Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан «Спутник- Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры радзырдта хуссарирыстойнаг делегацийы минæвæрттæ æрæджы Сириаг Арабаг Республикæйы президентон æвзæрстыты дунеон хъусдарджыты хуызы хайад кæй райстой, уый тыххæй.

Ацы æвзæрстыты Хуссар Ирыстонæй хайад райстой æхсæз адæймаджы. Сириаг Республикæйы æвзæрстыты хайад райсыны фæндондзинад равдыста уыцы бæстæйы къухдариуæгад ацы аз майы мæйы. Тадтаты Аланы ныхæстæм гæсгæ хуссарирыстойнаг делегаци æхсызгонæй сæмбæлд ацы фæхуындыл, уымæн æмæ мах хъуыды кæнæм, нæ бæстæйæн уæззау рæстæджы Сириаг Арабаг Республикæйы къухдариуæгад ахæм стыр æмæ нысаниуæгджын къахдзæф кæй сарæзта, æмæ нын кæй банымадта нæ бæстæйы паддзахадон хæдбардзинад.

«Æмæ мах æппæт тыхтæ æмæ фадæттæй дæр хъуамæ архайæм æмæ æмгуыстад кæнæм, æнгом кæнæм нæ адæм æмæ нæ бæстæты. Уымæ гæсгæ, нæ бæстæйы уæлдæр къухдариуæгады уынаффæмæ гæсгæ ист æрцыд уынаффæ, цæмæй мах дæр хайад райсæм уыцы æвзæрстыты», – банысан кодта Парламенты Сæрдар.

Тадтаты Аланы ныхæстæм гæсгæ ма уым хъусдарджыты хуызы хайад райстой егъау делегаци Уæрæсейы Федерацийæ – Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы Советæй, Иран, Ирак æмæ къорд Арабаг Республикæтæй.

«Банысан кæндзынæн уый, æмæ ницахæм бархалæн цаутæ нæ бахынцыдтам Сирийы президентон æвзæрстыты рæстæджы. Хуссар Ирыстоны делегаци бакодта æнтыстджын куыст, бабæрæг кодта сириаг фондз горæты президентон æвзæрстытæ куыд уагъд цæуынц, уый», – банысан кодта Тадтаты Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ хуссар-ирыстойнаг делегаци æнгом куыст кодта уæрæсейаг делегациимæ, æвзæрстытæн сарæзтой фæстиуджытæ.

 

Фембæлд Сириаг Адæмон æмбырды минæвæрттимæ

Хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтæ Сирийы фембæлдысты Сириаг Арабаг Республикæйы Адæмон æмбырды сæргълæууæг Хаммуд Саббахимæ. Сирийы Адæмон æмбырды арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны Парламентимæ æмгуыстады фæдыл къамис. Парламенты Сæрдары ныхæстæм гæсгæ, ахæм æнгæс къамис хъуамæ арæзт æрцæуа Хуссар Ирыстоны дæр.

«Фембæлды рæстæджы дзырд цыд актуалон фарстатыл, ба-дзырдтам дыууæ Парламентты æмархайдыл. Бирæ фарстатæ нæм сæвзæрд закъондæттынадон фадыджы æмæ дыууæ Парламенты куысты регламенты фæдыл. Дарддæр дæр афтæ æнгом куыст хъуамæ кæнæм æмæ бадзырд-тытæй хъуамæ пайда кæнæм», – дзырдта уый.

Коронавирусы пандемийы апа-рахат бакъуылымпы кодта бирæ пълæнттæ среализаци кæнын, фæлæ уымæн дæр кæрон æрцæу-дзæн, æмæ йæ ныхæстæм гæсгæ, нæ иумиаг куыст рахиздзæн ног æмвæзадмæ æмæ нæ бæстæты æмгуыстадæн уыдзæн хорз фæстиуджытæ.

 

Сирийы байгом уыдзæн нæ минæварад

Тадтаты Алан куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Сирийы Хуссар Ирыстоны минæварад бакæныны фарст скъуыддзаг у. Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты минис-трад лæмбынæг бакуыста ацы фарстыл æмæ банысангæнæн ис, ацы азы кæрон Дамаскы горæты кæй байгом уыдзæн Хуссар Ирыстоны минæварад.

Хуссар Ирыстон æмæ Сирийы дарддæры æмгуыстадæн фæахъаз уыдзæн минæварады байгом, уый ахъаз уыдзæн æмгуыстад, æмæ дыууæфарсон ахастытæ рæзын кæнынæн.

 

Хъæлæс кæныны процесс

Сириаг бæстæйы æвзæрстытæ цæмæй хицæн кæнынц нæ бæстæйы æвзæрстытæй, уый фæдыл Парламенты Сæрдар афтæ радзырдта, зæгъгæ, кæд махмæ алы кандидаты минæвар фыссы йæ къух алы бюллетеныл дæр, уæд сириаг æвзарджытæ та сæ кæстæр æнгуылдз ацахорынц чернилæйы æмæ бюллетеныл ахæм «мыхуыр» сæвæрынц. Уыцы ахорæн къухыл фæдæй зайы æртæ боны дæргъы, стæй дæр æндæр фадыджы хъæлæс кæныны фадат нал ис уыцы æмбæстагæн.

Уый нæ, фæлæ ма иуæй-иу æвзарæн фадгуыты бирæтæ сæ æмбæстагон хæс бафидыны нысанæн фæхъæн кодтой сæ æнгуылдзтæ æмæ сæ тугæй фæд æвæрдтой бюллетентыл. Уый æвдисæнтæ дæр уыдыс-ты нæ делегацийы минæвæрттæ, фæлæ, зæгъгæ, уый нымад нæ цæуы бархалæн цауыл. Æмæ ма ноджы иу миниуæг – парламентон æвзæрстытæм абаргæйæ, президентон æвзæрстыты æвзарджытæн сæ бон уыд æмæ кæцыфæнды æвзарæн фадыджы дæр бафыстаиккой се ‘мбæстагон хæс. Хъæлæс кæныны процесс у сусæг, уый фæстæ бюллетен æнгуылдзы фæдимæ æппæрст цæуы урнæйы.

Тадтаты Алан ма куыд радзырдта, уымæ гæсгæ сæ æвзæрстыты агъоммæ базонгæ кодтой Сирийы æвзæрстыты закъондæттынады сæйраг æууæлтимæ.

«Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы æвзæрстытæ уыдысты иумиагадæмон бæ-рæгбон. Адæм стыр райзæрдæйæ цыдысты æвзарæн фадгуытæм тырысатæ æмæ президенты портреттимæ. Æвзарæн фадгуытæ куы сæхгæдтой, уæд адæм æмбырд кодтой сириаг горæтты фæзуæтты. Адæм цин кодтой, зарыдысты, цагътой алыгъуызон инструменттыл. Адæмимæ ныхасгæнгæйæ бæрæг уыд, æхсызгонæй кæй цыдысты æвзарæн фадгуытæм, æппыдæр сæ ничи хæсджын кодта, уымæн æмæ уый уыд сæхи æвзæрст», – дзырдта Парламенты Сæрдар.

 

Хæстон архæйдтыты фæстæ куыд рæзы бæстæ

Тадтаты Алан пресс-конференцийы рæстæджы радзырдта Сири фæсхæст куыд фæивта йæ хуыз.

«Æз 2018 азы уыдтæн ацы бæстæйы. Æмæ æртæ азы размæ абаргæйæ, бæрæг фæивта йæ хуыз. Уæд ма хъуыст æхстыты хъæр æмæ рæмыгъдтытæ, фæлæ ныртæккæ уым у сабыр. Адæм кусынц, архайынц. Заводтæ, фабриктæ кусынц, æмæ бæстæ размæ цæуы. Сирийы горæтты бирæ арæзтæдтæ цæуы», – дзырдта ныхасгæнæг.

Уымæй дарддæр ма уый хъусдард аздæхта, ацы бæстæйы кæй сæндидзын кодтой аргъуантæ æмæ мæзджыты. Уыцы хъуыддагмæ дæр уæлдай хъусдард дары президент Башар Асад.

Ацы бæстæйы бирæ конфесситæ кæй уæвынад кæны, уый стыр тæлмæнтæ æнкъарын кæны. Йæ ныхæстæм гæсгæ хуссарирыстойнаг делегаци бабæрæг кодта ацы бæстæйы бирæ нысаниуæгджын бынæттæ.

Дамаскы горæты иууыл егъаудæр мæзджыты бæстыастæу æвæрд ис Иоанн Крестителы мард буар. Моллойы ныхæстæм гæсгæ мæзджыты куы арæзтой, уæд уыцы бынаты ссардтой йæ баззайæццæгтæ, фæлæ сæм нæ бавнæлдтой. Æрмæстдæр дзы сарæзтой кæрдæггъуыз саркофаг æмæ йæ ныууагътой мæзджыты астæу.

Уымæй дарддæр ма бабæрæг кодтой сыгъдæг Феклæйы моладзандон.

Седиаяйы горæты моладзандонæй бæрæгæй зынд Чырыстийы цырт, уырдыгæй зын æвзарæн уыд, фæлæ мах бахатыдыстæм, цæмæй уый дæр бабæрæг кæнæм. Сириаг адæмæн уыцы цырт балæвар кодта Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин 2012 азы, æмæ æвæрд æрцыд хохы цъуппыл. Уыцы бынаты аргъуан дæр ис æмæ моладзандон дæр.

Диссаг уый уыд, æмæ цырты бын кæй уыд террористы къухæй пырх, фæлæ цыртыл æппындæр ницы фæд уыд».

 

Официалон фæхуынд

Парламенты Сæрдары ныхæстæм гæсгæ сириаг хæлæртты фæхуыдтой 20 сентябры – Республикæйы сырæзты бæрæгбоны мадзæлтты хайад райсынмæ. «Уыдон райгон-дæй сразы сты æмæ парламенты цæттæ цæуынц официалон хонæн гæххæтытæ.  Мах цахæм æмвæзадыл райстой, ахæм æмвæзадыл хъуамæ райсæм нæ коллегæты дæр. Хуссар Ирыстоны дæр бирæ фенддаг бынæттæ ис, цæмæй сын сæ фенын кæнæм. Дамаскы горæтмæ æввахс фылдæр быдыртæ ис, уымæ гæсгæ нæ алфæмблай æрдзы нывтæ фенгæйæ сцыбæл сты», – дзырдта Парламенты Сæрдар.

 

Ныгуылæйнаг бæстæтæн æзсызгон нæ уыдысты æвзæрстытæ

Сирийы президентон æвзæрстыты хæдразмæ дæр ныгуылæйнаг бæстæтæ æвзæрстыты банымадтой æнæлегитимоныл. Æвзарæн фадгуытæ бæрæг кæныны рæстæджы хуссарирыстойнаг делегацийы минæвæрттæм ныгуылæн бæстæты уацхæсджытæ лæвæрдтой провокацион фарстатæ.

«Махæн нæ дзуапп уыд иу – хъæлæс кæнынмæ цы адæм цæуынц, уыдонмæ   бакæсут, æмæ уый фæстæ æвзæрстытæ куыд цæуынц, уыдон демократондзинад æмæ закъондзинадыл дæттут информаци. Æмæ Сирийы президентон æвзæрстытæ цахæм фæстиуæджытимæ фæуыдаиккой, уымæ ‘нæкæсгæйæ ныгуылæйнаг бæстæтæ нæ рахæцыдаиккой ацы адæмы фарс. Уымæ гæсгæ нæ хæс уыд, цæмæй æвзæрстыты фæдыл объективон информаци лæвæрдтаиккам æмæ хастаиккам», – дзырдта ныхасгæнæг.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.