы артериалон æлхъывдад. Туджы артериалон æлхъывдад серьезон кæй у, уымæ гæсгæ нæй гæнæн спайдагæнæн æнæ фæлтæрд медицинон специалисты амындæй.

Артриты низæн дæр пысырайы фæлвых æххуыс кæны йæ судзаг сисынæн. Ацы низы ныхмæ дæр ахуыргæндтæ стыр ныфс æвæрынц пысырайæ. Фæлæ ныридæгæн бæрæг у, пысырайы хосгæнæн миниуджытæн сæ бон кæй у, артрит кæмæн ис, уыдонæн баххуыс кæнынæн.

Ахуыргæнтæ ма куыд бæлвырд кæнынц, афтæмæй пысыра ахъаз кæны адæймаджы уæлдай уæз фæкъаддæр кæнынæн дæр. Уыимæ ма пысырайы цай ахъаз кæны аппетит фæкъаддæр кæнынæн. Ахуыргæндтæ цы иртасæнтæ ауагътой, уыдонмæ гæсгæ пысырайæн ис стыр антибактериалон эффект.

Пысыра ма афтæ æххуыс кæны дон-хуыппдзæуæн бынæтты, артриттæ, цармы, куы зæгъæм экземæйы судзаг сисынæн дæр.

Пысыра æмæ сæрыхъуынтæ

Сæрыхъуынтæ цæмæй ма згъæлой, уымæн иууыл рагондæр фæрæзтæй иу у пысыра. Уый тыххæй пайда кæнынц йæ донвыхæй. Пысыра ахъаз кæны сæрыхъуынты тагъддæры рæзтæн, фидар сæ кæны, сæ сойад сын къаддæр кæны, æрттивын сæ кæны, хос кæны кæнкæн, сæры цармы хус кæнын нæ уадзы, йæ цахæмфæнды судзаг дæр ын исы.

Пысырайæ ма пайда кæнынц кулинари æмæ косметологийы дæр.

Кæмæн нæй пайдагæнæн пысырайæ

Пысырайæ цахæмфæнды хуызы дæр нæй пайдагæнæн æнхъæлцау сылгоймæгтæн, сывæллонæн æхсыр чи дары, уыдонæн, афтæ ма 12 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сабитæн.

Пысырайы ахадындзинад ирон адæмы царды

Пысыра йæ фæзындæй йæ бахусмæ дзæвгар низтæн амыдтой хосæн. Дзæбæх кодта æууæрцъæй æмæ фыхæй хуылфыдзаумæтты æппæт хъæнты. Æмбисондæн баззад арс дæр, дæргъвæтин зымæджы фæстæ йæ лæгæтæй куы рахизы, уæд фыццаг фæагуры пысыратæ æмæ сæ фæхæры, цæмæй, йæ уæлæ цы уæлдай сойтæ ис, уыдон федде уой.

Пысырайæ ирон адæм дæр пайда кодтой уыцы хуызы, сыгъдæг дзы кодтой хуылфыдзаумæтты уæлдай фыдтæй æмæ нæрдтæй. Йæ афоныл дзы цы хордтой ирон адæм, уый уæлдай дзы зымæгмæ кодтой хус. Фыхтой дзы хъæрмхуыпп, арæзтой дзы сурвых.

Пысырайæ ма ирон адæм бастой æвиппайды лыг буар æмæ дыууæ, æртæ бонмæ  гас кодта æнæ уæлдай рæсыдæй æмæ хæлмагæй. Æцæг, ног лыгыл æууæрцъ куы æвæрай, уæд тынг сриссы, стæй банцайы.

Гъе, ахæм стыр нысаниуæг уыд пысырайæн нæ царды.

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.