24 марты Женевæйы уагъд æрцыд ИНО-йы Адæймаджы барты фæдыл Советы 34-æм сесси, цыран райст æрцыд резолюци ахæм номимæ «Æмгуыстад Гуырдзыстонимæ». Резолюцийы æвдыст цæуы бынтондæр æнæбындур катайдзинад «Хуссар Ирыстоны Адæймаджы барты æмæ гуманитарон уавæры» тыххæй, афтæ ма йæ территоримæ дунеон хъусдарджытæн сæ бон бафтын кæй нæу, уый фæдыл дæр, документ бацæттæ кодта æмæ йæ сессимæ бавдыста Гуырдзыстон.

«Бынтондæр æмбæрстгонд нæу, ИНО-йы Адæймаджы барты фæдыл совет Гуырдзыстонимæ æмгуыстады фæлгæттæм цы хуызы бакодта Хуссар Ирыстоны, фæлæ æнæбанысангæнгæ нæй, Хуссар Ирыстоны мидполитикон цауты фæдыл гуырдзиаг проектты æнæхъæн сери кæй фæцис радон провокацийæ, кæцыйы демонстративон æгъдауæй бацæттæ кодтой 28 мартмæ – Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы радон раунды райдианмæ», – фехъусын кодта РХИ-йы

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар.

Хъыгагæн, зæгъын æмбæлы, ныр та ацы провокацимæ баконд æрцыд цытджын дунеон организаци, кæцы нæ батыхст, цæмæй йæхæдæг базонгæ уыдаид Хуссар Ирыстоны хъуыддæгты æцæг уавæримæ æмæ фагыл банымадтой, Гуырдзыстоны кæй нынныв кодтой æмæ æцæгдзинадмæ æввахс чи нæ лæууы, уыцы нывы.

Йæ ныхæстæм гæсгæ гуырдзиаг реваншизмæн хъуыддæгтæм ахæм политизацигонд, иуварсон ахаст Хуссар Ирыстонæн бынтондæр райсинаг нæу. Дунеон æмæхсæнад хъуамæ йæ хъусдард аздæхтаид, уыдæттæ кæй цæуынц/ уыцы фоны Женевæйаг дискусситы форматы Гуырдзыстоны минæвæрттæ бирæ азты дæр-гъы куынæ разы кæнынц тыхæй ма спайда кæныны тыххæй иумиаг документыл къух æрфыссыныл.

«Хуссар Ирыстон у дунеон барады субъект æмæ къорд хатты хъусын кодта, цæттæ кæй у дунеон организацитимæ æмгуыстадмæ, кæд æмæ уыцы æмгуыстад æххæст цæудзæн Гуырдзыстон æмæ йæ проблемæтæй хицæнæй. Дунеон æмæхсæнадæн æрмæстдæр уæд суыдзæн йæ бон, гуырдзиаг пропагандистон штамптæ сын кæй ныббæттынц, ахæм нæ фæлæ объективон аргъ скæнын Хуссар Ирыстоны хъуыддæгты уавæрты тыххæй, уыцы ны-мæцы адæймаджы барты къабазы дæр», – загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны æддаг-политикон ведомствойы минæвар.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.