Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды бахæсмæ гæсгæ республикæйы Президенты цур Сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджын Козаты Гульнарæ уазæджы хуызы хайад райста Уæрæсейы Федерацийы субъектты Сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджынты XIII съезды куысты. Съезд уыд 16-17 майы Ростовы.

И А «Рес»-æн Козаты Гульнарæ куыд радзырдта, афтæмæй съезды хайад райсынмæ хуынд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Президенты цур Сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджын Павел Астаховы фæндонмæ гæсгæ.

«Хуссар Ирыстоны Президенты цур Сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджыны бынат фыццаг хатт баконд кæй æрцыд, уымæ гæсгæ, сывæллæтты проблемæтимæ баст цыфæнды мадзæлттæ дæр махæн тынг ахсджиаг сты, уымæн æмæ мах хъæуы фæл-тæрддзинад райсын, æмбæлон куысты тыххæй æмбырд кæнæм методикон æрмæг», – радзырдта уый.

Съезды дзырд цыд Уæрæсейы Федерацийы æнахъом сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны фарстатыл. Ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныны фæдыл равдыстæуыд регионты фæлтæрддзинад.

Ацы проблематикæйы тыххæй дзургæйæ, Козаты Гульнарæ банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы иуæй-иу регионтимæ абаргæйæ, Хуссар Ирыстоны уыцы проблемæ афтæ карз нæу. Куыдфæндыйæ дæр, Сывæллоны барты фæдыл æххæст-барджын дæр, куыд иннæ ведомствотæ æмæ организацитæ, кæцытæ бæрндзинад хæссынц сы-вæллæтты царды æмæ æнæниздзинады тыххæй, йæ хъус хъуамæ дара, цæмæй æнахъом пациенттæ рæстæгыл исой гъæдджын медицинон æххуыс.

Хуссар Ирыстоны Президенты цур сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджын Козаты Гульнарæйы Павел Астахов официалонæй базонгæ кодта Президиумæн, съезды хайадисджытæ æмæ уазджытæн, æмæ уыимæ иумæ банысан кодта Уæрæсейы Феде-рацийы хæларадон ахаст Хуссар Ирыстонмæ. Уый сæрмагондæй бахахх кодта, цæттæ кæй у сывæллæтты бартæ æмæ сæрибардзинæдтæ бахъахъхъæныны фарстаты фæдыл цыфæндыхуызон консультативон æмæ методикон æххуыс бакæнынмæ.

«Айстой нæ тынг æхсызгонæй», – йæ ныхасмæ ма бафтыдта Козаты Гульнарæ.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, номхуындæй Павел Астаховы бафæндыд, цæмæй Хуссар Ирыстоны бакондæуыдаид Президенты цур Сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджыны куысты бынат.

«Президент Тыбылты Леонид, кæцы сывæллæтты проблемæтæ скъуыддзаг кæнын нымайы паддзахадон хицауиуæгады алы органы приоритетыл, хорзыл банымадта уыцы фæндон æмæ Президенты цур Сывæллоны барты фæдыл  æххæстбарджыны куысты бынат баконд æрцыд нæ республикæйы дæр», – банысан кодта уый.

Кæронбæттæны Козаты Гульнарæ банысан кодта, зæгъгæ, Павел Астаховы бафæндыд, цæмæй Хуссар Ирыстоны Президенты цур Сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджын хайад иса дарддæры съездты дæр. Уыдон уагъд цæуынц дыууæ азы иу хатт, уынаффæ кæнынмæ раразмæ æрцæуынц алыгъуызон фарстатæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.