Нæ фыдæлтæй нæм цы рæсугъд æмæ райсинаг æгъдæуттæ æрхæццæ сты, уыдон куыд æххæст кæнæм, уый ирдæй разыны куыд цины, афтæ хъыджы хъуыддæгты дæр. Уыдон нын иууылдæр, кæй зæгъын æй хъæуы, куыд æмбæлы, афтæ æххæсткæнинанг сты, уæлдайдæр та хъыджы фынджы æгъдæуттæ. 

Хъыджы фынджы æгъдæуттæ фæтк æмæ æгъдаумæ гæсгæ æх-хæст кæнын нысан кæны æмæ куыд зианджын бинонтæн, зианæн, афтæ ма æрцæуæг адæмæн дæр скад кæнын. Зианы фынгыл æнæбахудгæ дæр куыннæ вæййы, фæлæ арæх афтæ рауайы æмæ фæрсæрдæгæй кæсджытæ хатгæ дæр нал ракæнынц  зианы фынг у, æви цины.

Зианы фынджы фарсмæ бадджытæ,  куыд æмбæлы, афтæ нæ фехъусынц кувæгмæ. Дæс- фынддæс адæймагæй дæлæмæ нал фехъусынц, куывд кæй æмæ цæй тыххæй уыд, уый æмæ кæй куыд фæфæнды, афтæ фæкувы. Ацы хъуыддаг бирæ зæрдæмæдзæугæдæр у Цæгат Ирыстоны. Кувæг куыддæр сысты, афтæ фынгыл цасфæнды адæм ма бадой, уæддæр сæ ныхасæй фæлæууынц. Лæмбынæг фехъусынц кувæгмæ æмæ куывд кæронмæ ацæуы куыд фембæлы, афтæ. Махмæ, Хуссары афтæ кæй нæу, уым цасдæрбæрцæй азымджын сты фынгыл бадджытæ се ‘ппæт дæр – чи хъусы кувæгмæ, уый дæр нæ ба-сабыр кæны æгъдаухалджыты.

Раст ма нæу уый дæр, æмæ зианы фынгыл бирæ куывдтытæ кæй фæкæнæм. Цард цæуы æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йемæ хæссы ивындзинæдтæ. Фæлæ уый нæ нысан кæны æмæ куывдтытæн кæрон мауал уа. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, абон зианы фынгыл цы куывдтытæ фæкæнæм, уыдонæй иуæй иуты гæнæн ис æмæ ма кувæм.

Зианы æмæ цины рæстæджы дæр сæйраг лæггадгæнджытæ вæййынц кæстæртæ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, раппæлинаг хъуыддаг у, уымæй хъуамæ уæм сæрыстыр, аргъ сын кæнæм, фæлæ раст нæу, зианы фынгыл сæм хатæм, цæмæй уыдон дæр баназой. Уый хорз цæвиттон нæу æмæ сæ нæ хъæуы фæтк халыныл цайдагъ кæнын.

Зианджын бинонтæн кæд сæ хъыг вæййы æгæрон, уæддæр фæархайынц, цæмæй сыл макæй зæрдæ бахуда, сæ зианæн скæной æмбæлон кад. Зиан æмæ зианджынæн скад кæнын та æмбæлы зианмæ æрцæуæг адæмыл, фæлæ бирæтæ ууыл хъуыды дæр нæ акæныц æмæ фехалынц хи дарыны уаг. Цæвиттон, кувæг, рухс нæ, фæлæ цырæгътæ дæр нæма ссудзы, афтæмæй фынгыл рухс кæнынæн цы нозт æрæвæрынц, уымæй иуæй-иутæ сæ къухтæ æхсын райдайынц. Бирæтæм афтæ фæкæсы æмæ уымæй æвдисынц сæ уæздан æмæ сыгъдæгдзинад, фæлæ уый афтæ нæу. Алы зианмæ цæуæг адæймагæн дæр, хæдзарæй куы цæуы, уæд вæййы хорз фадат къухтæ сæхсынæн æмæ кæд æхсинаг сты, уæд сæ уым сæхс. Раздæр ма-иу стыр фынджы размæ, цал-дæр æвзонг чызджы лæууыдысты æд доны ведрæтæ æмæ-иу адæмы къухтыл æркодтой дон.

Хæрзæрæджы та федтон ахæм ныв. Зиан ахастой, адæм фынджы фарсмæ бадын райдыдтой. Иу æмбискары сылгоймаг тæбæгъы рахаста дæндагсхъауæнты къоппытæ æмæ сæ æвæрдта фынгыл. Дисау мæм фæкаст. Фыццаг уымæн, æмæ кæд зианы фынгтæм цæуын арæх, уæддæр ахæм ныв федтон фыццаг хатт. Куыд ис гæнæн æмæ бадыс зианы фынгыл æмæ схъауыс дæ дæндæгтæ. Зианы фынгыл бадджыты ‘хсæн сытынг сæ кой. Иутæ дзырдтой, зæгъгæ, зианы фынгыл ма уымæй худинагдæр цы хъуамæ уа æмæ схъауай дæ дæндæгтæ. Бирæтæ сæ айсынмæ дæр хъавыдысты. Нæ зонын, фæлæ мæнмæ афтæ кæсы æмæ рестораны цæлы фынгыл куы бадай, уæддæр дæндагсхъауæнтæй пайда кæнын нæу рæсугъд. Нæ абоны царды зианы фынгыл нæ хъæуы ахæм «ногдзинад» æмæ йæ æндæр хатт фæлхат дæр мауал хъуамæ скæнæм.

Зианы фынджы æгъдау ахæм у, æмæ цалынмæ кувæг рухс нæ зæгъа зианæн, уæдмæ фынгмæ февналын не ‘мбæлы. О, фæлæ арæх дисы дæр бахаудзынæ. Адæймагмæ ма афтæ дæр фæкæсы, цыма бирæ, дзæвгар рæстæджы баззадысты æххормагæй, сæ кæрæдзийæ дæр нал фефсæрмы вæййынц æмæ райдайынц хæрын. Хатт куывдамонæг уый тыххæй фæдзæхсгæ дæр акæны, æмæ уæд сæхи фæуромынц.

Бирæтæ катайгæнгæ фæдзурынц æхсæвбадæнтæ æмæ сабатбонты тыххæй. Раздæр-иу æхсæвбадæн арæзтой уыдонæн, кæцытæ зианмæ æрцыдысты дардæй, къахæй кæнæ бæхтыл. Баззадысты-иу зианджын бинон-тæм, æхсæвбадæн кодтой, цы сæ бон уыд, уымæй зианæн лæггад кодтой. Зианджынтæ дæр-иу фынгыл æвæрдтой рухскæнинæгтæ æмæ-иу  зианæн загътой рухс. Ныр та нымбырд вæййынц хионæй – æцæгæлонæй æмæ стæй фынджы фæстæ сæ хæдзæрттæм афардæг вæййынц. Сабатбонты дæр дардыл аразын не ‘мбæлы. Нæ адæм сæ раздæр бынтондæр нæ арæзтой. Аразын сæ куы райдыдтой, уæд дæр сæ афтæ дардыл нæ арæзтой. Раздæр сабатбонты хайад истой зианджын бинонтæ æмæ æввахс хæстæджытæй чидæртæ. Ныр та дзы кæй нæ фендзынæ. Сабатбонты раздæр кусæрттаг нæ кодтой, фæлæ ныр уый дæр бирæтæ кæнынц.

Алцы дæр фидауы æгъдауæй æмæ нæм фыдæлтæй цы хорз æгъдæуттæ æрхæццæ сты, уыдон нын æрмæст æххæсткæнинаг не сты, фæлæ ма нын сты хъахъхъæнинаг дæр æмæ уыцы хъуыддаджы алы ирон æмбæстаг дæр хъуамæ хæсса бæрндзинад.

                                                                                              ГÆЗЗАТЫ Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.