Кæсæг-Балхъары ис Францæй чысыл къуым, сæндæттимæ, дыргъдæттимæ æмæ æцæг ас-тæузаманы гæнахимæ. Æмткæй ацы комлекс хуыйны Шато-Экрен, уый ис Налцыккæй 25 километр æддæдæр. Раст зæгъгæйæ, йын французаг историимæ ницы бастдзинад ис. Гæнах арæзт æрцыд XXI-æм æнусы райдианы, йæ хуыз у тынг æнахуыр. Фыццаг бакастæй зыны тынг рагон цыма у, уымæй дæр лæууы цады астæу. Уый ма хицæн кæны йæ арæзтæй дæр. Фенæн æй ис цалдæр километрмæ, фæлæ цымыдисон дæр уаит ацы æнахуыр конструкци æввахсмæ фенын.

Егъау конструкци арæзт æрцыд ромайнаг стилы, æнæхъæнæй йæ фæзуат у дыууæ гектары бæрц. Гæнахы алыварс сагъд ис сæнæфсиры плантацитæ. Бæстыхайы мидæг ис эксклюзивон сæнтæ, куыд боцкъæты, æвгты, афтæ ма ныггæндты дæр. Уым уæлдæфы температурæ у 11-18 градусы онг, уæлдæфы уымæлад та арæх схизы 75 процентмæ.

Гæнах цы цады астæу ис, уый дæр у аразгæ, доны ауагътой бирæхуыз кæсæгтæ, бабызтæ æмæ доныхъазтæм кæсгæйæ та адæймаджы зæрдæ бахъæлдзæг вæййы. Гæнахмæ цы хид арæзт æрцыд, уый хъахъхъæнынц дыууæ пантерæйы, æцæг уыдон дæр удæгас не сты. Хидæй бакæсгæйæ дæр афæлгæсæн ис гæнахы рæсугъддзинадыл, фæлæ адæймаг цæмæй мидæмæ бацæуа, уый тыххæй та йæ балхæнын хъæуы экскурсийы сæрмагонд билет.

Кæсæг-балхъайрæгтæн ацы бынат ссис уарзон улæфæн бынат. Арæх дзы фæпайда кæнынц банкетон бæстыхайы кæнæ фотозонæйы хуызы. Арæх дзы вæййы фотосесситæ æмæ æгæрыстæмæй чындзæхсæвтæ дæр. Гæнахы территорийыл сырддон кæй уæвынад кæны, уымæ гæсгæ ацы бынат уæлдай тынгдæр уарзынц чысыл туристтæ.

Бынат тынг зæрдæмæдзæугæ у куыд бынæттон цæрджытæн, афтæ туристтæн дæр, уæлдайдæр та сæнæн аргъгæнджытæн. Нозты гъæд бирæбæрцæй баст у сæнæфсиры сортимæ, афтæ ма цы уавæрты рæзы, уыимæ дæр. Хорз сæн саразын æнцон куыст нæу, фæлæ дæсныты зонындзинæдты æмæ хорз ифтонггæрзты фæрцы гæнæн ис хорз фæстиуджытæ райсын.

Гæнах кæд рагон зыны, уæддæр астæуккаг æнусы арæзт не ’рцыд. Аразын æй райдыдтой 2008-æм азы. Арæзт та йæ фесты 2012-æм азмæ. Æцæгæй дæр гæнахы хуыз фæстæ ницæмæй лæууы европæйаг аналогтæй. Æппæт йæ территоритæ æмæ сæндæттимæ иумæ у хицæн гоймаджы. Бынатæн бындур æрæвæрдта бынæттон сæнуадзæг Тембулат Эркенов. Уый йæ амæлæты онг (2017 азмæ) фæтк æвæрдта гæнахы æппæт процесстæн. Абон сæндæттыл разамынд кæны йæ фырт.

Сымах дæр фæндид ацы гæнахмæ бацæуын?