РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ УФ-йы Экономикон рæзты министры фыццаг хæдивæг Михаил Бабич, кæцы Цхинвалмæ æрцыд дыууæбонон кусæгон визитимæ, инспекцион азылд сарæзтой РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы объекттыл.

Фыццаг уал бацыдысты медицинон кластермæ, уый фæстæ та – сывæллæтты республикон рынчындонмæ, гуырæн хæдзармæ, афтæ ма бабæрæг кодтой гемодиализимæ операцион-хирургион комплекс.

РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министры хæстæ æххæстгæнæг Тотчиты Георги радзырдта медицинон кластеры алкæцы хайады куысты тыххæй. Республикон бирæпрофилон медицинон центры директор Кокойты Маирбеджы ныхæстæм гæсгæ центры гемодиализы хайад кæй фæзынд, уый аскъуыддзаг кодта бирæ рынчынты проблемæтæ, уымæн æмæ-иу уыдоны процедурæтæ аразынмæ ацæуын ба-хъуыд Цæгат Ирыстонмæ.

Федтой, хатдзæгтæ сарæзтой

Бибылты Анатоли æмæ Михаил Бабич бацыдысты сæнуадзæн куыстуат «Иронсан»-мæ, цыран уагъд цæуынц сæн æмæ коньякы алыгъуызон сорттæ. Куыстуаты æмхицау Таймураз Гогинов куыд радзырдта, уымæ гæсгæ сæнæфсир æлхæнынц хисæрмагонд фермертæй. Уый ма загъта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны зæхх хорз у сæнæфсиры алы сорт æрзайын кæнынæн дæр. Афтæ ма банысан кодта, зæгъгæ, РХИ-йы Экономикон рæзты министрады æххуысы фæрцы æввахс рæстæджы план цæуы куыстуатмæ фæндаг саразын.

Федтой, хатдзæгтæ сарæзтой

Бибылты Анатоли æмæ Михаил Бабич бабæрæг кодтой Университетон комплекс, арæзтцæуæг 3-æм астæуккаг скъола æмæ Присы хъæуы базальтон заводы бæстыхæйтты. Фадыджы хистæр Хъуылымбегты Знауыр уазджыты базонгæ кодта кондады технологиимæ æмæ эксплуатацимæ йæ радтыны æмгъуыдтимæ.

Дарддæр Бибылты Анатоли æмæ Михаил Бабич бацыдысты Гуыбаты æфсымæрты уын-джы цы 75-фатерон хæдзæрттæ сырæзтысты, уырдæм, афтæ ма федтой Хъайтарты уынджы арæзтцæуæг цæрæн хæдзары арæзтад дæр. Генералон подрядон Коцты Олег банысан кодта, зæгъгæ, сын финанскæнынадимæ проблемæтæ нæй æмæ объект эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн рæстæгыл.

Бибылты Анатоли æмæ Михаил Бабич ма уыдысты сæны армукъайы дæр. Президент банысан кодта, зæгъгæ, ахæм бæрæгбонтæ зæрдæйæн хæссынц æхсызгондзинад. «Фæндид нæ, цæмæй республикæйы уа фылдæр кондадтæ æмæ гæнæн уа экспортмæ хуссарирыстойнаг продукци ласынæн», – загъта уый.

Инспекцион азылды кæрон уыдон бабæрæг кодтой йæ куыст чи æрурæдта, уыцы «Растдон»-мæ æмæ æруынаффæ кодтой йе скусыны фадæтты тыххæй.

Инвестицион объекттæ бабæрæг кæныны фæстæ уыд пресс-конференци, кæцыйы рæстæджы журналисттæ уæрæсейаг чиновникмæ радтой фарст  «Дæллаг Зæрæмæджы» уадзæн пунктыл Уæрæсейæ товартæ ласыны рæстæджы таможнæйон процедурæтæ фæхуымæтæгдæр кæныны тыххæй.

Федтой, хатдзæгтæ сарæзтой

Михаил Бабич куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы здæхты куыст цæуы. «Фарст ис уый мидæг æмæ куыд саразын хъæуы, цæмæй амалиуæггæнджытæ ма æвзарой зындзи-нæдтæ. Мах бадзырдтам, зæгъгæ, консультацитæ ауадздзыстæм УФ-йы Федералон таможнæйон службæимæ, РХИ-йы Паддзахадон таможнæйон комитетимæ, республикæйы хицауадимæ, æмæ ссардзыстæм исты вариант, кæцы фадат ратдзæн фарст соптимизаци кæнынæн», – загъта уый.

Электроифтонгады резервон хаххы фæдыл Михаил Бабич банысан кодта, зæгъгæ, куыст цæуы арæзтадон-монтажон куыстытæ максималонæй фæтагъддæр кæныныл, цæмæй иннæ аз проект реализаци æрцæуа.

Бибылты Анатоли ма загъта, зæгъгæ, æруынаффæ кодтой РХИ-йы социалон-экономикон  фадыг æмæ цæрджыты цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныны фарстытыл. «Мах бадзырдтам, зæгъгæ, РХИ-йы Экономикон рæзты министрадæй специалисттæ уæрæсейаг коллегæтимæ бакусдзысты аграрон секторы рæзты фарстыл. Уынаффæ цæуы техникæйы лизингы фарстыл, кæцы нын баххуыс кæндзæн аграрон секторы реалон рæзтмæ рахизынæн», – фехъусын кодта Президент.

Инвестицион программæйы объекттæ бабæрæг кæныны хатдзæгтæм гæсгæ Михаил Бабич фехъусын кодта, зæгъгæ, сæйраг æвæрццаг момент ис уый мидæг æмæ социалон базæ арæзт кæй æрцыдис. «Фæзынд технологион медицинон кластер, ис Университетон комплекс, сабидæттæ æмæ  скъолатæ. Ныр ахсджиаг у, цæмæй фæзыной экономикæйы объекттæ. Æнæмæнгхъæуæг у уавæртæ саразын егъау инвестицитæ æрбакæныны тыххæй», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.