Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент референдум снысан кæнгæйæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы развæлгъау банысангонд домæнтæ æххæст куыд æрцыдысты, уый сбæрæг кæныны хъуыддаджы фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Тæрхондоны Президиум, йе сконды йæ Сæрдар Хуыгаты И., Президиумы уæнгтæ Джиоты В., Джиголаты А., Хæбæлаты Э., Гæджиты Н., Тыбылты М., Къæбысты И., Плиты А., Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы минæвар Гобозты В., Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон Æвзарæн Къамисы минæвар Бестауты Т. хайадистæй, «Республикæ Хуссар Ирыстоны тæрхонарæзты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 24-æм статьяйы 8-æм пунктæй, «Республикæ Хуссар Ирыстоны референдумы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 10-æм статьяйæ къухдариуæг кæнгæйæ, иумиаг æмбырды æркаст Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент референдум снысан кæнгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы, «Республикæ Хуссар Ирыстоны реформæйы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны развæлгъау банысангонд домæнтæ æххæст куыд æрцыдысты, уый сбæрæг кæныны хъуыддагмæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Тæрхондоны Президиумы Сæрдар Хуыгаты И. хъусинагмæ, æмбырдмæ хуынд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы минæвар Гобозты В. æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон Æвзарæн Къамисы минæвар Бестауты Т. раныхæстæм  байхъусгæйæ, æрбавдисгæ документтæ сахуыр кæнгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Тæрхондон

Сфидар кодта:

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Тæрхондонмæ барвыста «Республикæ Хуссар Ирыстоны референдум снысан кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты барамынды проект, Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынады цы домæнтæ ис, уыдон æххæст кæныныл контроль кæныны нысанæн.

Барамынды проектмæ гæсгæ, 2017 азы 9 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент снысан кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны референдум ахæм фарстимæ: «Разы стут Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 1-æм статьяйы 1-æм хаймæ ивындзинæдтæ бахæссыныл, ахæм редекцийæ йæ ныффысгæйæ:

«1. Республикæ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Алани у суверенон демократон барадон паддзахад, кæцы арæзт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы хæдуагæвæрды фæстиуæгæн.

Нæмттæ «Республикæ Хуссар Ирыстон» æмæ «Паддзахад Аланийæн» ис иу  нысаниуæг».

Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 92-æм статьяйы 3-æм хай, Конституцийы «Конституцион арæзты бындуртæ»-йы I сæры уагæвæрд, «Адæймаджы æмæ æмбæстаджы бартæ, сæрибардзинад æмæ хæслæвæрдтæ»-йы II сæр æмæ «Конституцион барасткæнинæгтæ æмæ Конституцимæ ногæй æркæсын»-ы IX сæр ивд цæуынц æрмæстдæр референдумы фæстиуджытæм гæсгæ.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны референдумы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 3-æм статьяйы 1-æм пунктмæ гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны референдумы æнæмæнгхъæуæг фæткмæ гæсгæ хаст цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны ног Конституци райсыны, Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы I,  II æмæ IX сæрты ивындзинæдты тыххæй фарст.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьяйы  16-æм пунктмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент нысан кæны референдум Конституцион закъоны фæткмæ гæсгæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 7-æм статьяйы  2-æм пунктмæ гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны референдум ауадзын у Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты инициативæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Контитуцийы I, II æмæ IX сæртæм ивындзинæдтæ бахæсгæйæ.

Уæлдæр куыд банысан чындæуыд, афтæмæй Президиум нымайы, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты рахæсгæ инициативæ ныхмæвæрд нæу «Республикæ Хуссар Ирыстоны референдумы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 7-æм статьяйы 2-æм дæлпунктæн, сразыгонд æрцæудзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбартимæ, кæцытæ нысан цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьямæ гæсгæ.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æвзæрстыты барты сæйраг гарантитæ æмæ референдумы хайад райсыны барты тыххæй»  Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 13-æм статьяйы 1-æм пунктмæ гæсгæ референдум уагъд нæ цæуы хæстон кæнæ уæлвæткон уавæрты, кæцы баконд цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл, кæнæ референдум кæм хъуамæ ауагъдæуа, уыцы территорийыл, кæнæ та территорийы уыцы хайыл, афтæ ма хæстон кæнæ уæлвæткон уавæр аивыны фæстæ æртæ мæйы дæргъы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Тæрхондоны Президиум ахæм уавæртæ не сбæрæг кодта.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æвзæрстыты барты сæйраг гарантитæ æмæ референдумы хайад райсыны барты тыххæй»  Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 12-æм статьяйы 5-æм пунктмæ гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны референдуммæ цы фарстытæ хаст цæуынц, уыдон ма хъуамæ къуындæг кæнæ аивой адæймаг æмæ æмбæстаджы иумиагæй нымад бартæ æмæ сæрибардзинад, уыцы бартæ æмæ сæрибардзинады реализацийы конституцион гарантитæ. Банысангонд фарстатæ афтæ фыст хъуамæ æрцæуой, цæмæй бирæгъуызонæй æмбæрстгонд ма цæуой.

Уыцы 12-æм статьяйы 6-æм пунктмæ гæсгæ, референдуммæ цы фарст хаст цæуы, уый афтæ фыст хъуамæ æрцæуа, цæмæй ын лæвæрд цæуа æрмæстдæр иунæг нысаниуæгджын дзуапп.

Президиум афтæ нымайы, æмæ 2017 азы 9 апрелы референдум ауадзыны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты инициативæ, кæцы фыст æрцыд барамынды проекты,  дзуапп дæтты архайæг закъондæттынады домæнтæн. Уæлдæр куыд банысан чындæуыд, афтæмæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны референдумы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 10-æм статьяйæ æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны тæрхонарæзты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 24-æм статьяйы 8-æм пунктæй къухдариуæг кæнгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Тæрхондоны Президиум

УЫНАФФÆ КÆНЫ:

  1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцимæ, «Республикæ Хуссар Ирыстоны референдумы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъонмæ, афтæ ма «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æвзæрстыты барты сæйраг гарантитæ æмæ референдумы хайад райсыны барты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъонмæ гæсгæ, æмбæлоныл нымад æрцæуæд «Республикæ Хуссар Ирыстоны референдум снысан кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты барамынды проект ахæм фарстимæ:

«1. Республикæ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Алани у суверенон демократон барадон паддзахад, кæцы арæзт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы хæдуагæвæрды фæстиуæгæн.

Нæмттæ «Республикæ Хуссар Ирыстон» æмæ «Паддзахад Аланийæн» ис иу  нысаниуæг».

  1. Ацы уынаффæйыл хъаст гæнæ нæй, йæ тыхы цæуы æвæстиатæй, расидт куы æрцыд, уыцы бонæй æмæ йæ хъæуы æвæстиатæй ныммыхуыр кæнын.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Тæрхондоны Президиумы Сæрдар Хуыгаты И.

2017 азы 6 февраль

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.