Даргъ зымæджы уазал бонты фæстæ уалдзæджы нæ фынг зынгæ фæхъæздыгдæр вæййы халсæрттæй, хæрынæнбæзгæ кæрдæджытæй. Уыдон бирæ, алыгъуызон сты, фæлæ дзы адæймаг иууыл арæхдæр кæмæй пайда кæны, уыдон сты джитъри æмæ пъамидор. Раздæр ацы культурæты фынгмæ æрхæссæн уыд, нæ цæхæрадæтты-иу куы сбæззыдысты, уæд. Ныр сын балхæнæн ис мага-зинты афæдзы алы афоны дæр æмæ кæд зынаргъ вæй-йынц, уæддæр сæ æрцагурынц фæлхасгæнджытæ. Фæ-лæ дзы уæддæр хи æркæнгæ продукттæн æмбал нæй æмæ зæххы фадгуыты хицæуттæ чи сты, уыдон афоныл батыхсынц, цæмæй байтауой, ныссадзой æндæр халсæрттимæ джитъри æмæ пъамидор дæр. Ныртæккæ ацы куыстыты афон кæй у, уымæ гæсгæ нæ фæнды сæ тауын æмæ сæм зилыны тыххæй цыбыртæй радзурын.

 

                               Джитъри

Гом бынаты джитри тауын хъæуы майы мæйы, фæуа-зæлттæ кæнынæй тас куынæуал вæййы, уæд. Мæры тем-пературæ хъуамæ схиза 15 градусы онг хъарммæ, уымæн æмæ у хъармуарзаг зайæгой. Ныртæккæ нæм мæгуырау боныгъæдтæ кæй ахаста, уымæ гæсгæ банхъæлмæ кæ-сын хъуыд хъармдæр бонтæм æмæ уæд бавналын хъæуы цæхæрадоны ацы куыстмæ. Тауинæгтæ хъуамæ уой, сур кæнæ уымæл змисы чи рабилцъ кодтой, ахæмтæ.  Та-уыны размæ сæ тæвд хурмæ бауадзын хъæуы 2-3 сахаты бæрц.Тауинæгтæ байтауæн ис губаккай дæр æмæ 30-40 бонмæ куы сырæзой, уæд сæ хицæнтæй ныссадзын. Фæ-лæ уидæгтæ сæ мæрæй ма хъуамæ фæхицæн уой, кæн-нод стæй зынтæй сæндидзынц. Садзæнæй садзæны `хсæн хъуамæ уа 20-25 сантиметры, рæнхъæй рæнхъы `хсæн та 90 сантиметры. Цæмæй фылдæр тыллæг радта, уый тыххæй бынаг сыфты æрдæг метры бæрзæндмæ хуыздæр у ратонын. Рæстæгæй рæстæгмæ садзæнты бынты алыварс мæры хъæуы рахырыз кæнын æмæ йыл зæронд фаджыс æрызæрын, цæмæй уымæлад хъахъ-хъæд цæуа.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ джитри алы аз уыцы иу бынаты садзын кæй нæ хъæуы. Хуыздæр рæз хæссы æмæ фылдæр тыллæг дæтты, ивгъуыд аз къабускæ, картоф, пъамидор, хъæдур тыд кæм уыдис, ахæм бы-наты. Кæм тыд уыдысты, уыцы бынаты та сæ ногæй бай-тауын хъæуы 2-3 азы фæстæ. Джитърийы байтыдтыты хурбонты донхæр кæнын хъæуы æрвылбон дæр изæрыгæтты, асæстбонты та къуыри 2-3 хатты. Дон хъуамæ уа хъарм æмæ архайын хъæуы, цæмæй сыфтæртæ ма хуылыдз кæной.

Фæстаг рæстæджыты уæлдай тынгдæр фылдæр кæнынц, джитъри кæм тауынц, ахæм хъæрмуатты фæзуæттæ. Уыдон фæзындысты нæ республикæйы хицæн амалиуæггæнджыты хæдзарадты дæр æмæ ноджыдæр дзурæг у, ацы халсар ахсджиаг бынат кæй ахсы нæ хæлцадон продуктты `хсæн. Джитъри хъæздыг у органикон буарадтæй, кæцытæн ахсджиаг нысаниуæг ис организмы буа-радты ивды процессы. Уыимæ ма цырын кæнынц аппетит, ахъаз кæнынц æндæр хæлцадон продукттæ организмы тайын кæнынæн. Йе сконды кали кæй ис, уымæ гæсгæ хуыздæр кæны зæрдæ, уыргты æмæ тъæнгты куыст. Организмы ссæрибар кæны уæлдай холестеринæй. Куыд хæлцадон продукт, афтæ дзы фæпайда кæнæм ног тындæй хицæнæй æмæ æндæр продкттимæ дæр.

Джитърийæн ис хосгæнæн миниуджытæ дæр. Уыдоны тыххæй зындгонд у рагæй фæстæмæ. Адæмон хосгæн-джытæ джитъри кæм сфыхт, уыцы доны нуазын кодтой доны бæсты, ног тындæй æххуыс кæны доныхуыпп организмæй цæуын кæнынæн. Ахъаз кæны туг уромынæн. Пайда дзы кæнынц цармы хицæн низтæй хос кæныны рæстæджы дæр. Куыд косметикон фæрæз, афтæ дзы сæрдынц цæсгом æмæ йæ урс, фæлмæндæр кæны. Фæлæ зæрдыл дарын хъæуы, цæхджын джитъритæ кæй сафынц сæ хосгæнæн миниуджытæ.

 

            Пъамидор

Джитъри æмæ пъамидор – нæ фынджы фидыц

Пъамидор хауы рухсуарзаг зайæгойтæм, фæлæ хуры комкоммæ æндæвдад тынг нæ фæразы. Тауынц æй куыд тауинагæй, афтæ садзæнтæй дæр. Кæд джитърийы садзæнтæй адæм тынг нæ пайда кæнынц, уæд пъамидоры садзæнтæ та арæх фенæн ис нæ базæртты, бирæтæ сæ схъомыл кæнынц сæхæдæг дæр æмæ сæ стæй хицæнтæй ныссадзынц. Хуыздæр у ивгъуыд аз джитъри, хъæдындз кæнæ уырыдзы тыд кæм уыд, ахæм бынаты сæ ныссадзын. Мæрмæ развæлгъау хъæуы бахæссын хъацæнтæ. Ахсджиаг у мæры туагад нормæмæ æркæнын. Уый тыххæй специалон магазинты уæй кæнынц сæрмагонд тест, кæцымæ гæсгæ сбæрæггæнæн ис мæры туагад. Пъамидорæн иууыл хуыздæр у æхсæзæй авдмæ бæрæггæнæн.

Цæмæй туагад фæкъаддæр уа, уый тыххæй иу квадратон метрмæ бахæссын хъæуы 500 граммы чъыр, фæфылдæр кæныны тыххæй та ахæм пропорциты райсын хъæуы сондон. Афтæ куынæ бакæнат, уæд уæ тыллæг зæрдæйы фæндиаг нæ рауайдзæн. Пъамидор куыд рæза æмæ куыд къутæр кæна, афтæ йæм хъæуы хъус дарын æмæ зилын, рæстæгæй рæстæгмæ йæм хъацæнтæ хæссын. Куыд джитъри, афтæ пъамидоры дæр хъæуы донхæр кæнын. Йæ температурæ хъуамæ уа, хатæны мидæг температурæйы бæрц. Дон кæнын хъæуы комкоммæ сæ бынтыл, пырх æй кæнгæйæ, гæнæн ис азгъæ-ла сæ дидинджытæй кæнæ та сын разиан чындæуа. Донхæр кæнын фаг у къуыри дыууæ хатты, фæлæ хъус дарын хъæуы, цæмæй мæр æгæр ма ныххус уа.

Пъамидоры къутæр куыд рæзы, афтæ йæ зæнгæй сыфтæрты `хсæн сзайы къалиу. Уыдон сбирæ вæййынц, разайы сыл дидинджытæ дæр, фæлæ халсар рæстмæ нæ раттынц, хæринаг сæ бирæ кæй хъæуы æмæ сын кæй нæ фаг кæны, уымæ гæсгæ. Уый тыххæй сæ хъæуы раскъуынын, ныууадзын ма хъæуы сæ хуыздæртæй 2 кæнæ 3. Къутæрæн, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ бон нæу, цы пъамидортæ йыл æрзайынц, уыдоны уæз уромын æмæ уыдон куыд ставддæр кæнынц, афтæ сæ хъæуы, сæ фарс-мæ сагъд чи хъуамæ уа, уыцы хъилмæ бабæттын. Пъами-дортæ та рæгъæд кæнын райдайынц сæрды æмбисмæ. Уыдон иу рæстæджы не срæгъæд вæййынц æмæ куыд рæгъæд кæнынц, афтæ сæ пайдагæнæн ис бирæ рæстæджы дæргъы. Стæй æнхъæлмæ кæсын дæр алы хатт нæ хъæуы, кæд срæгъæд уыдзысты уымæ, уымæн æмæ тындæй хæдзары дæр уыдон дарддæр рæгъæд кæнынц. Æмæ цæмæй тагъддæр срæгъæд уой, уый тыххæй сæ сæвæрын хъæуы рухс, уæлдæф кæм зила, ахæм бынаты, кæд дæ фæнды, цæмæй æрæгмæдæр срæгъæд уой, уый тыххæй та сæ сæвæрын хъæуы сатæг, талынг бынаты. Куыдфæнды ма уа, уæддæр пъамидор фæстагмæ бахауы нæ фынгмæ. Уый æрмæст йæ аив хуызæй не здахы йæхи-мæ адæймаджы цæстæнгас, фæлæ дзы ис бирæ пайдайы буарадтæ. Ацы халсары бирæ ис, клетчаткæ кæй хонынц, уый. Организмы ифтонг кæны витамин С-йæ, кæцы хуыздæр кæны иммунон системæйы куыст, хуыздæрырдæм æндавы цармы уавæрыл, у æрдзон антиоксидант. Цы кали дзы ис, уый туджы æлхъывдад нормæмæ кæны, ви-тамин К хайад исы туг ахсыны æмæ стджытæ фидар кæныны. Фæлæ ацы культурæ сæудæджерадон масштабты кæй тауынц, уымæ гæсгæ сæ бирæ амалиуæггæнджытæ пырх кæнынц æнæниздзинадæн зианхæссæг буарадтæй, цæмæй йæ фæлхасгæнджыты размæ фæхæццæ кæной цæсты ахадгæйæ. Уымæ гæсгæ, гæнæн уæвгæйæ, хъæуы пайда кæнын хи æркæнгæ пъамидортæй.

 

Джитъри æмæ пъамидор. Фидауынц

 иумæ æви нæ?

Ацы дыууæ халсары иумæ тынг фидауынц салаты хуы-зы. Ноджы ма сæм цъæхыгтæ, хъæдындз куы бафтауай æмæ сыл цæхх куы æрызæрай, уæд. Ахæм салатæн дзы æмбал нæй æмæ уымæн арæх фæзыны нæ фынгтыл дæр. Фæлæ ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, джитри æмæ пъа-мидор иумæ хæргæйæ зиан хæссынц организмæн. Цы ор-ганикон буарадтæ дзы ис, уыдон, зæгъгæ, хицæн кæнынц кæрæдзийæ æмæ иугъуызон нæ тайынц организмы, уыи-мæ ма æвзæрын кæнынц цæххытæ дæр.

Ацы хъуыдыйæн официалон зонад бæлвырд дзуапп нæ дæтты, фæлæ зындгонд специалисттæ куыд дзурынц, афтæмæй дзы æнæниздзинадæн тæссагæй ницы уынынц. Хæлцтайæн системæ æнæниз куы уа, уæд ахсæнмæ цы продукттæ бахауой, уыдоны тайын кæндзæн, куыд æмбæлы, афтæ. Уымæ гæсгæ кæд ацы популярон салат бахæргæйæ, ахсæны рыст не `нкъарат, уæд ыл уæхи ма атигъ кæнут.

 Æрмæг бацæттæ кодта

БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.