Ацы бонты æппæт Хуссар Ирыстон, æппæт ирон адæм ногæй мысынц 2008 азы августы цаутæ. Нæ бæстæйыл æрцæуæг трагеди æмæ рыст, афтæ ма бирæнымæц æввахс адæймæгты мæлæт, бомбæтæ æмæ снарядты гыбар-гыбур нырма дæр æнцойад нæ дæттынц адæмæн.

«Баныхæсты механизмты фæлгæтты къухтыбафтгæ бадзырдтæм æмæ дунеон барадон нормæтæм нæ кæсгæйæ, 2008 азы 7 августæй 8 августмæ æхсæвы, Пекины сæрдыгон Олимпион хъæзтытæ гом кæныны рæстæджы «сабыруарзаг Гуырдзыстон» сæххæст кодта ирон адæмы ныхмæ геноциды радон акт æмæ гарзджын агресси суверенон паддзахад – Республикæ Хуссар Ирыстонмæ ахасты.

Агрессор уыд бирæ хатты тыхджындæр удæгас тых æмæ  техникæйæ æмæ, «сыгъд зæххы» тактикæйæ пайда кæнгæйæ, уый ныфс уыд, кæцыдæр сахатты Ирыстоны зæхх бацахсыны, ирæтты скуынæг æмæ фæсурыны фæдыл сæ плæнттæ сæххæст кæнын. Фæлæ, уымæн æрцæуæн нæ уыд. Сæ плæнттæ ныппырх сты нæ адæмы хъæбатырдзинады, Цхинвалы хъахъхъæнджыты фидардзинад æмæ æхсардзинады руаджы», – хъусын кæны УФ-йы РХИ-йы минæварады пресс-службæ.

ИНО-йы Уставмæ гæсгæ Уæрæсейы фæндвидар архайдтыты руаджы агрессор урæд æрцыд. Хуссар Ирыстоны адæмæн уыцы уынаффæтæ, æнæдызæрдыгæй, систы хъысмæтхæссæн, уымæн æмæ Цхинвалы уынгты августы тохты скъуыддзаг кодта, Хуссар Ирыстон, ирон адæм уой æви нæ, уый.

«Кæд æмæ уал азы рацыдис, уæддæр чи фæмардысты, уыдоны тыххæй рыст нæ къаддæр кæны. Нæ хъынцъым æгæрон у æмæ рæстæгæн дæр йæ бон нæу, нæ зæрдæты чи цæры, уыцы рыст фæкъаддæр кæнын. Ацы трагикон цаутыл 8 азы сæххæсты бон Хуссар Ирыстон кад кæны республикæйы сабыр цæрджытæн, ирон æмæ уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæн, кæцытæ систы гуырдзыйы хæстон фыдракæндты амæттæгтæ. Ацы бон æруагъдæуыдзысты Паддзахадон тырысатæ Цхинвалы сæйраг, Театралон фæзуаты æмæ Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварады территорийыл, чи фæмард сты, уыдоныл хъынцъымы нысанæн.

Хуссар Ирыстон ногæй сиды дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй æвзæрыл банымайа æмæ Гуырдзыстоны разамынады, кæцы аххосджын у сабырад æмæ адæймагдзинады ныхмæ фыдракæндты, æркондæуа бæрндзинадмæ», – дзырдæуы минæварады хъусынгæнинаджы.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон портал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.