8-æм августы  Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид йæхим райста Гуырдзыстоны агрессийы рæстæджы Уæрæсейы æфсæддонтæй чи фæмард, уыдоны ныййарджытæй 10 адæймаджы.

Президент райдианы банысан кодта, зæгъгæ, æнцон æмæ хуымæтæг хæс нæу сымах райсын. Уымæн æмæ уæхицæй фылдæр кæй уарзтат, стыр ныфс кæмæй æвæрдтат, уыцы хъæбултæ уын бабын сты Хуссар Ирыстоны. Хæсты размæ, – дарддæр дзырдта Президент, Хуссар Ирыстоны хæларæй цардысты бирæ нацитæ. Се ‘хсæн уыдысты ирæттæ, уæрæсейæгтæ, украинæгтæ гуырдзиæгтæ, дзуттæгтæ æмæ æндæр нациты минæвæрттæ. 1990 азы размæ Уæрæсе  æмæ фæсарæнтæй дæр хъуыст ахæм ныхæстæ, зæгъгæ, абон цард иууыл сабырдæр у Хуссар Ирыстоны. Æмæ, æцæгæйдæр, уыд афтæ, цардысты иу бинонтау, кæрæдзийæ сæ ницы хицæн кодта. Ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ иумæ кæй цардысты, уымæй гуырдзиæгтæ спайда кодтой æмæ райдыдтой хæццæ кæнын уæдмæйы иумæйаг æдас цард. Гуырдзыстоны ‘рдыгæй уавæр æрсабыр кæныныл æппындæр ничи архайдта. Уый хыгъд æнæуыйдæр чи фæцудыдта, уыцы ахастытыл тынгдæр æндзарын райдыдтой арт Гамсахурдиа З., Шеварднадзе Э. æмæ Саакашвили М. Фидауынгæнæг тыхтæ цалынмæ не ‘рцыдысты, уæдмæ уавæр уыд уæззау. Уыдоны æрцыдимæ иумæ уавæр фæсабырдæр, фæлæ уыдон дæр не ‘ххæссыдысты уавæр бынтондæр æрсабыр кæныныл. Фæстагмæ сæ Гуырдзыстоны разамонджытæ сæхицæн рахуыдтой знæгтæ æмæ сæ ныхмæ арæзтой провокацион архайдтытæ. Уавæр кодта карздæр. Райдыдтой комкоммæ хæстон архайдтытæ. Уæрæсе ма баххуыс кодтаид, уый гæнæн нæ уыд, уымæн æмæ нæ адæмы 90 проценты сты Уæрæсейы æмбæстæгтæ. 8 азы рацыд ацы хæстæй æмæ ирон адæмы сæраппонд йæ уд чи нæ бахæлæг кодта, уыдоны ныййарджыты раз мæ сæр къул кæнын, – зæгъы Президент. Химæрайсты хайадисджытæм бахатыд, цæмæй иу уысм алæууой æмырæй.

Дарддæр Президент банысан кодта, зæгъгæ, абон Ирыстон у æндæр паддзахад. Лæуд у раст фæндагыл æмæ ныфсджынæй Уæрæсейы æххуысæй цæуы размæ. Рæзынц горæты уынгтæ, кондадон æмæ цæрæнуатон бæстыхæйттæ. Рæхджы горæтмæ æрбацæуæны арæзт æрцæудзæнис Гуырдзыстоны агрессийы рæстæджы чи фæмард, уыдоны нæмттæ сæнусон кæныны сæраппонд обелиск. Махмæ нæ вæййы фынг æмæ ма ссарой фæмардуæвæг хæстонты ном. Уæ лæппутæ сæ хæсыл банымадтой Ирыстоны сæ адæмы бахъахъхъæнын æмæ йæ хъахъхъæнгæ дæр бакодтой.

Тыбылты Леонид фæмардуæвджыты ный-йарджытæ æмæ хиуæттæм бахатыд, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны ис донæй хосгæнæндон «Нагутни» æмæ уæ кæд искæйы фæнды уым баулæфын, уæд, табуафси. Бацæут, баулæфут, æппæт хæрдзтæ дæр исын мæхимæ.

Уый фæстæ раныхас кодта ныййарджыты комитеты уæнг Гогаты Лора. Уый банысан кодта, зæгъгæ, афтæ хорз нæ кæй райстат, уый тыххæй стыр бузныг. Уæ ахасты фæстæ нæ уырны, махæн, не ‘ппæтæн дæр Хуссар Ирыстон дыккаг райгуырæн бæстæ кæй суыдзæн.

Раныхас ма кодтой, сæ хъæбултæ Хуссар Ирыстон бахъахъхъæныны рæстæджы кæмæн фæмард сты, уыдоны мæдтæ – Бельимская Раиса, Абдуллина Гульфруз æмæ æндæртæ.

Кæронбæттæны Президент йæ уазджытæн бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ, дидин-джытæ.

 

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.