Миллиардгай азты дæргъы нæ планетæйыл æмбæлдысты астероидтæ, кометæтæ æмæ ма æндæр алыгъуызон астрономион объекттæ. Ахуыргæндтæ ацы цаутимæ бæттынц глобалон климатон ивындзинæдтæ нæ зæххыл æмæ ма ахæм катастрофæты фæстиуæгæн бирæ хæттыты цард банымæг Зæххыл, кæнæ-иу фæмардысты мингай цæрæгойтæ.

Зæххы историмæ акæсгæйæ бафиппайæн ис уый, æмæ егъау космосон объекттимæ сæмбæлыны цаутæ арæх нæ вæййынц. Алыгъуызон къаннæг астероидтимæ нæ планетæ æмбæлы æрвылаз дæр, фæлæ сын ницы фæстиуджытæ вæййы. Иууыл тæссагдæр та сты метеориттæ, уымæн æмæ уыдоны диаметр фæхæццæ кæны сæдæгай метртæм. Зæххыл баззадис бирæ бæрæггæнæнтæ, кæцытæ æвдисæн сты егъау космикон объекттимæ фембæл-дæн, фæлæ уæды рæстæджыты адæм нырма нæ уæвынад кодтой. Зæгъæм, астæуккаг нымадæй иу миллиард æмæ æрдæг азы размæ Канадæйы территорийыл æрхаудта ахæм объект æмæ ма абоны боны онг дæр баззадис йæ кратер, кæцыйы диаметр у 248 километры. 65 милуан азы размæ та Мексикæйы æрхаудта космосон объект æмæ уый фæстиуæгæн зæххыл фæмардысты динозавртæ. Ам та кратеры диаметр хæццæ кæны 180 километрмæ. Ахæм масштабон «фембæлдтытæн» ис бирæ бæрæггæнæнтæ æмæ-иу ацы катастрофæтæ фылдæр хæттыты скуынæг кодтой зæххыл уæвæг цивилизациты.

Адæм дæр сæ царды историйы бирæ хæттыты фембæл-дысты космикон буарадты фæзындтимæ, фæлæ ахæм зианхæссæг катастрофæимæ абоны онг нырма никуы фембæлдысты. Иууыл стырдæр бæллæх æрцыд 1908 азы 30-æм июны. Уыцы бон райсом 7 сахатыл Астæуккаг Сыбыры сæрмæ, Тунгускы цæугæдонмæ æввахс нæ планетæйы атмосферæмæ æрбатахт стыр æфсæнæй конд астероид. Йæ дæргъ уыд 100 метрæй 200 метрмæ æмæ тахт 20 километры секундмæ тагъдадæй. Раздæр ахуыргæндтæ афтæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, уыцы астероид конд уыд дур æмæ ихæй. Фæлæ иртасæн куыстыты фæстиуæгæн куыд рабæрæг, афтæмæй астероид æфсæнæй конд куы нæ уа, уæд атмосферæмæ æрбахизгæйæ æвиппайды ныппырх вæййы.

Тунгускы метеорит атмосферæмæ ахæм стыр тагъда-дæй æрбатæхгæйæ райста бирæ энерги, уæлдæфы æлхъывдад æй афтæ стæвд кодта æмæ ма йæ зæхмæ 10-15 километры куы хъуыд, уæд срæмыгъта. Йе срæмыгъды тых уыйбæрц уыд æмæ йæ абарæн ис дыууæ мин атомон бомбæйы срæмыгъдимæ иугæндзон, кæцы америкæйæгтæ æрæппæрстой Хиросимæйыл. Гуыппы хъæр айхъуыст 800 километры дæрддзæгмæ æмæ 2 мин квадратон километры фæзуаты та ныффæлдæхта бæлæсты, ныццагъды сты хъæддаг цæрæгойтæ æмæ бынæттон цæрджытæ. Арв афтæ нырттывта æмæ йæ рухс нæ банымæг цалдæр æхсæвы, æгæрыстæмæй ма Европæйы континенты дæр адæм æвдисæн уыдысты уыцы диссаджы æрдзон фæзындæн. Уæлдæф дæр афтæ тынг стæвд æмæ улæфæнтæ æхгæдтой, пысултæ та адæймаджы буар сыгътой. Уыцы рæстæджы зæхх дæр нынкъуыст 5 баллы магнитудæйы онг æмæ стæй арт сирвæзт хъæдтыл. Сыбыры цæрæг адæм ахæм нывтæ фенгæйæ, афтæ фенхъæлдтой, ома, бæстысæфт æрцыд.

Метеориты пырхæнтæй къаннæгдæртæ басыгъдысты атмосферæйы, егъаудæртæ та зæхмæ æрхаудтой. Ахуыргæндтæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй егъау хæйттæй кæцыдæртæ фæстæмæ фесхъиудтой æмæ атахтысты космосмæ. 1921 азæй фæстæмæ зынгæ академик Леонид Куликы сæргълæудæй экспедицион къорд арæзт æрцыд æмæ метеориты æрхауды бынатмæ ацыдысты цалдæр хатты. Ахуыргæндтæ агуырдтой кратер, кæцы фæзыны ахæм æрдзон фæзынды фæстиуæгæн, фæлæ Тунгускы метеорит уæлдæфы кæй ныппырх, уый фæстиуæгæн дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ уыдаид метеоритон кратер. Ахуыргæндтæ эпицентр фенгæйæ, сарæзтой хатдзæгтæ, ома, метеорит уæлдæфы адихтæ æмæ хицæн хæйттæй æрхауд зæхмæ. Фæлæ дзы сæ бон иу космикон объект ссарын дæр нæ бацис æмæ сæ уый дисы æфтыдта. Цы термокарстон дзыхъхъытæ дзы федтой, уыдоны та фенхъæлдтой чысыл метеоритон кратертæ.

Эпицентрмæ æввахс, 70 километры дæрддзæг ис хъæу Ванавара æмæ йæ цæрджы-тæ дæр æвдисæн уыдысты ацы метеориты фæзындæн. Сæ иу дзы афтæ фыста: «Æнæнхъæлæджы цæгатырдыгæй арв дыууæ дихы фæ-цис æмæ дзы æвиппайды ракалд арт, кæцы сæхгæдта арвы цæгатварс. Уыцы уысм афтæ атæвд дæн, æмæ цыма, мæ хæдон мæ уæлæ ссыгъд, æмæ тагъд-тагъд архайын райдыдтон йæ раласыныл. Уыцы рæстæджы арвы арт банымæг æмæ райхъуыст нагъæттаджы тыхджын гуыпп, кæцы мæ аппæрста цалдæр метры. Уый фæстæ хъуысын райдыдта къæрцц-къæрцц, цыма зæхмæ дуртæ згъæлынц. Æз мæхи зæхмæ нылхъывтон æмæ дыууæ къухæй мæ сæрыл ных-хæцыдтæн æмæ уыцы рæстæджы зæхх та мæ быны дыууæрдæм кæнын райдыдта. Цъус фæстæ та арв æрбайгом æмæ цæгатæрдыгæй райдыдта дымын тæвд дымгæ, кæцы зæххыл уагъта сыгъды фæдтæ».

Ацы диссаджы космикон фæзынды тыххæй ахуыргæндтæ абоны онг дæр иу хъуыдыйыл лæуд нæма сты. Алчи дæр æй йæхирдыгонау æмбарын кæны æмæ сырæзтис алыгъуызон верситæ. Фæлæ факт у уый, æмæ Тунгускмæ фыдбылыз кæй æрцыд космосæй. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ нæ дарддæры царды ахæм фыдбылызтæ кæй æрцæудзæнис ноджыдæр, уымæн æмæ космосы ис миллиардгай алыгъуызон объекттæ æмæ дзы абон уа æви сом кæцыдæр фæкомкоммæ уыдзæнис зæхмæ. 2013 азы 15-æм февралы дæр та Челябинскы областы æрхауд метеорит æмæ уый фæстиуæгæн æруарыд, афтæхуыйнæг, «метеоритон къæвда». Адæм масштабон космосон катастрофæимæ нырма никуы фембæлдысты, фæлæ нæхи æдас ма хъуамæ хатæм. Ныридæгæн ахуыргæндтæ кусынц ууыл, цæмæй-иу фыдбылызхæссæг космосон объектты ма уадзой зæхмæ тæхын, фæлæ нырма технологитæ фадат нæ дæттынц уыцы хъыддаг саразынæн.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.