Президент Тыбылты Леонид уыд РЦИ-Аланийы Хуссар Ирыстоны минæварады.

Президентæн уыд ныхас минæварады коллектив æмæ нæ минæвар Санахъоты Морисимæ.

Фембæлды рæстæджы Тыбылты Леонид фехъусын кодта, нæ минæвар Санахъоты Морисæн президенты барамындмæ гæсгæ лæвæрд кæй æрцыд Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын æрвыст лæджы ном.

Дарддæр дзырд цыд Цæгат Ирыстоны Хуссар Ирыстоны минæварады куыстмæ хауæг фарстытыл.

«Нæ минæварады куыст ахъаз у Цæгат Ирыстон, Цæгат Кавказы æндæр республикæтимæ æмæ Уæрæсейы хуссар хаимæ бастдзинæдтæ фидар кæнынæн. Уымæн æндæргъуызон уæвæн дæр нæй. Уæрæсеимæ махæн ис партнерон ахастытæ, æмæ махæн абон нæ бон у ныфсджынæй зæгъын, уникалон кæй сты. Нæ минæварад, минæварады кусджытæ хъуамæ кусой уыцы амындтыты фæлгæтты, кæцытæ сын лæвæрд æрцыдысты нæ бæстæты фæсарæйнаг  хъуыддæгты министрадты ‘рдыгæй», – загъта Тыбылты Леонид.

Санахъоты Морис бузныг загъта Президентæн, йæ куыстæн ын стыр аргъ кæй скодта, уый тыххæй, æмæ банысан кодта, Президент ын ногæй цы ном радта, уый йæ разæнгард кæй кæндзæн йæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ.

«Мах æххæст кæнæм, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хаххыл нæм æрвыст чи цæуы, уыцы хæстæ. Махæн æнгом бастдзинæдтæ ис, Цæгат Ирыстоны Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæварадимæ. Куыст цæуы бынæттон хицауады органтимæ. Скъуыддзаг кæнæм, Цæгат Ирыстоны территоримæ не ‘мбæстæгтæй чи æрбацæуы, уыдонимæ баст фарстытæ, уадзæм семæ консультацитæ.

«Мах минæварады фадыгмæ хауæг иунæг æмбæстаг дæр нæ баззайы æнæ хъусдардæй, стыр куыст цæуы студенттимæ. Уыдонмæ фæзыны ахуыримæ, арæны сæрты ахизынимæ баст фарстытæ», – загъта уый.

Санахъойы фырт ныфс бавæрдта, Цæгат Ирыстоны нæ официалон минæварад йæ фадыджы фæлгæтты кæй æххæссы Цæгаткавказаг федералон фадыгыл, æмæ дарддæр дæр йæ куыст кæндзæн, иумæйаг фарстытæ скъуыддзаг кæнгæйæ.

 

РХИ-йы Президенты

 официалон сайт 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.